1 Kings 18
Илийа лӕууы паддзахы раз
1Уӕдӕй фӕстӕмӕ рацыди дыууӕ азӕй фылдӕр. Ӕмӕ иуахӕмы Дунедарӕг Илийайӕн загъта: «Паддзах Ахавмӕ бацу, ӕмӕ Ӕз къӕвда ратдзынӕн зӕххӕн». 2Илийа араст ис Ахавмӕ, цӕмӕй йӕ разы ӕрлӕууа. Ныр Самарийы та скодта ӕвирхъау стонг заман. 3Ахав йӕ галуаны уагдар Овадиамӕ басидт. (Уый зӕрдиагӕй аргъуыц кодта Хуыцауӕн. 4Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Овадиа ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ пехуымпары ӕмӕ сӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхста. Уырдӕм сын хаста хӕринаг ӕмӕ дон.) 5Ӕмӕ Ахав Овадиайӕн загъта: «Нӕ бӕстӕйы суадӕттӕ ӕмӕ къададӕттыл ӕрзилӕм, кӕд сӕ рӕбынты искуы кӕрдӕджы хал разынид ӕмӕ нӕ бӕхтӕ ӕмӕ нӕ хӕргӕфсыты фервӕзын кӕниккам, нӕ фосӕй дӕр нӕ ӕргӕвдын кӕд ницы бахъӕуид». 6Цы зӕххыл ӕрзилинаг уыдысты, уый се’хсӕн адих кодтой, ӕмӕ Ахав иуӕрдӕм ацыд, Овадиа та — ӕндӕрӕрдӕм. 7Овадиа йӕ фӕндагыл иу цасдӕр куы ауад, уӕд ыл амбӕлдис Илийа, йӕ ныхмӕ ӕрбацӕйцыд. Овадиа зӕххыл ныддӕлгом йӕ разы ӕмӕ загъта: «Уый ды дӕ, ме’лдар Илийа?» 8Уый йын дзуапп радта: «Цу ӕмӕ дӕ хицауӕн зӕгъ, Илийа, зӕгъ, ам ис!» 9Овадиа йын тарстхуызӕй афтӕ: «Цӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕн ӕз, дӕ цагъар, ӕмӕ мӕ Ахавы амӕттаг бакӕнай? Амардзӕни мӕ. 10Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй! Иу адӕм, иу паддзахад дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ мӕ хицау дӕу агурӕг кӕдӕм нӕ арвыста. Куы-иу ын загътой дӕуӕй, махмӕ нӕй, зӕгъгӕ, уӕд-иу ард бахӕрын кодта уыцы ӕмӕ уыцы адӕмӕн кӕнӕ уыцы ӕмӕ уыцы паддзахӕн, уыдонмӕ кӕй нӕ разындтӕ, ууыл. 11Ды та мын афтӕ зӕгъыс, цу ӕмӕ дӕ паддзахӕн зӕгъ, Илийа ам ис, зӕгъгӕ. 12Ӕз ардыгӕй куы ацӕуон, уӕд дӕу, чи зоны, Дунедарӕджы Уд ахӕсса, кӕдӕм, уый нӕ зонын. Ӕмӕ Ахавӕн куы зӕгъон дӕу тыххӕй, ӕмӕ дӕ уый куы не ссара, уӕд мӕ амардзӕн. Ӕз та, дӕ цагъар, ме’взонгӕй нырмӕ дӕр Хуыцауӕн аргъуыц кӕнын. 13Ау, ничи дын фехъусын кодта, ме’лдар, ӕз цы бакодтон, уый? Иезавел Дунедарӕджы пехуымпарты марын куы райдыдта, уӕд сӕдӕ пехуымпары дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзгӕйттӕй фӕйнӕ лӕгӕты бамбӕхстон ӕмӕ сын уырдӕм хӕрд ӕмӕ нозт хастон. 14Ды та мын афтӕ зӕгъыс, цу ӕмӕ дӕ хицауӕн зӕгъ, Илийа ам ис, зӕгъгӕ. Ахавӕн уый куы зӕгъон, уӕ мӕ ӕнӕ амаргӕ нал ныууадздзӕн!» 15Илийа йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Сомы дын кӕнын Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, абон мӕхи равдисдзынӕн Ахавмӕ».Илийа адӕммӕ Кармелы хохмӕ сиды
