‏ 1 Kings 19

Илийа Хоревы хохыл

1Ахав Иезавелӕн радзырдта, Илийа цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕттӕ, стӕй, пехуымпарты се’ппӕты дӕр карды амӕттаг кӕй бакодта, уый. 2Ӕмӕ Иезавел Илийамӕ арвыста йӕ минӕвары, афтӕ йын зӕгъынмӕ: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, ды пехуымпартӕн куыд бакодтай, афтӕ ӕз дӕр дӕуӕн райсом ацафон куынӕ бакӕнон».

3Илийа йӕ удӕн фӕтарсти уыцы ӕртхъирӕнӕй ӕмӕ алыгъд. Иудейаг сахар Беер-Шевӕмӕ куы ныххӕццӕ, уӕд уым йӕ лӕггадгӕнӕджы ныууагъта, 4йӕхӕдӕг дарддӕр ахӕцыд ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры иу бонцауы бӕрц куы бауади, уӕд уым иу ран ӕхсӕлыйы къутӕры бын ӕрӕнцад ӕмӕ мӕлӕт куырдта йӕхицӕн: «Ӕгъгъӕд мын фӕуӕд, Дунедарӕг! Мӕ бон нал у, айс мын мӕ уд! Ӕз дӕр мӕ фыдӕлтӕй хуыздӕр куынӕ дӕн». 5Ӕхсӕлыйы бын ӕрхуыссыд ӕмӕ бафынӕй. Уӕд ӕм зӕд ӕргом рацыди, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Уӕлӕмӕ сыст, бахӕр». 6Илийа аракӕс-бакӕс кодта ӕмӕ йӕ нывӕрзӕны цур ауыдта зынджытыл фых лауаси ӕмӕ дурыны дзаг дон. Бахордта, бануӕзта ӕмӕ та фӕстӕмӕ бафынӕй. 7Уӕд та йӕм Дунедарӕджы зӕд дыккаг хатт рацыд, бандзӕвыд ыл ӕмӕ та йын загъта: «Сыст ӕмӕ уал хӕргӕ бакӕн — дард фӕндагыл цӕугӕ дын у». 8Илийа сыстади, бахордта ӕмӕ бануӕзта. Уыцы хӕрд-нозт ын уыйас ахъаз фӕцис, ӕмӕ фӕцыди дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы, цалынмӕ Хуыцауы хохмӕ, Хоревмӕ, бахӕццӕ ис, уӕдмӕ. 9Уым лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодта. Ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕджы ныхас хъусы: «Ам цы кусыс, Илийа?» 10Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый фехӕлдтой, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕг ӕз ма дзы баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».

Дунедарӕджы фӕдзӕхст Илийайӕн

11Дунедарӕг ын загъта: «Ӕддӕмӕ рацу ӕмӕ хохы сӕрыл Дунедарӕджы раз ӕрлӕуу!»

Уалынмӕ тӕссаг ӕмӕ тыхджын дымгӕ сыстад, ӕмӕ хӕхтӕ фаркгай фӕхаудысты, къӕдзӕхтӕ базгъӕлӕнтӕ сты, фӕлӕ Дунедарӕг дымгӕйы мидӕг нӕ разынд. Уый фӕстӕ зӕхх нынкъуысти, фӕлӕ уым дӕр нӕ разынди Дунедарӕг.
12Зӕххӕнкъуысты хӕдуӕлвӕд ссыгъди пиллон арт, фӕлӕ уый мидӕг дӕр нӕ разынди Дунедарӕг. Фӕлӕ арт куы ахуыссыд, уӕд ӕрыхъуысти ӕдзӕм ӕмӕ фӕлмӕн хъӕлӕс.

13Илийа йӕ куы айхъуыста, уӕд йӕ пӕлӕзӕй йӕ цӕсгом ӕрбамбӕрзта, афтӕмӕй рацыд ӕмӕ лӕгӕтмӕ бацӕуӕны ӕрлӕууыд. Цавӕрдӕр хъӕлӕс ӕй бафарста: «Ам цы архайыс, Илийа?» 14Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд, удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм фехӕлдтой, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты та Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕгӕй баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой». 15Дунедарӕг ын загъта: «Аздӕх фӕстӕмӕ Дамаскы ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕмӕ куы бахӕццӕ уай, уӕд-иу уым Хазаелы байсӕрд ӕмӕ йӕ скӕн Сирийы паддзах. 16Уый фӕстӕ-иу байсӕрд Нимшийы фырт Йегуйы, ӕмӕ йӕ скӕн Израилы паддзах. Авел-Мехолӕйаг Шафаты фырт Елисейы дӕр-иу байсӕрд ӕмӕ йӕ пехуымпар скӕн дӕ бӕсты. 17Хазаелы кардӕй чи аирвӕза, уый йӕ мӕлӕт ссардзӕн Йегуйы къухӕй, Йегуйы кардӕй чи аирвӕза, уый та йӕ мӕлӕт ссардзӕн Елисейы къухӕй. 18Ӕцӕг, Израилы адӕмӕй авд мин лӕджы ныууадздзынӕн сӕрӕгасӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй ничи ӕрзоныг кодта Баалы раз, ничи йын аба кодта йӕ гуымирыйӕн».

19Илийа Хоревы хохӕй куы ӕрхызт, уӕд амбӕлди Шафаты фырт Елисейыл. Уый галты дыууадӕс цӕдыл хуым кодта, йӕхӕдӕг та цыди дыууадӕсӕмы фӕдыл. Илийа йӕ цурты куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл йӕ пӕлӕз баппӕрста, 20ӕмӕ уыйадыл Елисей фӕуагъта йӕ галтӕ, Илийайы фӕдыл азгъордта ӕмӕ йӕм бахатыд: «Бар мын ратт, ӕмӕ ма мӕ мад ӕмӕ мӕ фыдӕн хӕрзбоны охыл аба кӕнон, стӕй рацӕудзынӕн дӕ фӕдыл». Уый йын загъта: «Цу, фӕлӕ дӕ ма ферох уӕд, цы дын бакодтон, уый! Фӕстӕмӕ-иу мӕм раздӕх».

21Елисей йӕ галтӕм бацыд ӕмӕ дзы дыууӕйы акусарт кодта. Уый фӕстӕ сын се’фсондз сугӕн ныссаста ӕмӕ кусӕрттӕгтӕ сфыхта, дзидзатӕ та адӕмыл байуӕрста, ӕмӕ фӕминас кодтой. Елисей йӕхӕдӕг та араст Илийайы фӕдыл ӕмӕ йын лӕггад кодта.
Copyright information for OssIBT2022