‏ 1 Kings 22

Михайы рагуац Ахавы тыххӕй

1Дыууӕ азы дӕргъы Сири ӕмӕ Израилы’хсӕн хӕст нӕ уыди. 2Ӕртыккӕгӕм аз Иудейы паддзах Иосафат ӕрбацыд Израилы паддзахмӕ. 3Израилы паддзах йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Галаадаг сахар Рамот мах кӕй у, уый уӕ рох фӕци? Рӕстӕг ма цӕуыл сафӕм, Арамы паддзахы къухӕй йӕ фӕстӕмӕ цӕуылнӕ байсӕм?»

4Иосафаты бафарста: «Галаадаг Рамотмӕ бабырсыны фӕнд мӕм ис, ӕмӕ мӕ фарсмӕ ӕрбалӕудзынӕ?» Уый йын дзуапп радта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр — уырдӕм. Дӕ зӕрдӕ дар мӕ адӕм ӕмӕ мӕ бӕхӕфсадыл, раст цыма дӕхи сты, афтӕ».

5Иосафат ма паддзахӕн ноджы загъта: «Раздӕр уал Дунедарӕджы бафӕрс».

6Израилы паддзах фӕсидти пехуымпартӕм, иу-цыппарсӕдӕ лӕгмӕ, ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕцон ӕви нӕ?» «Схӕц, — дзуапп ын радтой уыдон, — Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухтӕм ратдзӕн».

7Иосафат фӕдызӕрдыг ӕмӕ бафарста: «Дунедарӕджы пехуымпартӕй ма ам исчи ис, Дунедарӕджы кӕй уылты бафӕрсӕм, ахӕм?» 8Израилы паддзах ын дзуапп радта: «Ис ма иу лӕг, Дунедарӕджы нын чи бафӕрсид, уый. Фӕлӕ дзы ӕз ме сӕфт уынын, уымӕн ӕмӕ мын хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг фӕкӕны. Уый у Имлайы фырт Миха». Иосафат ын загъта: «Паддзахыл ахӕм ныхӕстӕ нӕ фидауынц».

9Уӕд Израилы паддзах йӕ галуаны кусджытӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Тагъддӕр мын Имлайы фырт Михайы ам ӕрбалӕууын кӕн!»

10Израилы паддзах ӕмӕ Иосафат, Иудейы паддзах, сӕ паддзахы дарӕсты, сӕ къӕлӕтджынты, бадтысты Самарийы кулдуары ӕдде мусы цур, ӕмӕ пехуымпартӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг кодтой сӕ разы. 11Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕфсӕн сыкъатӕ ӕркодта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ахӕм сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».

12Иннӕ пехуымпартӕ дӕр иууылдӕр фӕзмыдтой Цедекиайы, пехуымпариуӕг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Бабырс Галаадаг Рамотмӕ ӕмӕ фӕуӕлахиз у! Дунедарӕг ӕй паддзахы къухтӕм ратдзӕн».

13Уыцы рӕстӕг паддзахы минӕвар дӕр бахӕццӕ Михамӕ ӕмӕ йын загъта: «Пехуымпартӕ ӕмдзыхӕй хӕрзмӕ пехуымпариуӕг кӕнынц паддзахӕн. Ды дӕр уыдоны бафӕзм ӕмӕ хӕрзмӕ пехуымпариуӕг кӕн». 14Миха дзуапп радта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕрмӕстдӕр мын Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн».

15Миха паддзахмӕ куы бацыд, уӕд ӕй уый бафарста: «Миха! Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕцон ӕви нӕ?» Миха йын дзуапп радта: «Схӕц ӕмӕ фӕуӕлахиз у! Дунедарӕг ӕй паддзахы къухы бафтын кӕндзӕн». 16Паддзах ын загъта: «Ныр дӕм цалӕм хатт хатын, рӕстдзинад йеддӕмӕ мын мацы дзур, зӕгъгӕ! Цы дын загъта Дунедарӕг?» 17Уӕд ын Миха дзуапп радта: «Ӕз уынын: Израилы ӕфсад ӕнӕфыййау фыстау ныххӕлиу уыдзӕни хӕхтыл. Дунедарӕг зӕгъы: хицау сын нӕй ӕмӕ сӕ алчидӕр сӕрӕгасӕй фарнимӕ бацагурӕд йӕ хӕдзар».

18Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Нӕ дын дзырдтон, хӕрзмӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ фыдбылызмӕ пехуымпариуӕг кӕны, зӕгъгӕ?»

19Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты. 20Дунедарӕг сӕ бафарста: „Ахавы уӕ чи самидин кӕндзӕн галаадаг Рамотмӕ бабырсын, цӕмӕй уым йӕ мӕлӕт ссара?“Ӕмӕ сӕ иумӕ иу уынаффӕ уыд, иннӕмӕ та — ӕндӕр. 21Уӕд Дунедарӕджы раз иу мон ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: „Ӕз ӕй самидин кӕндзынӕн“. Дунедарӕг ӕй бафарста: „Куыдӕй?“ 22Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта, цу ӕмӕ, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕн, самидин кӕнын дын ӕй бантысдзӕни, зӕгъгӕ. 23Афтӕмӕй ныр пехуымпарты уылты уыцы фӕливӕг мон дзуры Дунедарӕджы фӕндӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн фыдбылыз саразын Дунедарӕджы фӕндон у».

24Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы уӕлхъус балӕууыд, йе’хсӕрфарс ын ныццавта ӕмӕ йыл фӕхъӕр ласта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕу уылты райдыдта дзурын?»

25Миха йын дзуапп радта: «Мӕ сӕр кӕм бамбӕхсон, зӕгъгӕ, иу уатӕй иннӕмӕ ралидз-балидз куы кӕнай, уыцы бон ӕй базондзынӕ».

26Израилы паддзах загъта: «Михайы акӕнут сахары хицау Амонмӕ ӕмӕ мӕ фырт Йоасмӕ. 27Зӕгъут сын: „Афтӕ зӕгъы паддзах: ахӕстоны йӕ бакӕнут ӕмӕ йын мамӕлайы къӕбӕр ӕмӕ дон йеддӕмӕ мацы дӕттут, цалынмӕ сӕрӕгасӕй фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхон, уӕдмӕ“».

28Миха йын загъта: «Сӕрӕгасӕй куы ӕрбаздӕхай, уӕд Дунедарӕг нӕ дзырдта мӕн уылты».

Ноджы-ма бафтыдта: «Мӕ ныхас уӕ ма ферох уӕд, мӕнӕ адӕм!»

Ахавы мӕлӕт

29Израилы паддзах ӕмӕ Иосафат, Иудейы паддзах, иумӕ хӕстмӕ рацыдысты галаадаг сахар Рамоты ныхмӕ. 30 31Фӕндагыл Израилы паддзах Иосафатӕн загъта: «Ӕз мӕ дарӕс раивдзынӕн, афтӕмӕй райдайдзынӕн хӕцын, ды та-иу дӕ паддзахы дарӕс скӕн».

Ӕмӕ Израилы паддзах раивта йӕ дарӕс ӕмӕ хӕцын райдыдта.

Ныр Сирийы паддзах та йӕ тохуӕрдӕтты хицӕуттӕн, дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз лӕгӕн, бафӕдзӕхста: «Израилы паддзахӕн йе’фсады хицӕуттӕй дӕр ӕмӕ хуымӕтӕджы хӕстонтӕй дӕр макӕй фӕдыл зилут, йӕхи йын агурут ӕрмӕст!»

32Тохуӕрдӕтты хицӕуттӕ Иосафаты куы ауыдтой, уӕд загътой, уый Израилы паддзах уыдзӕни, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ ныхмӕ хӕст самадтой. Фӕлӕ Иосафат тохы хъӕр куы ныккодта, 33уӕд бамбӕрстой, Израилы паддзах кӕй нӕу, уый ӕмӕ йӕ ныууагътой. 34Иу заман Сирийы ӕфсадӕй иу хӕстон зӕрдаивӕй йӕ фат суагъта ӕмӕ Израилы паддзахы фӕцӕф кодта. Фат згъӕрхӕдонӕн йе згъӕрсыфты’хсӕнты бацыд. Ӕмӕ паддзах йӕ бӕхтӕрӕгӕн загъта: «Ардыгӕй мӕ алас! Цӕф дӕн».

