‏ 1 Kings 7

Соломон аразы паддзахы галуан

1Йӕхи галуан та Соломон арӕзта ӕртындӕс азы — ӕппӕт куыстытӕ фӕуынӕн уый бӕрц рӕстӕг бахъуыди.

2Соломон сарӕзта ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуан. Йӕ дӕргъ уыди фондзыссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. Йӕ цары хъайвантӕ, кедры хъӕдӕй, ӕнцадысты кедры хъӕдӕй конд цӕджындзты цыппар рӕнхъыл. 3Галуанӕн йӕ уӕлхӕдзары аххӕрджытӕ (уыдон дӕр кедрӕй конд) ӕвӕрд уыдысты фондз ӕмӕ дыууиссӕдз цӕджындзы ӕртӕ рӕнхъыл. Алы рӕнхъы дӕр уыди фынддӕс цӕджындзы. 4Мидагъуыст кӕрӕдзийы ныхмӕ ӕвӕрд уыдысты рудзгуыты фӕлгӕттӕ, ӕртыгай рӕнхъытӕй. 5Ӕппӕт дуӕрттӕн дӕр уыди цыппаркъӕпхӕнон тарвӕзтӕ, иу тарваз — иннӕйы мидӕг, рудзгуытӕ та сӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ ӕвӕрд уыдысты ӕртыгай рӕнхъытӕй.

6Соломон йӕ галуанӕн скодта Цӕджындзты Агъуыст дӕр, йӕ дӕргъ — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ разӕй — тыргъ. 7Скодта ма йын паддзахы бадӕны агъуыст дӕр — тӕрхондон. Йӕ астӕрдӕй йӕ цары онг ыл бахуыдта кедры фӕйнӕджытӕ. 8Цӕргӕ цы хӕдзары кодта, уый уыди йӕ тӕрхондоны фӕсте, ӕндӕр кӕрты, ӕмӕ уый дӕр конд ӕрцыд йӕ тӕрхондоны хуызӕн. Соломон йӕ усӕн, фараоны чызгӕн, цы хӕдзар сарӕзта, уый дӕр афтӕ.

9Галуаны бӕстыхӕйтты систӕ иууылдӕр, бындурӕй уӕллаг тигъы онг, амад уыдысты зынаргъ ӕмӕ бӕрӕг ас дуртӕй. Сӕ мидӕггаг ӕмӕ се’ддаг фӕрстӕ лыггонд уыдысты дурфадӕн хырхытӕй. 10Йӕ бындуры — егъау ӕмӕ зынаргъ дуртӕ, иутӕн дзы сӕ дӕргъ уыди дӕс ӕлмӕрины, иннӕтӕн та — аст ӕлмӕрины. 11Бындурыл цы систӕ амад уыди, уыдонӕн дӕр сӕ дуртӕ уыдысты бӕрӕг асыл карст, систыл сӕрӕй — кедрӕй конд аххӕрджытӕ.

12Галуаны бӕстыхӕйттӕн сӕ алыварс цы стыр кӕрт уыд, уый быру амад уыди афтӕ: ӕртӕ рӕнхъы — карст дуртӕ, стӕй уыдоныл иу рӕнхъ — кедр бӕласы хъӕдтӕ. Уый халдих амад уыдысты Дунедарӕджы Кувӕндоны мидӕггаг кӕрты быру ӕмӕ тыргъы систӕ дӕр.

Соломон ӕххуырсы ӕрхуыгуырд Хурамы

13 14Паддзах Соломон Тиры сахарӕй ӕрбахуыдта Хурамы. Уый уыди Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй иу идӕдз усы фырт. Фӕлӕ йӕ фыд Тиры сахайраг уыд, ӕрхуыдӕсны. Хурам йӕхӕдӕг уыди зондджын ӕмӕ гӕрзарм ӕрхуыдӕсны. Паддзах Соломонмӕ ӕрбацыд, ӕмӕ йын цыдӕриддӕр бабар кодтой, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта.

