1 Kings 9
Хуыцауы дзуапп Соломонӕн
1Соломонӕн Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан ӕмӕ, ноджыдӕр ма цы бӕстыхӕйттӕ саразинаг уыд, уыдон конд куы фесты, 2уӕд ӕм Дунедарӕг дыккаг хатт ӕргом рацыд, кӕддӕр ӕм Гивоны куыд раргом ис, афтӕ 3ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт. 4Дӕ фыд Давидау Мын иузӕрдионӕй ӕмӕ рӕстӕй куы лӕггад кӕнай, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ куы цӕрай, 5уӕд дын дӕ паддзахдзинад сфидар кӕндзынӕн, дӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдтон, афтӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕ кӕддӕриддӕр паддзахиуӕг кӕндзысты Израилы. 6Фӕлӕ Мыл, мыййаг, дӕ фырттимӕ уӕхи бынты-быны тигъ куы акӕнат ӕмӕ уын, цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радтон, уыдон куы не’ххӕст кӕнат, фӕлӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувын ӕмӕ сын лӕггад кӕнын куы райдайат, 7уӕд Израилы адӕмы рамӕрздзынӕн, цы зӕхх сын радтон, уымӕй, Мӕхи атигъ кӕндзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цы Кувӕндон срухс кодтон, ууыл дӕр, ӕмӕ Израилы адӕмыл худдзысты ӕмӕ сын фидис кӕндзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. 8Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн дӕр-иу йӕ цурты чи рацӕуа, уый-иу сагъдауӕй аззайдзӕн, стӕй-иу фехситт кӕндзӕн ӕмӕ бафӕрсдзӕн, ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг цӕй тыххӕй афтӕтӕ бакодта, зӕгъгӕ. 9Ӕмӕ-иу ын зӕгъдзысты, сӕ фыдӕлты сын Мысырӕй чи ракодта, уыцы Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувыныл кӕй фӕцайдагъ сты ӕмӕ сын лӕггад кӕй кӕнынц, уый тыххӕй сыл ныххуырста Дунедарӕг ацы бӕллӕх».Паддзах Соломоны хъуыддӕгтӕ
10Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуан саразыныл бахардз кодта ссӕдз азы. 11Уыцы хъуыддӕгты йӕ, цасдӕриддӕр ӕй хъуыдис, уый бӕрц кедр ӕмӕ кипарис хъӕдӕрмӕгӕй, стӕй сыгъзӕринӕй ифтонг кодта Тиры паддзах Хирам. Арӕзтадон куыстытӕ куы фесты, уӕд Соломон Хирамӕн радта ссӕдз галилейаг сахары. 12Хирам сӕм Тирӕй йӕхӕдӕг ӕрбацыди фенынмӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты. 13Загъта: «Ай мын, ме’фсымӕр, цавӕр сахартӕ бахай кодтай?» Ӕмӕ, сахартӕ цы зӕххыл уыдысты, уый схуыдта Кавул ▼▼Ома «ницӕйаг».
. 14Фӕлӕ уӕддӕр уыцы сахарты тыххӕй Соломонӕн Тирӕй ӕрбарвыста цъындыйы аргъ — сыгъзӕрины ӕхсӕзыссӕдз таланты. 15Ӕппӕт бӕстыхӕйттӕ саразыны тыххӕй Соломон сфидар кодта бегарайы хӕс, цӕмӕй сараза Дунедарӕджы Кувӕндон, йӕ галуан, ногӕй рацараза Миллойы зылд, Йерусалимы сахары дурамад быру, стӕй сахартӕ Хацор, Мегиддо ӕмӕ Гезер. 16Мысыры паддзах фараон уымӕй размӕ Гезеры сахармӕ ӕрбабырста ӕмӕ йӕ арты амӕттаг бакодта. Йӕ цӕрджыты йын, ханаанӕгты, ныццагъта ӕмӕ фӕстӕдӕр сахар чындзы дзаумайӕн балӕвар кодта йӕ чызгӕн, Соломоны усӕн. 17Ӕмӕ ныр Соломон ногӕй рацарӕзта Гезеры сахар. Ноджы ма рацарӕзта сахартӕ дӕллаг Бет-Хорон 18ӕмӕ Баалат, стӕй Тамары сахар ӕдзӕрӕг бӕсты (Иудейы зӕххыл). 19Уымӕй уӕлдай ма Соломон сарӕзта ӕфтауцуат сахартӕ: иуты дзы дардта хӕлц, иннӕты — тохуӕрдӕттӕ, аннӕты — бӕхджын ӕфсӕдтӕ. Ноджы ма Соломон Йерусалимы, Ливаны ӕмӕ йӕ паддзахады алы рӕтты сарӕзта ӕндӕр бӕстыхӕйттӕ дӕр, куыддӕриддӕр сфӕнд кодта, афтӕ. 20– 21Израилы зӕххыл раздӕр цы ӕндӕр адӕмтӕ царди — аморӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ — уыдоны мыггаг бынтон сыскъуынын израилӕгтӕн нӕ бантыст. Ӕмӕ сын ныр Соломон сӕ фӕстагӕтты бафтыдта тыхбегарайы алы куыстытыл, ӕмӕ сӕ кӕнынц ныронг дӕр. 22Уыцы хъуыддаджы Израилы адӕмы нӕ тыхсын кодта. Уый нӕ, фӕлӕ сӕ йӕхицӕн скодта хӕстонтӕ, фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ, ӕвӕрдта сӕ йӕ тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджынты сӕргъы. 23Соломонӕн йӕ кусӕг адӕмы сӕргъы лӕууыди фондзсӕдӕ фӕндзай цӕстдарӕджы. Уыдонӕн сӕ бӕрны уыдысты ӕппӕт арӕзтадон куыстытӕ. 24Фараоны чызг Давиды сахарӕй, Соломон ын цы галуан сарӕзта, уырдӕм куы ӕрбалыгъд, уый фӕстӕ паддзах райдыдта Миллойы зылды бӕстыхӕйттӕ аразын. 25Соломон Дунедарӕгӕн цы нывондхӕссӕн сарӕзта, ууыл афӕдз ӕртӕ хатты хаста иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ, ноджы ма йыл сыгъта буд. Афтӕмӕй Кувӕндон арӕзт фӕци. 26Сырх денджызы былгӕрон Ецион-Геверы, Елотмӕ хӕстӕг, Едомы зӕххыл, Соломон арӕзта наутӕ. 27Хирам ын уырдӕм, денджызон хъуыддӕгты баххуысы охыл, Соломоны адӕмимӕ фӕлтӕрдджын наудзогты арвыста. 28Ӕмӕ Соломоны адӕмимӕ наутыл Ецион-Геверӕй араст сты Офирмӕ, ӕмӕ уырдыгӕй паддзах Соломонӕн ӕрбаластой цыппарсӕдӕ дыууын таланты бӕрц сыгъзӕрин.
Copyright information for
OssIBT2022