1 Peter 1
1Петрӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй, — Понты, Галатийы, Каппадокийы, Азийы ӕмӕ Вифинийы чи ныххӕлиу, ӕцӕгӕлонау дзы чи цӕры, Хуыцауы уыцы ӕвзӕрстытӕм. a 2Нӕ Фыд Хуыцау зыдта рагацау ӕмӕ уӕ срухс кодта Йӕ Удӕй, цӕмӕй Йесо Чырыстийӕн уат коммӕгӕс ӕмӕ ссыгъдӕг уат Йӕ Тугӕй. Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕмӕ фарнӕй ноджы фылдӕр хайджын цы уат, ахӕм арфӕ уӕ уӕд. bУырнындзинад фӕлварын
3Арфӕгонд у нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд. Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уымӕй нын Йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ радта ног цард ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ зӕрдӕдарӕн c — 4фесӕфӕн кӕмӕн нӕй, рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ уӕлӕрвты ӕвӕрдӕй лӕууынц сымахӕн. d 5Уырнындзинад уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сымах Йӕ хъаруйӕ хъахъхъӕны, цалынмӕ уӕ фервӕзын кӕна, уӕдмӕ. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, ӕмӕ йӕ Хуыцау раргом кӕндзӕни рӕстӕджы кӕрон. e 6Ӕмӕ цин кӕнут уыдӕтты тыххӕй, ныртӕккӕ уӕ алыхуызон фӕлварӕнты исдуг хъыг бавзарын куы бахъӕуы, уӕд дӕр. f 7Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы’рцӕуа, уӕд. 8Сымах уӕхи цӕстӕй нӕ федтат Чырыстийы, фӕлӕ Йӕ уарзут, ӕмӕ Йӕ кӕд ныртӕккӕ нӕ уынут, уӕддӕр Ыл ӕууӕндут ӕмӕ уӕ цин у, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм. g 9Уымӕн ӕмӕ уӕ къухы ӕфты, уырнындзинад сымах цӕмӕ хъуамӕ ӕркӕна, уый — уӕ удты ирвӕзындзинад. h 10Уыцы ирвӕзындзинад иртӕстой пехуымпартӕ ӕмӕ рагагъоммӕ загътой, сымахӕн нысангонд цы хорзӕх уыди, уый тыххӕй. i 11Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы хъизӕмӕртты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры кады тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы рӕстӕгмӕ ӕмӕ уавӕрмӕ амыдта, уый базоныныл. 12Хуыцау сын раргом кодта, сӕ лӕггад сӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ уӕ сӕраппонд кӕй уыди. Ӕмӕ уыдон цы дзырдтой, уый уын ныр фехъусын кодта уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Уд — Цины Уац чи хӕссы, уыдоны уылты. Уыцы сусӕгдзинад арф банкъарынмӕ суанг зӕдтӕ дӕр тырнынц. jУт сыгъдӕг
13Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл. k 14Ут коммӕгӕс хъӕбултау — Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд уӕм цы монцтӕ уыди, уыдоны фӕдыл ма цӕут, l 15фӕлӕ уӕ Ӕрхонӕг куыд сыгъдӕг у, уӕхӕдӕг дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут афтӕ сыгъдӕг. m 16Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз сыгъдӕг дӕн». 17Чи никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ Чи хӕссы тӕрхон, кӕд Уый уӕ Фыд хонут, уӕд ӕцӕгӕлон бӕсты уӕ цард ӕрвитут афтӕ, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас куыд уа. 18Уымӕн ӕмӕ сымах зонут: уӕ фыдӕлтӕй уын цы ницӕйаг цард баззад, уымӕй уӕ балхӕдӕуыди, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕринӕй нӕ, 19фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы — Чырыстийы зынаргъ Тугӕй. n 20Уый сӕвзӕрстӕуыд дуне сфӕлдисыны размӕ, ӕмӕ сымах сӕраппонд раргом рӕстӕджы кӕрон. 21Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.Уарзут кӕрӕдзийы
22Ӕцӕгадӕн йӕ коммӕ бакӕсыны руаджы сымах уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кодтат, цӕмӕй зӕрдиагӕй уарзат уе’фсымӕрты. Уӕдӕ кӕрӕдзийы бауарзут зӕрдиагӕй. o 23Уымӕн ӕмӕ сымах ногӕй райгуырдыстут, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цардӕгас ӕмӕ ӕнусон ныхасы руаджы. p 24Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Адӕймаг кӕрдӕджы хуызӕн у,йӕ кады ӕрттывд — быдираг дидинӕджы ӕнгӕс:
кӕрдӕг бахус ис, ӕмӕ дидинӕг ӕрызгъӕлди,
25Дунедарӕджы дзырд та баззайдзӕн ӕнустӕм».
Уыцы Дзырд та, цы Фарны Уац фехъуыстат, уый у!
Copyright information for
OssIBT2022