1 Kings 20
Сирийы паддзах Бен-Хадад ӕрхъула кодта йыл
1Сирийы паддзах Бен-Хадад ӕрӕмбырд кодта йе’ппӕт ӕфсад, бӕхтӕ ӕмӕ тохуӕрдӕттӕй ифтонг, ӕмӕ йӕ дӕлбар паддзӕхтӕй ӕртын дыууӕимӕ абырста Самарийы’рдӕм, йӕ ныхмӕ хӕст расидт ӕмӕ йыл ӕрхъула кодта. 2Израилы паддзах Ахавмӕ мидсахармӕ барвыста йӕ минӕвӕртты, 3цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Бен-Хадад афтӕ зӕгъы: де’взист дӕр ӕмӕ дӕ сыгъзӕрин дӕр мӕн сты, дӕ устыты ӕмӕ дӕ фыртты хуыздӕртӕ дӕр — афтӕ». 4Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ уӕд, мӕ паддзах. Цыдӕриддӕр мӕм ис, уыдонимӕ мӕхӕдӕг дӕр дӕу дӕн». 5Уӕд та йӕм ногӕй ӕрбацыдысты минӕвӕрттӕ ӕмӕ загътой: «Бен-Хадад зӕгъы, ратт мын де’взист дӕр ӕмӕ дӕ сыгъзӕрин дӕр, дӕ устыты дӕр ӕмӕ дӕ фыртты дӕр. 6Уый тыххӕй дӕм райсом ацафон барвитдзынӕн мӕ адӕмы, цӕмӕй дын басгарой дӕ галуан ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ, дӕ зӕрдӕйӕн адджын цыдӕриддӕр у, уыдон рахӕссой». 7Уӕд Израилы паддзах фӕдзырдта бӕстӕйы ӕппӕт хистӕртӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбайхъусут-ма, ацы сириаг нын цы фыдбылыз саразинаг у, уымӕ! Мӕ устытӕ ӕмӕ мын мӕ фырттӕм куы ӕрбарвыста, стӕй ме’взист ӕмӕ мӕ сыгъзӕринмӕ, уӕд ын ӕз нӕ, зӕгъгӕ, нӕ загътон». 8Израилы хистӕртӕ ӕмӕ йын сахары адӕм иууылдӕр загътой: «Ма йӕм байхъус! Ма сразы у йемӕ!» 9Ӕмӕ Ахав Бен-Хадады минӕвӕрттӕн загъта: «Мӕ паддзахӕн зӕгъут, фыццаг мӕм цӕй тыххӕй ӕрбарвыстай, уыдон сӕххӕст кӕндзынӕн, ӕрмӕст ацы хъуыддаг саразын мӕ бон нӕу». Минӕвӕрттӕ аздӕхтысты ӕмӕ сӕ паддзахӕн Ахавы дзуапп фехъусын кодтой. 10Уӕд та Бен-Хадад ногӕй ӕрбарвыста Ахавмӕ, цӕмӕй йын зӕгъой: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, мӕ фӕдыл цы адӕм рацыд, уыдонмӕ Самарийы пырхӕнтӕй фӕйнӕ армыдзаджы куы ӕрхауа, уӕд». 11Ууыл Израилы паддзах Бен-Хадады минӕвӕрттӕн загъта: «Мӕ дзуапп ыл сӕмбӕлын кӕнут: дӕхицӕй-иу раппӕл хӕстмӕ цӕугӕйӕ нӕ, фӕлӕ хӕстӕй здӕхгӕйӕ». 12Куы йын ӕй фехъусын кодтой, уӕд йӕ асадӕны йӕ дӕлбар паддзӕхтимӕ минас кодта ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн бардзырд радта: «Сахары ныхмӕ ӕрлӕуут!» Ӕмӕ ӕрлӕууыдысты.Дунедарӕг ауды Йӕ адӕмыл
13Уӕд иу пехуымпар бацыд Израилы паддзах Ахавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: уыныс уыцы ӕнӕнымӕц бардз? Тӕккӕ абон дын ӕй дӕ къухтӕм дӕттын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». 14Ахав ӕй бафарста: «Кӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕн уыцы хъуыддаг?» Пехуымпар загъта: «Бӕстыхицӕутты хотыхдарты фӕрцы. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг». — «Хӕст чи хъуамӕ райдайа?» — бафарста паддзах. «Ды» — дзуапп радта пехуымпар. 