‏ 1 Kings 3

Соломоны курдиат Хуыцаумӕ

1Соломон хӕстӕгдзинад бакодта фараонимӕ, Мысыры паддзахимӕ. Йӕ чызджы йын ракуырдта ӕмӕ уал ӕй ӕрбакодта Давиды сахармӕ, уымӕн ӕмӕ нырма йӕхи галуан, Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ Йерусалимы алыварс систӕ дӕр амад нӕма уыдысты. 2Кувӕндон арӕзт кӕй нӕма уыд, уымӕ гӕсгӕ адӕм Дунедарӕджы номыл кусӕрттӕ кодтой кувӕн къуыбыртыл. 3Соломон уарзта Дунедарӕджы ӕмӕ ӕххӕст кодта йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстытӕ. Ӕцӕг уый дӕр кувӕн къуыбыртыл кусӕрттӕ кодта ӕмӕ буд сыгъта.

4Иуахӕмы паддзах ацыди Гивонмӕ кусӕрттӕ кӕнынмӕ, уымӕн ӕмӕ бӕстӕйы сӕйраг кувӕн къуыбыр уым уыди. Уыцы ран, Гивоны нывондхӕссӕныл, Соломон ӕрхаста мин нывонды — иууылсудзинӕгтӕ. 5Гивоны йӕм уыцы ӕхсӕв Дунедарӕг фыны раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур!»

6Соломон загъта: «Ды Де стыр хорзӕхты аккаг скодтай мӕ фыд Давиды, Дӕ цагъары, кад ӕмӕ радӕй Дын кӕй лӕггад кодта ӕмӕ Дыл йӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивта, уый тыххӕй. Дӕ хорзӕх ӕй ис абон дӕр, ӕмӕ йын йӕ паддзахы бадӕны ӕрбадын кодтай йӕ фырты. 7О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ фыд Давиды бӕсты ныр мӕнӕ Дӕ цагъары паддзах скодтай, фӕлӕ ӕз ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд дӕн, хъуыддагӕн ницыма зонын. 8Дӕ лӕггадгӕнӕджы ӕвджид бакодтай Де’взӕрст адӕмы; банымайӕн дӕр сын нӕй, ӕнӕнымӕц сты. 9Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»

10Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ фӕцыди Соломоны курдиат, 11ӕмӕ йын загъта: «Дӕхицӕн Мӕ бирӕ цӕрӕнбон ӕмӕ исбон кӕй нӕ бацагуырдтай, дӕ фыдгулты мӕлӕтмӕ дӕр кӕй нӕ бабӕллыдтӕ, фӕлӕ Мӕ ӕмбаргӕ зӕрдӕ кӕй ракуырдтай, цӕмӕй дӕ бон адӕмӕн тӕрхон кӕнын уа, 12уый тыххӕй дын ӕххӕст кӕнын дӕ курдиат. Дӕттын дын ӕмбаргӕ зӕрдӕ ӕмӕ куырыхон зонд; дӕ размӕ чи уыд, уыдоны’хсӕн демӕ абарӕн дӕр никӕй ис, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр дӕуӕн ӕмбал нӕ уыдзӕн. 13Ноджы ма дын дӕттын, цы нӕ Мӕ бацагуырдтай, уыдон дӕр: исбон ӕмӕ кад, цӕрӕнбонты дӕ ном, дӕ кадӕн дӕр ӕмбал нӕ уыдзӕни паддзӕхты’хсӕн. 14Ӕмӕ дӕ фыд Давидау Мӕ рард фӕндӕгтыл куы цӕуай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнай, уӕд дын Ӕз балӕвар кӕндзынӕн бирӕ цӕрӕнбон».

15Соломон райхъал ис ӕмӕ бамбӕрста, фын федта, уый. Уӕд ацыд Йерусалиммӕ, ӕрлӕууыди Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ, стӕй скодта куывд ӕмӕ цӕл-минасмӕ ӕрхуыдта йе’ппӕт дӕлдӕрты.

Соломон — куырыхон паддзах

16Иуахӕмы паддзахмӕ ӕрбацыди дыууӕ хӕтаг сылы. Йӕ разы ӕрлӕууыдысты, 17ӕмӕ сӕ иу зӕгъы: «О мӕ паддзах! Ӕз ӕмӕ мӕнӕ ацы сылгоймаг иу хӕдзары цӕрӕм, ӕмӕ уый йӕхи цӕстӕй федта, лӕппу куыд ныййардтон, уый. 18Мӕнӕй дыууӕ боны фӕстӕдӕр ныййардта ацы сылгоймаг дӕр. Ӕмӕ уыцы заман нӕ дыууӕйы йеддӕмӕ ничи уыди хӕдзары. 19Гъемӕ ацы сылгоймагӕн йӕ лӕппу ӕхсӕвы амарди, уымӕн ӕмӕ йӕ фынӕйӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ныцъцъист кодта йӕ быны. 20Ӕмбисӕхсӕв уыдаид, уӕд сыстад ӕмӕ мын мӕ цурӕй, ӕз, дӕ цагъар, фынӕй уыдтӕн, афтӕмӕй, мӕ лӕппуйы райста ӕмӕ йӕ йӕхи риуыл авӕрдта, йӕ мард лӕппуйы та мын мӕ риуыл ӕрӕвӕрдта. 21Райсомӕй куы сыстадтӕн, уӕд, мӕ лӕппуйӕн бахӕрын кӕнон, зӕгъгӕ, ӕмӕ дын мард куы разынид. Дзӕбӕхдӕр ӕм куы ӕркастӕн, уӕд федтон, мӕн лӕппу нӕу».

22Уӕд ын иннӕ сылгоймаг афтӕ: «Нӕ, мӕ лӕппу ӕгас у, уый дӕуӕн у мард!» Уый дӕр ын афтӕ: «Нӕ, дӕуӕн дӕ лӕппу у мард у, мӕнӕн у ӕгас!»

Афтӕ хъӕлӕба кодтой паддзахы раз.
23Паддзах загъта: «Ацы дыууӕйӕ алчидӕр ӕгас лӕппуйы йӕхи хоны, марды та кӕрӕдзийӕн дӕттынц. 24Кард-ма мын ӕриут!»

Паддзахӕн ӕрбахастой кард,
25ӕмӕ бардзырд радта: «Удӕгас сабийы адих кӕнут ӕмӕ ацы дыууӕ усӕн фӕйнӕ ӕрдӕджы раттут!»

26Уӕд, ӕгас лӕппу кӕй саби уыд, уыцы сылгоймагӕн йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта йӕ хъӕбулы тӕригъӕдӕй ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «О мӕ паддзах! Раттут ын ӕгас лӕппуйы, ма йӕ амарут». Иннӕ сылгоймаг та загъта: «Нӕ иу дӕр ӕмӕ дзы не’ннӕ дӕр ӕнӕхай фӕуӕд! Афадут ӕй!»

27Уӕд паддзах ног бардзырд радта: «Сабийы ма амарут, фыццаг сылгоймагӕн ӕй раттут, уымӕн ӕмӕ уый у йӕ мад».

28Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.
Copyright information for OssIBT2022