16Овадиа ацыд Ахавмӕ ӕмӕ йын Илийайы тыххӕй куы фехъусын кодта, уӕд уый ӕвӕстиатӕй йӕ размӕ араст. 17Илийайы куы ауыдта, уӕд ын загъта: «Уый ды дӕ, Израилы адӕмы бӕллӕхы чи баппӕрста, уый?» 18Илийа йын дзуапп радта: «Израилы адӕмы ӕз нӕ баппӕрстон бӕллӕхы, фӕлӕ ды ӕмӕ дӕ мыггаг, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытыл уӕхи кӕй атигъ кодтат ӕмӕ Баалтӕм кувын кӕй байдыдтат, уый тыххӕй. 19Ныр цу ӕмӕ мын Кармелы хохы сӕрмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы, стӕй Баалы цыппарсӕдӕ фӕндзай пехуымпары, ноджы ма, Иезавелы хардзӕй йӕ гуыбын чи ӕфсады, уыдоны — Ашерӕйы цыппарсӕдӕ пехуымпары». 20Ахав Израилы адӕммӕ дӕр ӕмӕ ацы пехуымпартӕм дӕр фӕдзурын кодта Кармелы хохы сӕрмӕ. 21Илийа адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Уӕ дыууӕ къахӕй ма бирӕ къуылых цӕудзыстут, цас ракӕ-бакӕ кӕнут? Кӕд Дунедарӕг у уӕ Хуыцау, уӕд Уымӕн кувут, кӕд Баал, уӕд та — уымӕн!» Адӕмӕй хъыпп-сыпп ничи сфӕрӕзта. 22Илийа сын загъта: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ма иунӕг ӕз баззадтӕн, Баалы пехуымпартӕ та цыппарсӕдӕ фӕндзай сты. 23Гъемӕ дыууӕ уӕныджы ӕрбакӕнут. Баалы пехуымпартӕ дзы сӕхицӕн иу равзарӕнт, суӕнгтӕ йӕ кӕнӕнт ӕмӕ йӕ афтӕмӕй сугты уӕлӕ сӕвӕрӕнт, ӕрмӕст арт ма бандзарӕнт. Ӕз дӕр иннӕ уӕныджы ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн, сугты уӕлӕ йӕ сӕвӕрдзынӕн, фӕлӕ арт нӕ бандзардзынӕн. 24Уӕд-иу Баалы пехуымпартӕ сӕ хуыцаумӕ йӕ номӕй хъӕрӕй фӕсидӕнт, ӕз дӕр Йӕ номӕй хъӕрӕй фӕсиддзынӕн Дунедарӕгмӕ, мӕ Хуыцаумӕ. Ӕмӕ сӕ дыууӕйӕ арт чи ратта, уый уыдзӕни Хуыцау». Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Фӕуӕд афтӕ!»Кӕцы Хуыцау ӕркалдзӕни арт уӕларвӕй?
25Илийа загъта Баалы пехуымпартӕн: «Бирӕ стут ӕмӕ уал сымах райдайут. Уӕнгуытӕй иу равзарут, ӕрцӕттӕ йӕ кӕнут ӕмӕ уӕ хуыцаумӕ йӕ номӕй хъӕрӕй фӕсидут, ӕрмӕст арт ма бандзарут». 26Уыдон сӕ нывондаджы ӕрцӕттӕ кодтой ӕмӕ райсомӕй сихормӕ Баалмӕ йӕ номӕй хъӕрӕй сидтысты, Баал, фехъус нӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ кувгӕ-кувын сӕ нывондхӕссӕны алыварс гӕппытӕ кодтой ӕмӕ кафыдысты. Фӕлӕ сӕм иу сым дӕр ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуысти. 27Сихорафон сӕ Илийа хынджылӕг кӕнын байдыдта: «Тынгдӕр хъӕр кӕнут, хуыцау уын куы у! Уӕд та йӕ хъуыдыты аныгъуылд, хъуыддаджы лӕуд у, фӕндагыл ис кӕнӕ фынӕй кӕны? Райхъал ӕй кӕнут!» 28Ӕмӕ хъӕрахст самадтой. Се’гъдаумӕ гӕсгӕ ма суанг кӕрдтӕ ӕмӕ ӕрцытӕй дӕр сӕхи рӕхуыстой, ӕмӕ сӕ туг лӕсӕнтӕ кодта сӕ уӕлӕ. 29Сихорафон аивгъуыдта, адон та се’рра митӕй изӕрыгон нывонд хӕссыны афонмӕ дӕр нӕма банцадысты. Фӕлӕ сӕм иу сым ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуыст, хъуыды дӕр сӕ ничи ӕркодта. 30Уӕд Илийа адӕмӕн загъта: «Ӕввахс-ма мӕм ӕрбалӕуут!» Ӕмӕ йӕм сӕхи ӕрбаввахс кодтой. Илийа бавнӕлдта Дунедарӕджы пырх нывондхӕссӕн ногӕй саразынмӕ. 