15Ахав фӕсидын кодта бӕстыхицӕутты хотыхдартӕм: уыдон нымадӕй разындысты дыууӕсӕдӕ ӕртын дыууӕ. Ноджы ма фӕсидын кодта Израилы иннӕ хӕстхъом адӕммӕ дӕр: уыдоны нымӕц та уыди авд мины. 16– 17Ӕмӕ сихорафон рацыдысты сахарӕй, разӕй бӕстыхицӕутты хотыхдартӕ, афтӕмӕй. Ныр Бен-Хадад та йӕ асадӕны йӕ дӕлбартимӕ, дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз паддзахимӕ, сӕ тӕккӕ цӕл-минасыл уыдысты, тынг барасыг сты. Бен-Хадад арвыста сгарджытӕ, ӕмӕ йын фехъусын кодтой, Самарийӕ адӕм рацӕуынц, зӕгъгӕ. 18Уӕд бардзырд радта: «Кӕд фидауынмӕ рацыдысты, уӕд сӕ уацары райсут, кӕд хӕстӕргомӕй рацыдысты, уӕддӕр сӕ уацары райсут». 19– 20Фӕлӕ сахарӕй цы’фсӕдтӕ рацыд, бӕстыхицӕутты хотыхдартӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсад, уыдон сириӕгтыл лӕгӕй-лӕгмӕ сӕхи ныццавтой ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ ныхмӕлӕууӕджы амардта. Сириаг ӕфсад лидзӕг фӕцис, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ фӕсте асырдтой. Ӕцӕг, Сирийы паддзах Бен-Хадад йӕхӕдӕг аирвӕзти йӕ бӕхыл, йӕ бӕхӕфсадимӕ. 21Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах дӕр абырста сириӕгты бӕхтӕ ӕмӕ тохуӕрдӕтты фӕдыл ӕмӕ сӕ саубыны дӕрӕн ныккодта.Ӕппӕтхъомыс Хуыцау
22Уӕд та пехуымпар Израилы паддзахмӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕрбамбырд кӕн дӕ тыхтӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, дарддӕр дын цы кӕнгӕ у, ууыл, уымӕн ӕмӕ та афӕдзы фӕстӕ Сирийы паддзахы ногӕй ардӕм хъӕуы». 23Арамы паддзах Бен-Хададӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Уыдонӕн сӕ хуыцӕуттӕ хӕхбӕсты хуыцӕуттӕ сты ӕмӕ ныл уый фӕрцы фӕуӕлахиз сты. Быдыры куы схӕцӕм семӕ, уӕд сыл мах дӕр ӕнӕмӕнг фӕтых уыдзыстӕм. 24Мӕнӕ дын нӕ уынаффӕ: дӕ дӕлбар паддзӕхты сис сӕ бынӕттӕй ӕмӕ сын сӕ бӕсты сӕвӕр ӕфсӕддон хицӕуттӕ. 25Ацы хӕсты дӕ ӕфсадӕй, бӕхӕй, бӕхуӕрдонӕй цас фӕхъуыди, уый бӕрц ногӕй ӕрӕмбырд кӕн, ӕмӕ быдыры схӕцӕм семӕ. Ӕнӕмӕнг сыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм». Паддзах сын байхъуыста сӕ уынаффӕмӕ ӕмӕ йын куыд загътой, афтӕ бакодта. 26Иннӕ уалдзӕг та Бен-Хадад Сирийы адӕмы ӕрӕмбырд кодта, скодта ӕфсад ӕмӕ Израилимӕ схӕцынӕввонг ӕрлӕууыд Афекы сахары. 27Израилӕгтӕ дӕр скодтой ӕфсад, семӕ райстой хӕлц ӕмӕ сӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. Сириӕгтӕ бацахстой ӕнӕхъӕн быдыр, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ разы уыдысты сӕгъты дыууӕ чысыл дзуджы хуызӕн. 28Израилы паддзахмӕ ӕрбацыди Хуыцауы минӕвар ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сириӕгтӕ афтӕ кӕй дзурынц, Дунедарӕг быдырты Хуыцау нӕу, фӕлӕ хӕхбӕсты Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый тыххӕй сын се’нӕнымӕц бардз ратдзынӕн уӕ къухтӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый». 29Дыууӕ ӕфсады кӕрӕдзийы ныхмӕ лӕууыдысты ӕхсӕз боны. Ӕвдӕм бон райдыдта хӕст, ӕмӕ израилӕгтӕ иу бонмӕ Сирийы фистӕг ӕфсадӕй ныццагътой сӕдӕ мин лӕджы. 30Иннӕтӕ Афекы сахармӕ бацӕйлыгъдысты, фӕлӕ сыл сахары сис афӕлдӕхт, ӕмӕ авд ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы йӕ быны фесты.Израилы паддзах хатыр кӕны йе знагӕн
