‏ 1 Samuel 1

Аннӕйы сомы

1Ефремы хӕхбӕсты, Раматаим-Цофимы сахары, царди иу лӕг, ефремон, йӕ ном — Елкана. Йӕ фыд Йерохам уыди Елигуйы фырт, Елигуйы фыд Тоху — Цуфы фырт. 2Елканайӕн уыди дыууӕ усы: сӕ иуӕн йӕ ном — Аннӕ, иннӕмӕн — Пениннӕ. Пениннӕйӕн уыди сывӕллӕттӕ, Аннӕйӕн та зӕнӕг нӕ цыди. 3Лӕг-иу алы аз дӕр йӕ сахарӕй араст ис Силоммӕ, цӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ скува ӕмӕ Йын нывонд ӕрхӕсса. Уым Дунедарӕджы сауджынтӕ уыдысты Елиа ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты, Хофни ӕмӕ Пинхас. 4Елкана-иу нывонд куы’рхаста, уӕд-иу дзы хӕйттӕ бакодта йӕ бинойнаг Пениннӕйӕн ӕмӕ Пениннӕйы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕн се’ппӕтӕн дӕр. 5Аннӕйӕн-иу радта сӕрмагонд хай, уымӕн ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта, кӕд ын Дунедарӕг зӕнӕг нӕ лӕвӕрдта, уӕддӕр. 6Йе’мыджыр та йыл ӕфхӕрынӕй нӕ ауӕрста, мӕстӕй йӕ мардта, Дунедарӕг ын зӕнӕг кӕй нӕ радта, уый тыххӕй. 7Афтӕ уыди ӕрвылаз дӕр: Аннӕ-иу Дунедарӕджы хӕдзармӕ куы ссыди, уӕд ӕй Пениннӕ ӕнӕ бафхӕргӕ никуы ныууагъта.

Иуахӕмы та Аннӕ куыдта, йӕ дзыхмӕ комдзаг нал иста,
8ӕмӕ йын Елкана, йӕ сӕрыхицау, загъта: «Аннӕ! Цӕуыл кӕуыс? Фынгмӕ цӕуылнӕ ӕвналыс? Цы маст дӕ бацыди? Исты дын ӕз дӕс фыртӕй дӕр адджындӕр нӕ дӕн?»

9 10Силомы куывдӕй куы сыстадысты, уӕд Аннӕ, кӕугӕйӕ, йӕ фыр тыхстӕй Дунедарӕгмӕ кувын райдыдта. Ныр сауджын Елиа та Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕны дуары раз бандоныл бадти. 11Аннӕ расомы кодта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ цагъары хъизӕмармӕ куы’ркӕсай, куынӕ Дӕ ферох уа Дӕ цагъар ӕмӕ йын тырын куы ралӕвар кӕнай, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн снывонд кӕндзынӕн. Цӕргӕ-цӕрӕнбонты уыдзӕни Дӕу, ӕмӕ йӕ сӕрыл сӕрдасӕн никуы андзӕвдзӕн».

12Дунедарӕгмӕ куывта ӕмӕ куывта, Елиа та йӕм касти. 13Аннӕ дзырдта йӕ мидзӕрдӕйы, ӕмӕ йӕ былтӕ змӕлыдысты, фӕлӕ йӕ хъӕлӕс нӕ хъуысти, ӕмӕ Елиамӕ расыджы хуызӕн фӕкаст. 14Ӕмӕ йын загъта Елиа: «Расыгӕй ма ам бирӕ лӕудзынӕ? Ацу ӕмӕ баулӕф». 15Аннӕ йын дзуапп радта: «Нӕ, ме’лдар, ӕз сӕн дӕр нӕ бануӕзтон ӕмӕ махсымӕ дӕр. Фыр адӕргӕй цы акӕнон, уый нӕ зонын ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕгӕн мӕ риссӕгтӕ дзурын. 16Дӕ цагъарыл дӕ зӕрдӕ ма фӕхудӕд — мӕ маст ӕмӕ мӕ хъыг мӕ хуылфы нал цӕуынц, ӕмӕ мын банцайӕн уымӕн нал уыди». 17Елиа йын загъта: «Цу фарнимӕ. Израилы Хуыцаумӕ дӕ куывд фехъуысдзӕн ӕмӕ дын, цы курыс, уый ратдзӕн». 18Аннӕ загъта: «Дӕ хорзӕхӕй хайджын куы фӕуаид дӕ цагъар!» Сӕхимӕ рацыди, хӕринаг бахордта ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕрхӕндӕг нал уыд.

Самуелы райгуырд

19Райсомӕй раджы сыстадысты, скуывтой Дунедарӕгмӕ ӕмӕ сӕхимӕ, Рамайы
Рама — сахар Раматаим-Цофаимы цыбыр ном.
сахармӕ, аздӕхтысты. Елкана йӕ ус Аннӕимӕ ӕмуат ӕрцыди. Дунедарӕджы зӕрдыл лӕууыд Аннӕ,
20ӕмӕ Аннӕ банхъӕлцау ис. Йӕ арыны афон куы ӕрцыд, уӕд ын райгуырди лӕппу, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Самуел, уымӕн ӕмӕ дам ӕй Дунедарӕгӕй ракуырдтон.

21Елкана йӕ бинонтимӕ ссыди Дунедарӕгӕн ӕрвылазы нывонд ӕмӕ сомыйы нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ. 22Аннӕ та нӕ ацыди. Йӕ мойӕн загъта: «Саби риуӕй иртӕст куы’рцӕуа, уӕд ӕй мӕхӕдӕг фӕхӕццӕ кӕндзынӕн Дунедарӕджы размӕ, ӕмӕ уыйадыл уым баззайдзӕн». 23Елкана йын загъта: «Дӕ бар дӕхи. Лӕуу уал, дзидзи йын цалынмӕ дарыс, уӕдмӕ. Дунедарӕгӕн цы дзырд радтай, уый Йын фӕндон уӕд».

Сылгоймаг баззади хӕдзары ӕмӕ хаста йӕ лӕппуйы, цалынмӕ дзидзидай уыди, уӕдмӕ.
24Риуӕй иртӕст куы ӕрцыди саби, уӕд йемӕ ацыди Силоммӕ. Йемӕ ракодта ӕртӕаздзыд гал, райста ссады иу ефӕ ӕмӕ сӕны лалым, ӕмӕ афтӕмӕй ссыдысты Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Лӕппу нырма ӕнахъом уыди. 25Гал акусарт кодтой ӕмӕ лӕппуйы Елиайы размӕ бакодтой.

26Аннӕ загъта: «Ме’лдар цӕра, ӕз, ацы ран чи лӕууыд ӕмӕ Дунедарӕгмӕ чи куывта, уыцы сылгоймаг дӕн. 27Мӕнӕ Йӕм ацы сабийы тыххӕй куывтон, ӕмӕ мын ӕй Дунедарӕг радта. 28Ныр та мӕ рад у, ӕмӕ Йын ӕй дӕттын: цард-цӕрӕнбонтӕм Дунедарӕджы у».

Ӕмӕ лӕппу Дунедарӕджы раз ӕрзоныг кодта уым.
Copyright information for OssIBT2022