1 Peter 2
Уаз уӕвын къухы куыд бафтдзӕн
1Уӕдӕ ныууадзут алы хӕрам, хин, цӕстмӕми, хӕлӕг ӕмӕ фыдгой. a 2Ноггуырд сабитау кӕддӕриддӕр уӕ зӕрдӕ агурӕд удӕн царддӕттӕг монон сыгъдӕг ӕхсыр — рӕзты хос уын куыд уа уӕ фервӕзынӕн, афтӕ. b 3Уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Бардарӕджы хорзӕхы ад. 4Адӕм Кӕуыл нӕ барвӕссыдысты, фӕлӕ Хуыцау Кӕй сӕвзӕрста ӕмӕ Йын зынаргъ Чи у, ӕрцӕут уыцы Чырыстимӕ — цардӕгас Дурмӕ. c 5Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй. d 6Сыгъдӕг фыст дӕр уымӕн афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн —ӕвзӕрст зынаргъ дур,
чи Йыл ӕууӕнды — нӕ фегад уыдзӕн». e
7Уӕдӕ Уый сымахӕн, уырнджытӕн, хӕзна у, ӕнӕуырнджытӕн та — «аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты,
уый сси фисыны сӕйраг дур»
8ӕмӕ: «Кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы Дур,
цӕлхдур сын Чи суыдзӕн, уыцы Къӕдзӕх» f.
Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕкӕлынц, уымӕн ӕмӕ не’ууӕндынц Сыгъдӕг Фыстыл. Афтӕ сын нывгонд у. 9Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ. g 10«Кӕддӕр адӕм нӕ уыдыстут,
ныр та — Хуыцауы адӕм.
Кӕддӕр Ын Йӕ хорзӕх нӕ зыдтат,
ныр та дзы хайджын стут». h
Хицауадмӕ цы ахаст хъуамӕ уа
11Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, курын сымахӕй, ӕцӕгӕлон бӕсты рӕстӕгмӕ цӕрджытӕй: уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды монцты коммӕ ма кӕсут — уыдон уӕ уды ныхмӕ тох кӕнынц. i 12Муртаттӕгты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ уӕ чи хоны, уыдон уыл кӕд цъыф калынц, уӕддӕр уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уындзысты ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы’рцӕуа, уӕд. j 13Бардарӕджы сӕраппонд коммӕгӕс ут, кӕй бар уыл цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр: паддзахӕн — уӕлдӕр хицауиуӕггӕнӕгӕн, k 14фыдгӕнджыты бафхӕрыны ӕмӕ хӕрзгӕнджыты барӕвдауыны тыххӕй паддзах кӕй сӕвӕры, уыцы хицӕуттӕн. 15Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы афтӕ фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон сӕвӕрат ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн. 16Кӕд сӕрибар адӕм стут, уӕддӕр уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ сӕрибар ӕвзӕр митӕн ӕмбӕрзӕны хуызӕн ма суа, уымӕн ӕмӕ сымах Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ стут. l 17Аргъ кӕнут алкӕмӕн дӕр, уарзут ӕфсымӕрты, тӕрсут Хуыцауӕй, нымайут паддзахы. mЗонды ныхас цагъартӕн
18Цагъартӕ, нымайут уӕ хицӕутты ӕмӕ сын ут коммӕгӕс, стӕй, зӕрдӕхӕлар ӕмӕ ӕвӕлмас чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ тызмӕгтӕн дӕр. 19Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ Хуыцауимӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у. n 20Уе’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафат ӕмӕ куы быхсат, уӕд дзы раппӕлинагӕй цы ис? Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгтӕ аразут, афтӕмӕй хъизӕмар ӕвзарут ӕмӕ стут фӕразон, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у o — 21Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл. p 22Чырысти тӕригъӕд никуы сарӕзта, ӕмӕ Йӕ дзыхӕй мӕнг ныхас никуы рацыди. q 23Дзырдтой Йын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фӕлӕ сын уый ӕнгӕс дзуапп нӕ лӕвӕрдта, хъизӕмарӕй Йӕ мардтой, фӕлӕ сӕ никӕмӕ бартхъирӕн кодта — Йӕхи бакодта ӕнӕхӕрам Тӕрхонгӕнӕджы бар. 24Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут. r 25Уымӕн ӕмӕ сымах уыдыстут дзӕгъӕл фыстау, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут уӕ Фыййау ӕмӕ уӕ Мӕтгӕнӕгмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022