1 Kings 21
Навоты сӕндон
1Уымӕй иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ ӕрцыд ахӕм хабар. Изреелы, самариаг паддзах Ахавы галуаны хӕдфарсмӕ, изреелаг Навотӕн уыди сӕндон. 2Ӕмӕ Ахав Навотӕн загъта: «Дӕ сӕндон мын ратт! Мӕ галуанӕн йӕ тӕккӕ фарсмӕ лӕууы ӕмӕ дзы мӕхицӕн цӕхӕрадон саразин. Дӕуӕн та йӕ бӕсты балӕвар кӕндзынӕн уымӕй хуыздӕр сӕндон, йе та, кӕд дӕ фӕнды, уӕд дын йӕ аргъ бафиддзынӕн ӕвзистӕй». 3Фӕлӕ Навот Ахавӕн загъта: «Дунедарӕг мӕ бахизӕд, мӕ фыдӕлтӕй мӕм исбонӕн цы зӕхх ӕрхауд, уый искӕмӕн раттынӕй!» 4Изреелаг Навот ын ахӕм дзуапп кӕй радта, уый тыххӕй Ахав йӕ галуанмӕ ӕрбаздӕхти тарӕрфыг ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй, уӕнтӕхъил ӕмӕ сӕргуыбырӕй. Суанг хӕрын дӕр нӕ бакуымдта, афтӕмӕй йӕ хуыссӕны ӕрхуыссыд ӕмӕ йӕ цӕсгом къулы’рдӕм аздӕхта. 5Йӕ ус Иезавел ӕм бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы кӕныс? Цӕуылнӕ исты бахӕрыс?» 6Уый йын загъта: «Изреелаг Навотӕн ской кодтон, дӕ сӕндон мын ӕвзистыл ратт, кӕд дӕ фӕнды, уӕд та дын йӕ бӕсты ӕндӕр сӕндон ратдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ мын уый дзуапп радта: „Мӕ сӕндон дын нӕ ратдзынӕн“». 7Иезавел ын зӕгъы: «Израилы паддзах ды нӕ дӕ, ӕви? Сыст, бахӕр ӕмӕ мацӕуыл тыхс. Изреелаг Навоты сӕндон дын ӕз дӕ къухы бакӕндзынӕн». 8Иезавел фыстӕджытӕ ныффыста Ахавы номӕй, уый мыхуыр сыл сӕвӕрдта ӕмӕ сӕ арвыста, Навот кӕм царди, уыцы сахары хистӕртӕ ӕмӕ номджынтӕм. 9Йӕ фыстӕджыты фыста афтӕ: «Ком дарӕн бон расидут! Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы ӕмӕ сын Навоты сбадын кӕнут сӕ уӕле, кадджын бынаты. 10Йӕ бакомкоммӕ йын ӕрбадын кӕнут дыууӕ цъаммар лӕджы ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн кӕнӕнт, ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй фӕссахармӕ ракӕнут ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкӕнут». 11Ӕмӕ Изреелы сахары хистӕртӕ ӕмӕ номджынтӕ бакодтой, Иезавел сӕм йӕ фыстӕджыты куыд ныффыста, афтӕ. 12Ӕрӕмбырд кодтой сахары цӕрджыты, ком дарӕн бон расидыны охыл, ӕмӕ сын сӕ уӕле сбадын кодтой Навоты. 13Ӕрбацыдысты дыууӕ цъаммар лӕджы, Навотӕн йӕ бакомкоммӕ ӕрбадтысты ӕмӕ йӕ ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ныллӕууыдысты, Хуыцау ӕмӕ паддзахы ӕлгъыста, зӕгъгӕ. Стӕй йӕ фӕссахармӕ ракодтой ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкодтой. 14Уый фӕстӕ сахары хистӕртӕ Иезавелӕн фехъусын кодтой Навоты амӕлӕты хабар, дурты бын ӕй кӕй фӕкодтой, уый. 15Уыцы хабар Иезавелмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Ахавӕн загъта: «Сыст уӕлӕмӕ ӕмӕ дӕхицӕн исбонӕн райс изреелаг Навоты сӕндон, ӕвзистыл дын кӕй нӕ ауӕй кодта, уый. Навот ӕгас нал у, амарди». 16Ахав куыддӕр, изреелаг Навот амарди, уый фехъуыста, афтӕ ацыди Навоты сӕндонмӕ — йӕхицӕн ӕй исбонӕн райсынмӕ.Илийайы рагуац Ахав ӕмӕ Иезавелы тыххӕй
