1 Kings 2
Давиды ныстуан Соломонӕн
1Давид мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕн бафӕдзӕхста: 2«Алы зӕххонау ныр ӕз дӕр цӕуинаг дӕн мӕ фӕстаг балцы. Ӕмӕ дын фӕдзӕхсын, фидар лӕуу, дӕ лӕгдзинад макуы фесаф! 3Ма рох кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, домӕнтӕ, Йӕ амынд фӕндӕгтыл цу. Ӕххӕст Ын кӕн Йӕ уагӕвӕрдтӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ амындтытӕ ӕмӕ Йӕ уынаффӕтӕ, Моисейы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ. Уӕд дын фадат фӕуыдзӕни, цӕмӕй дӕ къухы ӕфтой алы хъуыддаг, алы фӕнд дӕр. 4Уӕд Дунедарӕг сӕххӕст кӕндзӕн, зӕрдӕ мын цӕмӕй бавӕрдта, уый: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы цӕуой, Мӕ сӕраппонд сӕ уд, сӕ зӕрдӕ рӕстаг хъуыддӕгтӕ кӕныныл куы хъарой, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы бадӕны“. 5Ноджы ма дын зӕгъын, — дзырдта дарддӕр Давид, — дӕ зӕрдыл дар, иу хатт мын Церуайы фырт Йоав цы бакуыста, Израилы ӕфсады дыууӕ фӕтӕджы — Неры фырт Авнеры ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — куыд амардта, уый. Фидыды заман ныккалдта туг, цыма хӕсты заман уыд, афтӕ ӕмӕ уыцы тугӕй самӕста йӕ рон ӕмӕ йӕ къахыдарӕс — фӕчъизи кодта йӕ хӕстон намыс. 6Ды куырыхон лӕг дӕ ӕмӕ йын, цы’мбӕлы, уый бакӕн, йӕ урс сӕр ын мӕрдтыбӕстӕм, йӕхи мӕлӕтӕй амӕлгӕйӕ, ма бауадз. 7Ӕрмӕст-иу галаадаг Барзиллайы фырттӕм хӕлар цӕстӕй ракӕс. Демӕ ӕмвынг чи уа, уыдоны’хсӕн сын бынат уӕд. Уымӕн ӕмӕ, кӕддӕр де’фсымӕр Авессаломӕй куы алыгътӕн, уӕд уыдон сӕрбахъуыды рӕстӕг мӕ уӕлхъус ӕрбалӕууыдысты. 8Бахуримы сахарӕй дӕр ма ис иу лӕг — Герайы фырт Шими, Бениамины байзӕддаг. Авессаломы заман Маханаимы’рдӕм куы лыгътӕн, уӕд мӕ тынг ӕлгъыста. Фӕлӕ фӕстӕдӕр фӕсмонгондӕй Иорданы былмӕ мӕ размӕ рацыд, ӕмӕ йын ӕз Дунедарӕгӕй ард бахордтон, нӕ дӕ амардзынӕн, зӕгъгӕ. 9Фӕлӕ ды куырыхон лӕг дӕ, ӕмӕ йӕ ӕнӕ бафхӕргӕ ма ныууадз. Ныр цы зӕры кармӕ бацыд, уымӕй дарддӕр мауал фӕцӕрӕд, йӕ туг ныккӕлӕд ӕмӕ амӕлӕд». 10Давид ацы ныхӕстӕ куы ракодта, уый фӕстӕ бирӕ нал ацард. Куы амарди, уӕд ӕй баныгӕдтой Давиды сахары. 11Дыууиссӕдз азы Давид уыди Израилы паддзах: авд азы паддзахиуӕг фӕкодта Хевроны, ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз азы та — Йерусалимы. 12Ныр йӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны сбадти Соломон. Йӕ паддзахдзинад тынг фидар сси, йӕ ныхмӕ фӕлӕууын никӕй бон уыд.Соломон амарын кодта Адониайы
