1 Kings 8
Кувӕндон — Хуыцауы цӕрӕн
1Иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ паддзах Соломон фӕсидти Израилы хистӕртӕм, Израилы хӕдзарвӕндӕгты ӕмӕ мыггӕгты хистӕртӕм. Фӕсидти сӕм Йерусалиммӕ, цӕмӕй сын Дунедарӕджы Фидыды Чырын Давиды сахарӕй (сахарӕн йӕ иннӕ ном — Сион) рахӕссын кӕна. 2Ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ паддзах Соломонмӕ ӕрӕмбырд сты Халагъудты бӕрӕгбоны рӕстӕг. Уый уыди етанимы мӕй, ӕвдӕм мӕй. 3Израилы хистӕртӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сауджынтӕ Фидыды Чырын се уӕхсчытӕм систой. 4Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ Фембӕлды Цатыр, стӕй, Цатыры цы уаз дзауматӕ уыди, уыдон иууылдӕр. 5Ныр паддзах Соломон ӕмӕ израилӕгты ӕппӕт дзыллӕ та ӕрӕмбырд сты Фидыды Чырыны размӕ ӕмӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурвосӕй ӕрхастой ӕнӕнымӕц нывӕндтӕ. 6Уый фӕстӕ сауджынтӕ Кувӕндоны рӕбинаг уатмӕ, Рухсмонуатмӕ, бахастой Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтой херувимты базырты бын. 7Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты Фидыды Чырыны сӕрмӕ тыгъд ӕмӕ йӕ ӕмбӕрзтой йӕ хӕссӕн хъилтимӕ. 8– 9Уыцы хъилтӕ ахӕм даргъ уыдысты, ӕмӕ сын сӕ кӕрӕттӕ уыдта, Рухсмонуаты дуармӕ-иу чи ӕрлӕууыд, уый, фӕлӕ уымӕй ӕддӕдӕр нӕ зындысты. Фидыды Чырыны хуылфы ницы уыди, дыууӕ къӕйдуры йеддӕмӕ. Кӕддӕр Израилы адӕм Мысырӕй куы рацыдысты ӕмӕ Дунедарӕг семӕ куы бафидыдта, уӕд сӕ Хоревы хохыл Моисей нывӕрдта уыцы Чырыны. Ӕмӕ ныронг дӕр уым сты. 10Сауджынтӕ куыддӕр Кувӕндонӕй рацыдысты, афтӕ ӕврагъ байдзаг кодта Дунедарӕджы хӕдзар. 11Кувӕндон Дунедарӕджы кады тӕмӕнӕй кӕй байдзаг, уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕ нал фӕрӕзтой уым сӕ уаз лӕггад дарддӕр ӕххӕст кӕнын. 12Ӕмӕ Соломон скуывта: «О Дунедарӕг! Ды загътай, Ӕз цӕрын тар ӕврагъы мидӕг. 13Ныр Дын ӕз скодтон бӕрзонд ӕмӕ парахат Хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».Соломоны ныхас адӕммӕ
14Уый фӕстӕ паддзах йе’ргом раздӕхта израилӕгты дзыллӕмӕ ӕмӕ се’ппӕтӕн дӕр арфӕ ракодта. 15Стӕй загъта: — Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Уый Йе стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодта, кӕддӕр мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Афтӕ йын загъта: 16«Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй Мӕ номыл уым хӕдзар арӕзт ӕрцӕуа, фӕлӕ равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы Мӕ ном цӕра, ӕмӕ равзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы сӕргъы». 17Мӕ фыд Давиды фӕндыди Кувӕндон саразын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номыл. 18Дунедарӕг ын загъта: «Ӕхсызгон Мын у, Мӕ номыл Кувӕндон саразынмӕ кӕй хъавыс, уый, 19фӕлӕ ды нӕ уыдзынӕ йӕ аразӕг. Мӕ номыл Мын Кувӕндон сараздзӕни дӕ фырт, дӕ туг ӕмӕ де стӕг». 20Ӕмӕ ныр Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ дзырд. Куыд загъта, афтӕ ӕз сбадтӕн мӕ фыд Давиды бынаты, Израилы паддзахы къӕлӕтджыны, ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, Йӕ номыл сарӕзтон Кувӕндон. 