31Дунедарӕг, Израил уыдзӕни дӕ ном, зӕгъгӕ, кӕмӕн загъта, уыцы Йаковы фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ Илийа дыууадӕс дуры райста 32ӕмӕ дзы Дунедарӕджы номыл сарӕзта нывондхӕссӕн, йӕ алыварс та йын, дыууӕ мӕрты бӕрц хор кӕм бацӕуа, ахӕм уӕрм скъахта. 33Уый фӕстӕ нывондхӕссӕныл сугтӕ равӕрдта, уӕныджы суӕнгтӕ кодта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй сугты уӕлӕ сӕвӕрдта 34ӕмӕ загъта: «Цыппар дурыны дзаг дон ауадзут иууылсудзинаг нывондыл ӕмӕ сугтыл». Стӕй ма сыл ноджыдӕр дыууӕ хатты фӕйнӕ уый бӕрцы дон рауадзын кодта. 35Дон нывондхӕссӕны алыварсмӕ ӕркалди ӕмӕ къахт донӕй байдзаг ис. 36Изӕры нывонд хӕссын афон пехуымпар Илийа нывондхӕссӕнмӕ бацыд ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Израилы Хуыцау! Ацы бон иууылдӕр базонӕнт, Ды Израилӕн иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, ӕз та Дӕ лӕггадгӕнӕг кӕй дӕн ӕмӕ ацы хъуыддаг иууылдӕр Дӕ дзырдӕй кӕй бакодтон, уый. 37Фехъус мӕ, Дунедарӕг, фехъус мӕ! Ацы адӕм базонӕнт, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ та сын сӕ зӕрдӕ Дӕхи’рдӕм кӕй раздахдзынӕ, уый». 38Уыйадыл Дунедарӕг арвӕй ӕркалдта арт, ӕмӕ уыцы арт бахордта канд иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ сугтӕ нӕ, фӕлӕ дуртӕ дӕр, нывондхӕссӕны алыварс сыджыт дӕр ӕмӕ, къахты цы дон уыди, уый дӕр. 39Уый фенгӕйӕ, адӕм иууылдӕр ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ загътой: «Дунедарӕг — нӕ Хуыцау! Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!» 40Илийа сын загъта: «Баалы пехуымпарты ӕрцахсут, иу дӕр сӕ куыннӕ аирвӕза, афтӕ». Ӕрцахстой сӕ, ӕмӕ сӕ Илийа Кишоны мӕсчъы донмӕ акодта ӕмӕ сӕ уым амарын кодта.Хус рӕстӕджы кӕрон
41Илийа Ахавӕн загъта: «Цу, хӕр ӕмӕ нуаз! Ныр мӕ хъустыл къӕвдайы уынӕр уайы». 42Ӕмӕ Ахав минас кӕнынмӕ ацыд, Илийа та Кармелы хохмӕ ссыди, зӕхмӕ ӕргуыбыр кодта, йӕ сӕр йӕ уӕрджыты’хсӕн бакодта 43ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: «Цу-ма, денджызы’рдӕм акӕс». Уый ацыд, афӕлгӕсыд ӕмӕ загъта: «Ницы дзы зыны». Афтӕ йӕ Илийа арвыста авд хатты. 44Ӕвдӕм хатт ӕй куы арвыста, уӕд ын йӕ лӕггадгӕнӕг загъта: «Денджызы’рдыгӕй армытъӕпӕны йас мигъ ссӕуы». Илийа йын загъта: «Цу ӕмӕ Ахавӕн фехъусын кӕн: дӕ уӕрдон, зӕгъ, сифтындз ӕмӕ хӕдзармӕ фӕтагъд кӕн, цалынмӕ дӕ къӕвда нӕ раййӕфта, уӕдмӕ». 45Ахав ӕвӕстиатӕй йӕ уӕрдоны абадт ӕмӕ Изреелмӕ ацыди. Уалынмӕ дымгӕ ӕрбахаста мигътӕ, ӕмӕ тӕрккъӕвда ныккалдта. 46Ныр Илийайыл та Дунедарӕг йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ уый йӕ фӕччитӕ йӕ роны атъыста ӕмӕ Ахавы уӕрдоны разӕй суанг Изреелы онг фезгъордта.
Copyright information for
OssIBT2022