15Хирам джиппы рауагъта дыууӕ ӕрхуы цӕджындзы, сӕ бӕрзӕнд уыди фӕйнӕ ӕстдӕс ӕлмӕрины, сӕ зиллаччы дӕргъ — фӕйнӕ дыууадӕс ӕлмӕрины. 16Цӕджындзтӕн сӕ цъуппытыл ӕрӕвӕрыны тыххӕй ӕрхуыйӕ джиппы рауагъта ӕфтуантӕ, иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины. 17Ӕфтуанты зиллаччытыл уыди каубыд хызӕгтӕ ӕмӕ рӕхысгӕндты нывӕфтыдтӕ, сӕ иуыл дӕр — авд, иннӕуыл дӕр — авд. 18Алы ӕфтуанӕн дӕр йӕ хызӕгтыл дыууӕ рӕнхъӕй фидаргонд уыдысты гранаты дыргъты нывӕфтыдтӕ. 19Тыргъы цӕджындзтӕн та се’фтуантӕ уыдысты хъоппӕг дидинӕджы ӕнгӕс, сӕ бӕрзӕнд — фӕйнӕ цыппар ӕлмӕрины. 20Уыдон хызӕгджын ӕфтуанты бынтӕй уӕлдӕр уыдысты. Сӕ алкӕй алыварс дӕр ӕрзылдысты гранат фӕткъуыйы дыууӕсӕдӕ нывӕфтыды рӕнхъытӕ. 21Хурам дыууӕ цӕджындзы ныссагъта Кувӕндонмӕ бацӕуӕны цур, ӕмӕ рахиз цӕджындз схуыдта Йахин, галиу цӕджындз та — Боаз. 22Дыууӕ цӕджындзӕн дӕр се’фтуантӕ уыдысты хъоппӕг дидинӕджы ӕнгӕс.

Уыцы куыстытӕ куы фӕци, уӕд ма
23Хурам джиппы рауагъта егъау ӕрхуы аг дӕр — ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины. 24Йӕ зиллаккыл уыди хъуымбылӕггонд фӕлындӕнты дыууӕ рӕнхъы, агимӕ иу джиппы уагъд. Алы ӕлмӕрины дӕр дзы уыди дӕсы бӕрц. 25Аг лӕууыди дыууадӕс галыл: ӕртӕ дзы касти цӕгатӕрдӕм, ӕртӕ — ныгуылӕнӕрдӕм, ӕртӕ — хуссарӕрдӕм, ӕртӕ — скӕсӕнӕрдӕм. Галтӕн сӕ чъылдымтӕ уыдысты кӕрӕдзимӕ, аджы бынмӕ, здӕхт. 26Агӕн йӕ былтӕ — нуазӕны былты хуызӕн, хъоппӕг куы райхӕлы, раст уый ӕнгӕс. Йӕ фӕрсты бӕзн — армытъӕпӕны йас. Дон дзы цыди дыууӕ мин баты.