21Дунедарӕг нын нӕ фыдӕлты Мысырӕй куы ракодта, уӕд семӕ бафидыдта, ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ цы Фидыды Чырыны ӕвӕрд сты, уымӕн ацы Кувӕндоны скодтон бынат. 22Соломон ӕрлӕууыди Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз, израилӕгты дзыллӕйӕн сӕ разӕй, йӕ къухтӕ арвмӕ сдардта 23ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ды дӕ, уӕларвы дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр ӕмбал Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Иудадзыг Дӕ лӕггадгӕнджытыл, зӕрдиагӕй Дын чи кусы, уыдоныл ӕнувыд дӕ. Хъахъхъӕныс, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый ӕмӕ сыл аудыс ӕдзухдӕр. 24Ацы бон Де стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодтай, Дӕ лӕггадгӕнӕгӕн, мӕ фыд Давидӕн, Дӕхи дзыхӕй цы дзырд радтай, уый. 25Ӕмӕ ныр, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, сӕххӕст кӕн, ноджы ма Дӕ цагъар Давидӕн, мӕ фыдӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый дӕр: „Дӕ фырттӕ раст фӕндагыл куы лӕууой, дӕуау Мын иузӕрдион лӕггад куы кӕной, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕ мыггагмӕ дӕр баддзысты Израилы паддзахы къӕлӕтджыны“. 26Уӕдӕ ныр Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Кӕддӕр дӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн, мӕ фыдӕн, цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн! 27Ӕниу Хуыцау зӕххыл куыд хъуамӕ ӕрцӕра? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ дӕр Дын ӕгӕр къуындӕг куы сты, куы нӕ Дыл ӕххӕссынц, уӕд Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд бацӕудзынӕ? 28О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Абон ӕркӕс Дӕ цагъармӕ, Дӕ хъус ын ӕрдар йӕ куывдмӕ, фехъус ын йӕ лӕгъстӕ! 29Ӕхсӕвӕй уа, бонӕй, Де’ргом макуы аздах ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар Дӕм кувы, ацы бынатмӕ йе’ргом саразгӕйӕ, ӕмӕ йын айс йӕ куывд. 30Фехъус Дӕ цагъары ӕмӕ Дӕ адӕм Израилы куывд! Ацы бынатмӕ не’ргом саразгӕйӕ-иу Дӕм куы скувӕм, уӕд-иу нын Дӕ цӕрӕнбынатӕй, уӕлӕрвтӕй, фехъус нӕ куывд ӕмӕ-иу нын нӕ азым ныббар!Кувӕндон — Хуыцаумӕ кувӕн бынат
31Иу иннӕйы азымджын куы кӕна, мӕ разы фӕтӕригъӕдджын ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын Дӕ Кувӕндоны нывондхӕссӕны раз ард куы бахӕрын кӕна, 32уӕд ын уӕларвӕй фехъус йӕ ардбахӕрд ӕмӕ йын Дӕ раст тӕрхон рахӕсс: азымджын у — бафхӕр ӕй, ӕназым у — йӕ маст ын райс ӕмӕ цас раст у, уымӕ гӕсгӕ йӕ Дӕ хорзӕхӕй барӕвдау! 33Дӕ адӕм, Израил, Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын сты ӕмӕ уый тыххӕй фыдгулы амӕттаг баисты, зӕгъгӕ, уӕд куы ӕрфӕсмон кӕной, се’ргом Дӕм куы раздахой ӕмӕ Дын ацы Кувӕндоны Дӕ номӕн кад куы скӕной, кувын, лӕгъстӕ кӕнын Дӕм куы райдайой, 34уӕд-иу сӕ уӕларвӕй фехъус, ныббар-иу Дӕ адӕмы, Израилы, тӕригъӕд ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздах сӕ зӕхмӕ, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтай, уырдӕм! 35Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын сты ӕмӕ сын уый тыххӕй арв йе’ртах нал дӕтты, зӕгъгӕ, уӕд Дын Дӕ къухы цӕф куы бамбарой ӕмӕ сӕ тӕригъӕдыл куы ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ Дын, ацы Кувӕндонмӕ се’ргом саразгӕйӕ, Дӕ номӕн кад куы скӕной ӕмӕ Дӕм куы скувой, 36уӕд-иу уӕларвӕй фехъус Дӕ лӕггадгӕнджыты, Израилы адӕмы, ӕмӕ-иу сын ныббар сӕ азым, раст фӕндагыл-иу сӕ сараз, фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн сын цы зӕхх радтай, ууыл та-иу къӕвдайы’ртах ӕруадз! 37Зӕххыл хус дымгӕ, зайӕгойты низ, мӕтыхтӕ ӕмӕ къуыдыргалм тыллӕг куы бабын кӕной ӕмӕ стонг заман куы скӕна, ноджы ма адӕм емынӕ ӕмӕ ӕндӕр низты амӕттаг куы бауой кӕнӕ сӕм фыдгул куы бабырса, 38уӕд-иу Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, искӕмӕн йӕ зӕрдӕ фыдохы азарӕй ныррызти ӕмӕ Дӕм, ацы Кувӕндонмӕ йӕ къухтӕ ныттындзгӕйӕ, скуывта, балӕгъстӕ Дын кодта, зӕгъгӕ — 39фехъус-иу ӕй уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ныббар Дӕ адӕмы азым! Алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, уымӕн ӕмӕ Ды зоныс, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый, ӕрмӕстдӕр Ды зоныс адӕмы зӕрдӕтӕ. 40Уӕд Дын кад кӕндзысты ӕмӕ Дӕ нымайдзысты цӕргӕ-цӕрӕнбонты, цалынмӕ, кӕддӕр нын нӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх радтай, ууыл цӕрой, уӕдмӕ. 41Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, чи нӕ уа, ахӕм исчи, ӕддагон, дард бӕстӕй Дӕ номы сӕраппонд куы ӕрбацӕуа, — 42уымӕн ӕмӕ Дын фехъуыста Дӕ цытджын ном ӕмӕ Де стыр хъомысы кой — ӕмӕ Дӕм, Дӕ Кувӕндонмӕ йе’ргом саразгӕйӕ, куы скува, 43уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын сӕххӕст кӕн, цӕй тыххӕй Дӕм скува, уый, цӕмӕй Дын ӕппӕт адӕмтӕ базоной Дӕ ном, аргъуыц Дын кӕной, Дӕ адӕмау, Израилау, цӕмӕй базоной, кӕй Дын сарӕзтон, уыцы Кувӕндон Дӕ ном кӕй хӕссы, уый. 44Дӕ адӕм Дӕ амынд фӕндагыл фыдгулимӕ схӕцынмӕ куы рацӕуой ӕмӕ, Дӕхицӕн цы сахар равзӕрстай ӕмӕ Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уыдонмӕ се’ргом раздахгӕйӕ, Дӕумӕ куы скувой, Дунедарӕг, 45уӕд-иу сын уӕларвӕй фехъус сӕ куывд, сӕ лӕгъстӕ ӕмӕ-иу сын ахъаз бакӕн! 46Гӕнӕн ис, ӕмӕ Дӕ адӕм Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын уой, уымӕн ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд ничи у. Ды сӕм смӕсты уыдзынӕ, фыдгулты амӕттаг сӕ бакӕндзынӕ, ӕмӕ сӕ уыдон уацары акӕндзысты дард кӕнӕ ӕввахс бӕстӕмӕ. 47Гӕнӕн ис, ӕмӕ Дӕ адӕм уым ӕрфӕсмон кӕной, се’ргом Дӕм раздахой ӕмӕ Дӕм скувой, фӕтӕригъӕдджын стӕм, фӕазымджын стӕм, фыдми ракодтам, зӕгъгӕ. 48Гъемӕ сӕ уацары чи акодта, уыцы фыдгулты зӕххыл Дын сӕ уд, сӕ зӕрдӕ куы снывонд кӕной, се’ргом куы саразой, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх саккаг кодтай, Дӕхицӕн цы сахар равзӕрстай ӕмӕ ӕз Дӕ номыл цы Кувӕндон сарӕзтон, уыдонмӕ, 49уӕд-иу сын Ды уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, фехъус сӕ куывд, сӕ лӕгъстӕ ӕмӕ-иу сын ахъаз бакӕн! 50Дӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын сты, уый сын ныббар, уацары сӕ чи акодта, уыдоны зӕрдӕ сӕм фӕфӕлмӕн кӕн, цӕмӕй сын фӕтӕригъӕд кӕной. 51Уымӕн ӕмӕ уыдон Дӕ адӕм сты, Дӕ исбон; Ды сӕ ракодтай Мысырӕй — згъӕртайынгӕнӕн куынцгомӕй. 52Дӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ Дӕ адӕм Израил Дӕм куы кувой, уӕд-иу сӕ кӕддӕриддӕр фехъус, цӕстуарзонӕй-иу сӕм ракӕс! 53Ды сӕ Дӕхицӕн исбон скӕныны охыл рахицӕн кодтай дунейы адӕмтӕй, Дӕ цагъар Моисейы дзыхӕй сын ныфс куыд бавӕрдтай, афтӕ, кӕддӕр нын Мысырӕй нӕ фыдӕлты куы ракодтай, уӕд, о Дунедарӕг Хуыцау!»Соломоны кӕронбӕттӕн куывд ӕмӕ йӕ сидт адӕммӕ