17Дунедарӕг тишбийаг Илийайӕн загъта: 18«Ацу Ахавмӕ, Израилы паддзахмӕ, Самарийы паддзахиуӕг чи кӕны, уымӕ! Уый ныр Навоты сӕндонмӕ ныццыд, цӕмӕй йӕ исбонӕн райса йӕхицӕн. 19Зӕгъ ын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды лӕджы амардтай ӕмӕ ма йын йӕ фыдӕлтӕй цы хай баззад, ууыл дӕр ӕрбадинаг дӕ?“Ноджы ма йын зӕгъ: „Куыйтӕ Навоты туг кӕм сдӕрдтой, уыцы ран сдӕрдзысты дӕ туг дӕр“». 20Ахав Илийайӕн загъта: «Ссардтай мӕ, ме знаг!» Уый йын дзуапп радта: «Ссардтон дӕ, уымӕн ӕмӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ сты, уыдоныл бафтыдтӕ. 21Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг зӕгъы: „Ӕз Ахавы хӕдзаронты фыдбылызы амӕттаг бакӕндзынӕн, цагъайраг уа ӕви сӕрибар — иу лӕппу-байзӕддаг дӕр ӕм нал ныууадздзынӕн Израилы адӕмы’хсӕн. 22Кӕй Мӕ смӕсты кодтай ӕмӕ Израилы адӕмы тӕригъӕдты кӕй бафтыдтай, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ хӕдзаронтӕн бакӕндзынӕн, Наваты фырт Йоровамы хӕдзаронтӕн ӕмӕ Ахийайы фырт Баасайы хӕдзаронтӕн цы бакодтон, уый“. 23Иезавелы тыххӕй та Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Куыйтӕ йӕ бахӕрдзысты Изреелы сахарӕн йӕ быруйы ӕдде. 24Ахавы адӕмӕй сахары мидӕг чи амӕла, уыдон дӕр куыйты хӕринаг бауыдзысты, фӕссахар чи амӕла, уыдоны та тугдзых мӕргътӕ бахӕрдзысты“». 25Ахавы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдоныл никуыма ничи бафтыд, уыдӕттыл ӕй ардаугӕ та кодта йӕ ус Иезавел. 26Дунедарӕг Израилы адӕмы сӕраппонд сӕ фыдӕй-фыртмӕйы зӕххытӕ кӕмӕн байста, уыцы аморӕгтау Ахав дӕр бирӕ ӕлгъаг митӕ кодта, гуымирытӕм куывта. 27Фӕлӕ йын ныр Илийа цытӕ радзырдта, уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта, куы-иу схуыссыд, уӕд дӕр-иу ӕй нӕ раласта; ком дардта ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй рацу-бацу кодта. 28Уӕд та Дунедарӕг тишбийаг Илийайӕн загъта: 29«Кӕсыс, Ахав Мӕ разы куыд ӕртасыди, уымӕ! Афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын Ӕз йӕ мыггаг, цалынмӕ йӕхӕдӕг ӕгас у, уӕдмӕ фыдбылызы амӕттаг нӕ бакӕндзынӕн; йӕ фырт паддзах куы суа, уӕд бафтаудзынӕн фыдбылызтӕ йӕ хӕдзарыл».
Copyright information for
OssIBT2022