13Иуахӕмы Соломоны мад Вирсавимӕ ӕрбацыди Хагиты лӕппу Адониа. Вирсави йӕ фӕрсы: «Фарнимӕ ӕрбацыдтӕ?» Уый загъта: «Фарнимӕ. 14Хъуыддаг мӕ ис дӕумӕ». — «Зӕгъ ӕй!» — дзуапп ын радта Вирсави. 15Адониа загъта: «Паддзахдзинад мӕн хъуамӕ уыдаид, уый зоныс. Израилы адӕм мӕм иууылдӕр се’ргом раздӕхтой, мӕнӕ нӕ ног паддзах, зӕгъгӕ. Хъыгагӕн, паддзахдзинад мӕ къухы нӕ бафтыд, Дунедарӕджы фӕндӕй ме’фсымӕры хай баци. 16Фӕлӕ мӕм ныр иу курдиат ис дӕумӕ, ӕмӕ мыл дӕхи ма атигъ кӕн». — «Дзургӕ кӕн!» 17Адониа загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, паддзах Соломонӕн бакой кӕн, ӕмӕ мын шунемаг Авишагы раттӕд усӕн. Дӕ ныхасыл дын дыууӕ нӕ зӕгъдзӕн». 18Вирсави йын дзуапп радта: «Хорз, дӕ курдиат дын паддзахмӕ фӕхӕццӕ кӕндзынӕн». 19Ӕмӕ Вирсави Адониайы тыххӕй паддзах Соломонмӕ бацыд. Паддзах ын фестад, ныллӕг ын акуывта йӕ сӕрӕй ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бадӕны сбадти. Уӕд паддзахы мадӕн дӕр ӕрӕвӕрдтой бадӕн. Уый Соломоны рахизфарс сбадти ӕмӕ загъта: 20«Иу чысыл курдиат мӕм ис, ӕмӕ мын „нӕ“ма зӕгъ». Паддзах ын дзуапп радта: «Зӕгъ дӕ курдиат, мӕ мад, ӕз дӕ зӕрдӕхудты нӕ бацӕудзынӕн». 21Вирсави загъта: «Де’фсымӕр Адониа шунемаг Авишагы куры, ӕмӕ йын ӕй ратт». 22Паддзах Соломон йӕ мадӕн дзуапп радта: «Куыд? Цӕмӕн курыс Адониайӕн шунемаг Авишагы? Ӕххӕст ма йын уӕд паддзахы бадӕн дӕр ракур, уымӕн ӕмӕ мӕ хистӕр ӕфсымӕр у, стӕй сауджын Авиафар дӕр ӕмӕ Церуайы фырт Йоав дӕр йӕ фарс сты!» 23Ӕмӕ паддзах Соломон сомы ракодта Дунедарӕгӕй: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Адониа йӕ уыцы курдиаты тыххӕй мард ӕрцӕудзӕн! 24Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, мӕ фыд Давиды паддзахы бадӕны мӕ Чи сбадын кодта ӕмӕ, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ мын мӕ мыггаг чи сбӕрзонд кодта, Уымӕй: тӕккӕ ацы бон Адониа амӕлдзӕн». 25Паддзах Соломон ӕм арвыста Йеходайы фырт Бенайайы, ӕмӕ йӕ уый амардта.Авиафары бафхӕрд ӕмӕ Йоавы мӕлӕт
26Паддзах сауджын Авиафарӕн загъта: «Цӕугӕ Анатотмӕ, дӕ зӕххы хаймӕ, ӕмӕ уым цӕр! Маринаг дӕ, фӕлӕ дын, мӕ фыд Давиды сӕр нымайгӕйӕ, абон хатыр кӕнын. Уымӕн ӕмӕ кӕддӕр мӕ фыды разӕй хастай Дунедарӕг Хуыцауы Фидыды Чырын, ноджы ма мӕ фыдимӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстай». 27Соломон Авиафары ӕнӕхай фӕкодта йӕ сауджыны куыстӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст ис, кӕддӕр Дунедарӕг Силомы сахары Елиайы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы загъта, уый. 28Уыцы хабар Йоавы хъустыл ӕруад. Амӕй размӕ уый Авессаломы фарсхӕцӕг нӕ уыд, фӕлӕ фӕстӕдӕр Адониайы фарс рахӕцыд. Уымӕ гӕсгӕ ныр Дунедарӕджы цатырмӕ алыгъд ӕмӕ уым нывондхӕссӕны сыкъатыл йӕ къухтӕй ныддӕвдӕг. 29Паддзах Соломонмӕ фӕхабар кодтой, Йоав, дам, Дунедарӕджы цатырмӕ алыгъд ӕмӕ уым нывондхӕссӕны раз лӕууы. Соломон ӕм арвыста Йеходайы фырт Бенайайы, цу ӕмӕ йӕ амар, зӕгъгӕ. 30Бенайа йӕм Дунедарӕджы цатырмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕм бахъӕр кодта: «Ӕддӕмӕ рацу! Паддзах радта бардзырд!» Йоав загъта: «Нӕ рацӕудзынӕн. Уадз ӕмӕ ам амӕлон». Бенайа фӕстӕмӕ паддзахмӕ аздӕхт ӕмӕ йын фехъусын кодта Йоавы дзуапп. 