54Соломон Дунедарӕгмӕ куы скуывта, йӕ куывд ӕмӕ йӕ курдиӕттӕ дзырд куы фӕци, йӕ къухтӕ арвмӕ тыгъдӕй Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз йӕ зонгуытыл фӕлӕууыди, афтӕмӕй, уӕд сыстад 55ӕмӕ Израилы дзыллӕйӕн хъӕрӕй раарфӕ кодта: 56«Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ сын радта ӕдас цард. Йӕ цагъар Моисейы дзыхӕй фӕрнджын ныхасӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕ ныууагъта. 57Кӕддӕр нын Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, нӕ фыдӕлтыл куыд аудыдта, афтӕ аудӕд махыл дӕр, йӕхи ныл ма атигъ кӕнӕд ӕмӕ нӕ дзӕгъӕлӕй ма ныууадзӕд. 58Раттӕд нын коммӕгӕс зӕрдӕ, цӕмӕй, нӕ фыдӕлтӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ цӕуӕм Йӕ амынд фӕндӕгтыл, ӕххӕст Ын кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ амындтытӕ. 59Абон цы скуывтон ӕмӕ Дунедарӕгӕй цы ракуырдтон, уый та Дунедарӕг Хуыцауӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй рох ма уӕд. Ӕрвылбон алы хъуыддаджы дӕр ахъаз кӕнӕд Йӕ цагъарӕн дӕр ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн дӕр. 60Уӕд ӕппӕт адӕмтӕ дӕр базондзысты, Дунедарӕг, ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. 61Уымӕ гӕсгӕ тынг ӕнувыд ут Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл, ӕмӕ Йын абонау ӕдзухдӕр ӕххӕст кӕнут Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ».Кувӕндоны фыццаг бӕрӕгбон
62– 63Паддзах Соломон ӕмӕ Израилы адӕм сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндон срухс скӕныны стыр бӕрӕгбон ӕмӕ ӕрхастой нывӕндтӕ. Фидыды нывӕндты номыл стурвосӕй акусарт кодтой дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин сӕры, лыстӕг фосӕй та — ӕхсӕзыссӕдз мин сӕры. 64Дунедарӕджы Кувӕндоны раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыди, уый утӕппӕт нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн ӕгӕр гыццыл кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Соломон тӕккӕ уыцы бон срухс кодта, Кувӕндоны раз цы кӕрт уыд, уымӕн йӕ астӕуккаг хай, ӕмӕ уым ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ, стӕй хойраджы хуынтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндты фиу. 65Соломон Дунедарӕджы раз куывд скодта. Ӕгас Израил, Лево-Хаматӕй суанг Мысыры арӕны раз цы цӕугӕдон калд, уый онг чи царди, уыдон иууылдӕр — тынг бирӕ дзыллӕ — ӕрӕмбырд сты уыцы куывдмӕ ӕмӕ фӕминас кодтой иннабонӕй иннабонмӕ. 66Ӕстӕм бон паддзах Соломон адӕмы ауагъта. Уыдон ын арфӕ ракодтой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм араст сты, Дунедарӕг Йӕ лӕггадгӕнӕг Давидӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн цы бирӕ хӕрзты бацыд, уыдоныл цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ.
Copyright information for
OssIBT2022