Кувӕндоны иннӕ дзауматӕ

27Хурам ма ӕрхуыйӕ скодта цӕлхытыл цӕугӕ дӕс суанцъыйы, цыппӕрдигъӕттӕ. Сӕ ас дӕргъмӕ ӕмӕ уӕрхмӕ — цыппар ӕлмӕрины, сӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ. 28Суанцъыты фӕрстыл фӕлгӕтты мидӕг фидаргонд уыдысты уадздзӕгтӕ. 29Уыдоныл уыди домбӕйттӕ, галтӕ ӕмӕ херувимты нывӕфтыдтӕ. Фӕлгӕтты кӕрӕттыл та сӕрӕй дӕр ӕмӕ бынӕй дӕр — дидинджыты чъинаты пӕлӕхсар нывӕфтыдтӕ. 30Алы суанцъыйӕн дӕр уыди цыппар цалхы, ӕрхуы сӕмӕнтимӕ. Йӕ цыппар фисыныл — агуромӕнтӕ, дидинджыты чъинатимӕ уыдысты иу джиппы уагъд. 31Суанцъыйӕн йӕ хъуыр хӕрдмӕ уыди ӕлмӕрины йас, йӕ уӕрх та — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕджы йас, уыди тымбыл, бынӕй йӕхи фӕрстӕ та — цыппӕрдигъон. 32Фӕрсты бынмӕ уыди цыппар цалхы, сӕ сӕмӕнтӕ — суанцъыйыл фидаргонд. Цӕлхытӕн сӕ бӕрзӕнд — ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. 33Уыдысты тохуӕрдӕтты цӕлхыты халдих — джиппыуагъд: сӕмӕнӕй, чъилӕй, дӕндагӕй, мӕскъӕй. 34Алы суанцъыйӕн дӕр йӕ цыппар фисыны агуромӕнтӕ суанцъыимӕ уыдысты иу джиппы уагъд. 35Суанцъытӕн сӕ алкӕцыйы хъуыры зиллаккыл дӕр сӕрӕй уыд ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн уадздзаг фидаргонд, йӕ уромӕнтимӕ иу джиппы уагъд. 36Уыцы уромӕнтӕ ӕмӕ фӕрсты уадздзӕгтыл Хурам скодта херувимтӕ, домбӕйттӕ ӕмӕ пальмӕты нывӕфтыдтӕ, сӕ алыварс та — дидинджыты чъинатӕ. 37Ацы дӕс суанцъыйы иууылдӕр уыдысты кӕрӕдзийы халдих: иу джиппы уагъд, ӕмас, ӕмӕнгӕс. 38Ацы суанцъытӕн ма Хурам ноджыдӕр скодта дӕс ӕрхуы цӕхгӕры, алы цӕхгӕрӕн дӕр йӕ фӕтӕн уыди цыппар ӕлмӕрины, дон дзы цыди дыууиссӕдз баты. 39Суанцъытӕй фондз сӕ цӕхгӕртимӕ лӕууыдысты Кувӕндоны рахизфарс, фондз та — йӕ галиуфарс. Ӕрхуы денджыз та лӕууыди рахизфарсӕрдыгӕй, Кувӕндонӕн йӕ хуссар-скӕсӕйнаг фисыны цур.

40Ноджы ма Хурам скодта тастӕ, чысыл фыййӕгтӕ ӕмӕ куыситӕ.

Афтӕмӕй, Хурам паддзах Соломоны фӕдзӕхстӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ иууылдӕр фӕци.
41Джиппы рауагъта: дыууӕ цӕджындзы;
дыууӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуаны цӕджындзты цъуппытӕн;
каубыд хызӕгтӕ рӕхыстимӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуантӕн;
42цыппарсӕдӕ гранат фӕткъуыйы нывӕфтыдтӕ хъоппӕгӕнгӕс ӕфтуанты хызӕгтыл, алы ӕфтуаныл дӕр — дыууӕ рӕнхъы;
43цӕлхытыл цӕугӕ дӕс суанцъыйы; суанцъытыл ӕвӕрд дӕс аджы;
44ӕрхуы денджыз, йӕ быны та — дыууадӕс галы;
45ноджы ма тастӕ, чысыл фыййӕгтӕ, куыситӕ.

Хурам паддзах Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндоны тыххӕй цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр уыдысты лӕгъзгонд, ӕрттиваг ӕрхуыйӕ конд.
46Паддзах сӕ джиппы рауадзын кодта Иорданы дӕлвӕзы, Суккот ӕмӕ Царетаны’хсӕн ӕлыгбын мӕры. 47Ӕрхуы дзауматӕ тынг бирӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ Соломон баргӕ дӕр не скодта, ӕмӕ сӕ уӕз цас уыди, уый не сбӕрӕг.

48 49 50Соломон ма Хурамӕн скӕнын кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз дзауматӕ дӕр: нывондхӕссӕн; кувӕггаг дзулты фынг; дӕс цырагъдарӕны, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз — галиуӕрдыгӕй, Рухсмонуатмӕ бацӕуӕны раз; цырагъдарӕнтӕн дидинсыф ӕфтуантӕ; цырӕгътӕ, ӕртыскӕнтӕ, Кувӕндоны тӕбӕгътӕ, кӕрдтӕ, куыситӕ, уидгуытӕ, будсудзӕнтӕ; ӕвдузӕнтӕ Рухсмонуат ӕмӕ Кувӕндоны дуӕрттӕн.

Ацы дзауматӕ иууылдӕр конд ӕрцыдысты сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.

51Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон саразыны ӕппӕт куыстытӕ конд куы фӕци, уӕд райста, Давид Дунедарӕгӕн цы сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ алы дзауматӕ снывонд кодта, уыдон ӕмӕ сӕ бафснайдта Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнадӕтты.
Copyright information for OssIBT2022