31Паддзах ын загъта: «Гъемӕ йӕхи дзыхӕй цы куры, уый йын бакӕн. Амар ӕй ӕмӕ йӕ баныгӕн. Ӕмӕ дзы афтӕмӕй райс, Йоав кӕй ныккалдта, уыцы ӕнаххос туг, цӕмӕй уыцы туджы азар мӕныл ӕмӕ мӕ фыды хӕдзарыл ӕфтыд ма фӕуа. 32Йӕ азым ын Дунедарӕг сӕвӕрӕд йӕхиуыл, уымӕн ӕмӕ мӕ фыды ӕвастӕй карды амӕттаг бакодта йӕхицӕй рӕстагдӕр ӕмӕ хуыздӕр дыууӕ лӕджы: Неры фырт Авнеры — Израилы ӕфсады хицауы ӕмӕ Йетеры фырт Амасайы — Иудейы ӕфсады хицауы. 33Уыдоны туджы азар баййафӕд Йоавӕн йӕхи сӕр дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты сӕр дӕр мыггагмӕ. Давид ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн та — йӕ байзӕддаг паддзӕхты хӕдзарвӕндагӕн — Дунедарӕг мыггагмӕ фарн балӕвар кӕнӕд!» 34Ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа ногӕй ацыд Йоавмӕ, амардта йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдта йӕ фыдыуӕзӕгыл, ӕдзӕрӕг ран. 35Паддзах Соломон та ӕфсады хицауӕй сӕвӕрдта Йеходайы фырт Бенайайы — Йоавы бӕсты, сауджын та скодта Цадокы — Авиафары бӕсты.Шимийы мӕлӕт
36Уыдӕтты фӕстӕ иуахӕмы паддзах фӕдзурын кодта Шимимӕ ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Йерусалимы дӕхицӕн хӕдзар скӕн ӕмӕ дзы ӕрцӕр, ӕмӕ сахарӕй макуы макӕдӕм равӕр дӕ къах. 37Искуы искӕцырдӕм рабалц кодтай, намӕ Кедроны тӕрфыл бахызтӕ, зӕгъгӕ, уӕд дӕ гуырӕй райгӕ у, уымӕн ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон дӕ мӕлӕт ӕрцыд». 38— «Хорз, — загъта Шими, — ӕз дӕ цагъар дӕн, мӕ паддзах мын куыддӕриддӕр зӕгъа, афтӕ бакӕндзынӕн». Ӕмӕ ӕртӕ азы дӕргъы Шими йӕ къах дӕр никуыдӕм равӕрдта Йерусалимӕй. 39Стӕй дын иуахӕмы рацӕй-рабон, ӕмӕ йӕ дыууӕ цагъары фӕлыгъдысты Гаты паддзахмӕ, Маахайы фырт Ахишмӕ. Уыцы хабар Шимийӕн фехъусын кодтой, 40ӕмӕ уый йӕ хӕрӕгыл саргъ авӕрдта, Ахиш-паддзахмӕ Гаты сахармӕ йӕ цагъарты агурӕг араст ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕрбакодта. 41Шими Йерусалимӕй Гатмӕ кӕй ацыд ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхт, уый Соломонӕн фехъусын кодтой. 42Паддзах Шимимӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын афтӕ нӕ дзырдтон, искӕцырдӕм цы бон акъахдзӕф кӕнай, тӕккӕ уыцы бон дӕ мӕлӕт ссардзынӕ, зӕгъгӕ? Дунедарӕгӕй дын ард нӕ бахӕрын кодтон, ӕмӕ мын афтӕ нӕ загътай, хорз, алцыдӕр бамбӕрстон, зӕгъгӕ? 43Дунедарӕджы раз дӕ ардбахӕрд цӕмӕн фӕсайдтай ӕмӕ мын мӕ фӕдзӕхст цӕуылнӕ сӕххӕст кодтай?» 44Ноджы ма паддзах загъта Шимийӕн: «Тынг дзӕбӕх ӕй зоныс, мӕ фыд Давидӕн цы фыдми сарӕзтай, уый, ӕмӕ дын Дунедарӕг дӕ фыдӕхы азар дӕхи сӕрыл ӕрцӕуын кӕнӕд! 45Паддзах Соломон та арфӕгонд уӕд, Давиды къӕлӕтджын мыггагмӕ дӕр ӕнӕфӕцудгӕ лӕууӕд Дунедарӕджы раз!» 46Ӕмӕ паддзах Йеходайы фырт Бенайайӕн бафӕдзӕхста Шимийы амарын. Уый йӕм бацыд ӕмӕ йӕ амардта. Гъе афтӕ сфидар ис Соломоны паддзахдзинад.
Copyright information for
OssIBT2022