35Фӕлӕ хӕст уыцы бон йӕ тӕккӕ тӕмӕны бацыд. Ӕмӕ Израилы паддзах сириӕгты ныхмӕ тохы йӕ уӕрдоны уырдыг фӕлӕууыди суанг изӕрмӕ. Йӕ туг уӕрдонмӕ фӕтагъд, афтӕмӕй, куы ӕризӕр, уӕд йӕ уд систа.

36Хурныгуылдыл фидиуӕг хӕстон адӕмыл ныхъхъӕр кодта: «Алчидӕр уӕ аздӕхӕд йӕ сахармӕ, йӕ фыдыуӕзӕгмӕ!»

37Паддзах амарди, йӕ мард ын Самаримӕ ӕрбаластой ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой. 38Йӕ уӕрдон ын Самарийы цур иу цады былгӕрон ӕрӕхсадтой, ӕмӕ куыйтӕ паддзахы туг сдӕрдтой. Хӕтаг сылтӕ дӕр уым тугамӕст донӕй сӕхи ӕхсадтой, Дунедарӕг рагацау куыд дзырдта, афтӕ.

39Ахавы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — пылыстӕгӕй цы галуан сфӕлыста ӕмӕ цы сахартӕ рацарӕзта, уыдоны тыххӕй хабӕрттӕ — фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы». 40Афтӕ амардис Ахав, ӕмӕ йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Ахазиа.

Иудейаг паддзах Иосафаты тыххӕй

41Асайы фырт Иосафат Иудейы паддзах сси, Ахав Израилӕн цыппӕрӕм аз куы паддзахиуӕг кодта, уӕд. 42Иосафат паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фондз ӕмӕ ссӕдз азы. Йӕ мад уыди Шилхийы чызг Азувӕ. 43Иосафат алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыд Асайы, ӕндӕр фӕндагыл никуы ныллӕууыд ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кодта Дунедарӕджы фӕндон. Ӕрмӕст кувӕн къуыбыртӕ нӕ аивта, адӕм йӕ заманы дӕр кодтой кусӕрттӕ ӕмӕ сыгътой буд уыцы уаз къуыппытыл.

44Иосафат бафидыдта Израилы паддзахимӕ. 45Йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ ӕмӕ йӕ хӕстон хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».

46Иосафат ныццагъта муртаттаг кувӕндӕтты кусӕг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг хъахбайты, Йӕ фыд Асайы заманӕй ма чи баззади, уыдоны. 47Уӕд Едомы паддзах нӕ уыди, ӕрмӕстдӕр — бӕстыхицау, Иудейы паддзахы минӕвар.

48Иосафат саразын кодта Таршишмӕ цӕуӕг базарадон наутӕ, йӕ зӕрды сӕ уыд Офирмӕ арвитын, уырдыгӕй сыгъзӕрин ӕрбаласыны тыххӕй. Фӕлӕ Офирмӕ нал ацыдысты — ныппырх ын сты Ецион-Геверы. 49Уӕд Ахавы фырт Ахазиа Иосафатӕн загъта: «Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕ адӕмимӕ ацӕуӕнт наутыл». Фӕлӕ Иосафат не сразы ис ууыл. 50Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы, йӕ фыдӕл Давиды сахары. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иорам.

Израилы паддзах Ахазиайы тыххӕй

51Иудейаг паддзах Иосафаты паддзахиуӕджы ӕвддӕсӕм аз Самарийы сахары Израилы паддзах сси Ахавы фырт Ахазиа. Йӕ паддзахиуӕг ахаста дыууӕ азы. 52Ахазиа, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕзмыдта йӕ фыды, йӕ мады ӕмӕ Наваты фырт Йоровамы. Ахазиа дӕр уый хуызӕн тӕригъӕды бафтыдта Израилы адӕмы. 53Лӕггад ӕмӕ табу кодта Баалӕн, алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыды ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй мӕсты кодта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы.
Copyright information for OssIBT2022