‏ 1 Kings 5

Соломоны фидыд Тиры паддзах Хирамимӕ

1Тиры паддзах Хирам цӕрӕнбонты лымӕнӕй фӕцарди Давидимӕ. Ӕмӕ Соломон йӕ фыды фӕстӕ паддзах сси, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм ӕрбарвыста йӕ минӕвӕрттӕ. 2Соломон сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Хирамӕн зӕгъой: 3«Ды зоныс, Мӕ фыд Давидӕн Дунедарӕджы Кувӕндон саразын нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ ӕдзух йӕ сыхаг адӕмтимӕ хӕцыди, йӕ фыдгултимӕ, цалынмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз нӕ радта, се’ппӕты дӕр ын йӕ къӕхты бын нӕ ныккодта, уӕдмӕ. 4Ныр мӕнӕн та Дунедарӕг радта ӕнцой, фыдгул мын нал ис ӕмӕ сӕдас дӕн алырдыгӕй дӕр. 5Гъемӕ, зӕгъын, Кувӕндон саразон Дунедарӕгӕн, Мӕ Хуыцауӕн. Кӕддӕр Дунедарӕг уый кой ракодта мӕ фыд Давидӕн дӕр, зӕгъгӕ, Мӕ номыл Мын хӕдзар сараздзӕни дӕ фырт, дӕ фӕстӕ дын дӕ къӕлӕтджыны кӕй сбадын кӕнон, уый. 6Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, ливайнаг кедртӕ мын ракалын кӕн. Мӕ кусджытӕ кусдзысты дӕ кусджытимӕ, ӕмӕ дын ӕз сӕ куысты тыххӕй фиддзынӕн, цас мын зӕгъай, уый бӕрц мызд. Ды зоныс: махмӕ, сидойнӕгтау бӕлӕстӕ калынмӕ чи арӕхсы, ахӕм адӕм нӕй».

7Хирам тынг бацин кодта, Соломоны курдиат ын куы рафӕзмыдтой, уӕд ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Давидӕн ахӕм куырыхон фырт Чи радта, уыцы бирӕ адӕмӕн ӕй паддзах Чи скодта!» 8Соломонӕн фехъусын кӕнын кодта: «Дӕ курдиат дын фехъуыстон ӕмӕ дын дӕ фӕндон сӕххӕст кӕндзынӕн. Ракалын дын кӕндзынӕн кедртӕ ӕмӕ кипаристӕ. 9Мӕ кусджытӕ сӕ Ливанӕй денджызы былмӕ нылласдзысты, стӕй сӕ ӕз денджызыл тъиуибӕстытӕй бахӕццӕ кӕндзынӕн, кӕдӕм зӕгъай, уырдӕм, уым сӕ самайын кӕндзынӕн, ӕмӕ-иу сӕ ды уырдыгӕй алас. Ӕцӕг мын ды дӕр мӕ хъуыддаг араз, мӕ хӕдзарӕн мын ӕрвит хӕлц». 10Ӕмӕ Хирам Соломонӕн радта кедртӕ ӕмӕ кипаристӕ, Соломоны куыддӕриддӕр фӕндыд, афтӕ.

11Соломон дӕр ӕрвылаз Хирамы хӕдзарӕн ӕрвыста ссӕдз мин коры мӕнӕу ӕмӕ ссӕдз коры сыгъдӕг оливӕйы сой.

12Дунедарӕг Соломонӕн радта куырыхон зонд, зӕрдӕ йын куыд бавӕрдта, афтӕ. Соломон ӕмӕ Хирамы’хсӕн уыди фидыд, сӕ кӕрӕдзиимӕ цардысты хӕларӕй.

Кувӕндон саразыны развӕлгъау куыстытӕ

13Паддзах Соломон бегарайы хӕс ӕрӕвӕрдта Израилы адӕмыл ӕмӕ уый тыххӕй рахицӕн кӕнын кодта дӕс ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы. 14Уыдоны ӕртӕ ӕмхуызон къордыл фӕдих кодта ӕмӕ дзы ӕрвылмӕй Ливанмӕ йӕ рады ӕрвыста иу къорд — дӕс мин лӕджы. Афтӕмӕй дзы алы къорд дӕр Ливаны уыд иу мӕй, сӕхимӕ та — дыууӕ мӕйы. Сӕ сӕргъы лӕууыд Адонирам. 15Уыдонӕй уӕлдай ма Соломонмӕ хӕххон дурсӕттӕнты куыста ӕвдай мин дурхӕссӕджы ӕмӕ ӕстай мин дурлӕгъзгӕнӕджы. 16Соломон сын сӕ сӕргъы сӕвӕрдта цӕстдарджытӕ, нымӕцӕй — ӕртӕ мин ӕртӕсӕдӕ лӕджы. 17Ӕмӕ сын паддзах бардзырд радта, цӕмӕй Кувӕндонӕн бындур ӕрӕвӕрынӕн ласой стыр ӕмӕ зынаргъ, биноныг карст дуртӕ. 18Кӕрдгӕ та сӕ кодтой Соломоны ӕмӕ Хирамы кусджытӕ, стӕй — гевалӕгтӕ. Ноджы ма цӕттӕ кодтой хъӕдӕрмӕг ӕмӕ ӕндӕр дуртӕ дӕр Кувӕндон аразынӕн.
Copyright information for OssIBT2022