Бен-Хадад йӕхӕдӕг сахармӕ балыгъд ӕмӕ фидарӕн йӕ рӕбинагдӕр уаты йӕхи бамбӕхста. 31Йӕ дӕлдӕртӕ йын загътой: «Израилы паддзӕхтӕ хатыргӕнаг вӕййынц, зӕгъгӕ, фехъуыстам. Гъемӕ нын бар ратт, ӕмӕ нӕ астӕутыл ӕрбатухӕм сӕхъистӕ, нӕ хъуыртыл та — синӕгтӕ ӕмӕ афтӕмӕй Израилы паддзахмӕ рацӕуӕм, кӕд дын, мыййаг, ныббарид ӕмӕ дӕ нӕ амарид». 32Ӕмӕ сӕ астӕутыл ӕрбатыхтой сӕхъистӕ, сӕ хъуыртыл та — синӕгтӕ, афтӕмӕй Израилы паддзахмӕ рацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Дӕ цагъар Бен-Хадад дын лӕгъстӕ кӕны, зӕгъгӕ, ныббар мын, ма мӕ амар». Уый сын загъта: «Ӕмӕ ма ӕгас у? Уый мӕнӕн ме’фсымӕр у!» 33Хадады минӕвӕрттӕ уый банымадтой хорз нысаныл, уайтагъд ын йӕ ныхас айстой ӕмӕ йын загътой: «О, о, де’фсымӕр у Бен-Хадад». Ахав сын загъта: «Цӕугӕут ӕмӕ йӕ ракӕнут!» Бен-Хадад ӕм рацыд, ӕмӕ йӕ Ахав йӕ уӕрдонмӕ ӕрбахизын кодта. 34Бен-Хадад ын загъта: «Мӕ фыд дӕ фыдӕй цы сахартӕ байста, уыдоны дын фӕстӕмӕ ратдзынӕн. Дамаскы дӕр дӕхицӕн базарадон бӕстыхӕйттӕ скӕн, кӕддӕр мӕ фыд йӕхицӕн Самарийы куыд скодта, афтӕ». Ахав ын дзуапп радта: «Ууыл уал бафидауӕм, стӕй дӕ ауадздзынӕн». Ӕмӕ куы бафидыдтой, уӕд ӕй ауагъта. 35Уӕд Дунедарӕджы фӕндӕй пехуымпартӕй иу иннӕмӕн загъта: «Цӕв мӕ!» Фӕлӕ уый не сразы ис йӕ ныццӕвыныл, 36ӕмӕ йын фыццаг пехуымпар ногӕй загъта: «Дунедарӕджы фӕндмӕ кӕй нӕ байхъуыстай ӕмӕ мӕ кӕй нӕ ныццавтай, уый тыххӕй дӕ, мӕнӕй куы ацӕуай, уӕд амардзӕн домбай». Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, уый куыддӕр йӕ цурӕй ацыд, афтӕ йӕ размӕ фӕци домбай ӕмӕ йӕ амардта. 37Уӕд та фыццаг пехуымпар ӕндӕр лӕджы ссардта ӕмӕ уымӕн дӕр загъта: «Цӕв мӕ!» Уый йӕ ахӕм над фӕкодта, ӕмӕ йӕ буар тугӕрхӕмтӕ сси. 38Уӕд пехуымпар ацыд ӕмӕ, йӕ цӕсгомыл ӕмбӕрзӕн ӕруагъта, афтӕмӕй, паддзах кӕуылты хъуамӕ рацыдаид, уым ӕрлӕууыд. 39Паддзах йӕ цурты куы рацӕйцыд, уӕд пехуымпар ныхъхъӕр кодта: «Ӕз, дӕ цагъар, хӕсты уыдтӕн, ӕмӕ мӕм иу хӕстон уацайраджы ӕрбакодта ӕмӕ мын бафӕдзӕхста: „Ацы лӕджы хъахъхъӕн! Ам ӕй куынӕуал ӕрбаййафон, уӕд амӕлдзынӕ йӕ бӕсты, намӕ дӕ бафидын хъӕудзӕн ӕвзисты иу талант“. 40Мӕнӕн та куы иу, куы иннӕ хъуыддаг уыди, ӕмӕ мын уацайраг цыдӕр ӕрбаци». Паддзах ын загъта: «Дӕхи дзыхӕй загътай дӕ тӕрхон». 41Уӕд уый йе’мбӕрзӕн систа, ӕмӕ Израилы паддзах бамбӕрста, пехуымпартӕй кӕй у, уый. 42Пехуымпар ын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ӕлгъыстаг кӕй фӕкодтон, уыцы адӕймаджы ауагътай, ӕмӕ йӕ бӕсты амӕлдзынӕ, дӕ адӕм дӕр амӕлдзысты йӕ бӕсты». 43Израилы паддзах мӕстӕйдзагӕй, уӕнтӕхъил ӕмӕ сӕргуыбырӕй араст ис йӕ галуанмӕ, Самарийы сахармӕ.
Copyright information for
OssIBT2022