1 Peter 5
Зонды ныхас аргъуаны хистӕртӕн
1Фыссын уӕ аргъуаны хистӕртӕм. Ӕз дӕр дӕн аргъуаны хистӕр, Чырыстийы хъизӕмӕрттӕн ӕвдисӕн ӕмӕ, цы кад хъуамӕ раргом уа, уымӕй чи схайджын уыдзӕн, уыдонӕй иу. Курын уӕ: a 2сымахыл кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, Хуыцауы уыцы дзуг ӕнӕбары, ӕфтиаджы тыххӕй ма хизут, фӕлӕ зӕрдиагӕй, ӕнувыдӕй — Хуыцауӕн фӕндонӕй. b 3Уӕ бӕрны чи ис, уыдонӕн ӕлдӕрттӕ ма ут, фӕлӕ дзугӕн ут фӕзминаг. c 4Ӕмӕ Хистӕр Фыййау куы’рцӕуа, уӕд райсдзыстут кады ӕнусон хӕрзиуӕг. 5Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у,сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты». d
6Уӕдӕ уӕхи ӕрныллӕг кӕнут хъомысджын Хуыцауы раз, ӕмӕ, афон куы ралӕууа, уӕд уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн. e 7Уе’ппӕт сагъӕстӕ бакӕнут Йӕ бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ мӕт сымахыл у. f
Хӕйрӕджы ныхмӕ лӕуут
8Ут къӕрцхъус ӕмӕ уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ уӕ фыдгул, хӕйрӕг, цӕуы богътӕгӕнӕг домбайау ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, ахӕмты. g 9Фидар уырнындзинадимӕ ӕрлӕуут йӕ ныхмӕ — уе’фсымӕртӕ дӕр ӕппӕт дунейы ахӕм тухӕнтӕ кӕй ӕвзарынц, уый сымах зонут. h 10Чысыл рӕстӕг тухӕнтӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ, алы хорзӕх дӕр Кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау уӕ Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сӕвзӕрста Йе’нусон кадӕй хай райсынмӕ, ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг ратдзӕн ног тыхтӕ, скӕндзӕн уӕ удвидар, хъаруджын ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. i 11Уый паддзахиуӕг кӕнӕд мыггагмӕ! Аммен.Кӕронбӕттӕн
12Ацы цыбыр фыстӕг уӕм ныффыстон, иузӕрдионыл кӕй нымайын, уыцы ӕфсымӕр Силуаны ӕххуысӕй. Фӕнды мӕ сымах фӕныфсджын кӕнын, цы хорзӕхы фӕдыл фыссын, уый Хуыцауы ӕцӕг хорзӕх кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн ныллӕууын. Фидар хӕцут уыцы хорзӕхыл. 13Саламтӕ уын ӕрвитынц, сымахау Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, Вавилоны ▼▼Апостол Петр, ӕвӕццӕгӕн, Вавилон хоны Ромы сахар — уымӕн дӕр йӕ цӕрджытӕ, кӕддӕры вавилойнӕгтау, алы тӕригъӕдтыл бафтыдысты.
уыцы аргъуан, стӕй мӕ хъӕбул Марк. 14Кӕрӕдзийӕн салам дӕттут ӕфсымӕрон уарзты байӕ. Фарн уе’ппӕтӕн дӕр — Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн.
Copyright information for
OssIBT2022