‏ 1 Kings 4

Соломоны барджынтӕ

1Соломон уыдис ӕппӕт Израилы паддзах. 2Йӕ барджынтӕ уыдысты: Цадокы фырт Азариа — сауджын; 3Шишайы фырттӕ Елихореф ӕмӕ Ахийа — нымӕрдартӕ; Ахилуды фырт Йошафат — азфыссӕг; 4Йеходайы фырт Бенайа — ӕфсады хицау; Цадок ӕмӕ Авиафар — сауджынтӕ; 5Натаны фырт Азариа — уллуты хицау; Натаны фырт Завуд, сауджын — паддзахӕн йӕ уынаффӕйы лӕг; 6Ахишар — паддзахы галуаны уагдар; Авдайы фырт Адонирам — бегарайы хицау.

7Соломон Израилы дыууадӕс зылды сӕргъы сӕвӕрдта дыууадӕс уллуйы. Алкӕмӕн дӕр сӕ йӕ хӕс уыди йӕ дӕлбар зылдӕй йӕ рады, афӕдз иу мӕйы дӕргъы, паддзахы хӕдзар хӕлцӕй ӕввонг кӕнын. 8Мӕнӕ уллуты ӕмӕ сӕ чи цы зылды хицау уыди, уыдоны нӕмттӕ: Бен-Хур — уый уыди Ефремы хӕхбӕсты хицау; 9Бен-Декер — Макац, Шаалвим, Бет-Шемеш, Елон ӕмӕ Бет-Хананы сахарты зылды хицау; 10Бен-Хесед — Арубботы сахары зылды хицау, йӕ бӕрны ма уыдысты Сохойы сахар, стӕй Хеферы сахары ӕппӕт зӕхх. 11Бен-Авинадав — Соломоны чызг Тафаты лӕг, хицауиуӕг кодта Нафат-Доры ӕппӕт бӕстӕйӕн. 12Ахилуды фырт Баанайы бӕрны уыдысты Таанах ӕмӕ Мегиддойы сахартӕ, Изреелы бынмӕ Царетанмӕ ӕввахс Бет-Шеаны сахары ӕппӕт зӕххытӕ, уыимӕ Бет-Шеаны сахарӕй Авел-Мехолӕйы онг, стӕй суанг Йокмеамы фалейы онг зӕххытӕ. 13Бен-Геверы бӕрны уыди галаадаг сахар Рамот, Менассиайы фырт Иаиры цатырхъӕутимӕ, ноджы ма — Арговы зӕхх Башаны, бырутӕй ӕхгӕд ӕртиссӕдз стыр сахаримӕ, сӕ кулдуӕрттӕн — ӕрхуы ӕхгӕнӕнтӕ. 14Иддойы фырт Ахинадав уыди Маханаимы зылды хицау. 15Ахимаац — Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зылды хицау; Соломоны чызг Басемат уыди йӕ ус. 16Хушайы фырт Баанайы бӕрны уыди Асиры хӕдзарвӕндаджы зылд, Беалоты сахаримӕ. 17Паруахы фырт Йосафат уыд Иссахары хӕдзарвӕндаджы зылды хицау. 18Елайы фырт Шими уыди Бениамины хӕдзарвӕндаджы зылды хицау. 19Урийы фырт Геверы бӕрны уыди Галаады зӕхх, раздӕр аморӕгты паддзах Сигон ӕмӕ Башаны паддзах Огы зӕххытӕ кӕм уыдысты, уый. Адоны хъауджыдӕр ӕгас Иудейы зӕххӕн уыдис иунӕг бӕстыхицау.

Соломоны паддзахад ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕ

20Иудей ӕмӕ Израилы адӕм, денджызы змисау ӕнӕнымӕц, хордтой, нуӕзтой ӕмӕ цин кодтой. 21Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг паддзахӕдтӕ иууылдӕр уыдысты Соломоны дӕлбар. Фыстой йын хъалон, лӕггад ын кодтой цард-цӕрӕнбонты. 22 23Соломоны ӕрвылбоны хӕлц уыди: ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй — дӕс ӕмӕ ссӕдз коры, ӕнӕуи ссадӕй та — ӕхсӕз коры; хӕрзхаст дӕс галы, стӕй, хизӕнуаты чи вӕййы, ахӕм ссӕдз галы; сӕдӕ фысы, уыдонимӕ ма ноджы — сагтӕ, сӕгуыттӕ, хъуазтӕ ӕмӕ нард хӕдзарон мӕргътӕ дӕр. 24Йӕ паддзахад йӕхи айтыгъта Евфраты ныгуылӕнварс сахар Тифсахӕй суанг Газӕйы онг. Уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхтӕн уыди сӕ паддзах ӕмӕ семӕ царди фидыдӕй. 25Соломоны заман Иудей ӕмӕ Израилы адӕм иууылдӕр, Данӕй Беер-Шевӕйы онг, цардысты ӕдасӕй. Алчидӕр-иу сӕ йӕхи йӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн ирхӕфста йӕ сӕнӕфсир, йӕ легъуийы бын. 26Соломонмӕ уыди дыууиссӕдз мин бӕхы бынаты — йӕ тохуӕрдӕтты бӕхтӕн, дыууадӕс мины та — барджыты бӕхтӕ. 27Йӕ уллутӕй, бӕстӕйы дыууадӕс зылды хицӕуттӕй, алчидӕр радыгай, иу мӕйы дӕргъы, алы хӕринагӕй ифтонг кодта паддзахы фынг, чидӕриддӕр-иу ӕм ӕрбацыд, уыдон хъуаг куыд ницӕмӕй ӕййӕфтаиккой, афтӕ. 28Бӕхтӕ ӕмӕ иннӕ хайуантӕн дӕр уыдонӕй алчидӕр сӕ бынӕттӕм йӕ рады ласта хъӕбӕрхор ӕмӕ хъӕмп.

Соломон — стыр зонды хицау

29Хуыцау Соломонӕн балӕвар кодта куырыхондзинад, бирӕ зонындзинӕдтӕ, стыр зонд — денджызы был цы змис ис, уыйау ӕнӕнымӕц. 30Скӕсӕны бӕстӕтӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт куырыхонтӕй куырыхондӕр сси. 31Йӕ куырыхон зондӕн ӕмбал нӕ уыди. Уыйас зонындзинӕдтӕ никӕмӕ уыди, суанг Езрахитаг Етанмӕ ӕмӕ Махолы фырттӕ Хеман, Калкол ӕмӕ Дардамӕ дӕр. Йӕ ном айхъуысти йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтыл. 32Соломон ӕрымысыд ӕртӕ мин ӕмбисонды, иу мин ӕмӕ фондз та йӕм уыди зарджытӕ. 33Раныхас-иу кодта алы бӕлас, алы зайӕгойы тыххӕй, ливайнаг кедрӕй райдай ӕмӕ, къулы скъуыды чи разайы, уыцы иссопӕй фӕу. Дзырдта цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ кӕсӕгты тыххӕй дӕр. 34Соломоны зонды ныхӕстӕм байхъусынмӕ дунейы алы къуымтӕй цыдысты алы адӕмты минӕвӕрттӕ, йӕ куырыхон зонды кой-иу кӕмӕ байхъуыст, уыцы паддзӕхтӕ дӕр ӕм ӕрвыстой сӕ минӕвӕртты.
Copyright information for OssIBT2022