1 Samuel 10
1Самуел райста сойы дурын, Саулы сӕрыл оливӕйы сой ӕруагъта, аба йын кодта ӕмӕ загъта: «Ацы байсӕрстӕй дӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фӕтӕг зӕгъы. 2Ныр, ардыгӕй куы ацӕуай, уӕд Бениамины зӕххыл, Целцахы, Рахелы зӕппадзы цур, амбӕлдзынӕ дыууӕ лӕгыл. Уыдон дын зӕгъдзысты: „Цы сыл хӕрджытӕ агурӕг рацыдтӕ, уыдон разындысты, ӕмӕ дӕ фыды йӕ хӕрджыты мӕт нал ис, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ сымахмӕ ӕхсайы, ныр кӕм агурон мӕ фырты, зӕгъгӕ.“ 3Уырдыгӕй ацӕудзынӕ дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Фаворы Тулдзмӕ. Уым дыл амбӕлдзысты Вефилы кувӕн къуыбырмӕ, Хуыцаумӕ цӕуӕг ӕртӕ лӕджы. Иумӕ дзы уыдзӕнис ӕртӕ сӕныччы, иннӕмӕ — ӕртӕ дзулы гуыдыны, ӕртыккагмӕ — сӕны лалым. 4Зӕгъдзысты дын салам, дӕтдзысты дын дыууӕ дзулы, ӕмӕ-иу сӕ райс. 5Уый фӕстӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Хуыцауы кувӕн къуыбырмӕ, филистимаг ӕфсады къорд кӕм лӕууы, уырдӕм. Уым, сахармӕ бацӕуӕны цур, амбӕлдзынӕ къуыбырӕй цӕуӕг пехуымпарты къордыл. Уыдон кӕндзысты пехуымпариуӕг, сӕ разӕй цӕуджытӕ цӕгъддзысты дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, уадындзтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй. 6Дунедарӕджы Уд дыл ӕртыхсдзӕн, ӕмӕ ды дӕр семӕ пехуымпариуӕг кӕнын райдайдзынӕ, ӕндӕр адӕймаг суыдзынӕ. 7Ӕппӕт уыдӕттӕ дыл куы’рцӕуа, уӕд-иу уавӕртӕм гӕсгӕ дарддӕр архай, уымӕн ӕмӕ дыл Хуыцау ауды. 8Мӕ разӕй-иу цу Гилгалмӕ. Ӕз дӕм ныццӕудзынӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ. Авд боны-иу банхъӕлмӕ кӕс ме’рцыдмӕ, стӕй дын бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ у, уый». 9Саул куыддӕр фӕзылди Самуелы цурӕй араст уӕвынмӕ, афтӕ йын Хуыцау йӕ зӕрдӕ фӕивта. Самуел цыдӕриддӕр загъта, уыдон ӕрцыдысты тӕккӕ уыцы бон. 10Гевӕмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд амбӕлдысты пехуымпарты къордыл. Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Саулыл, ӕмӕ уый дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта. 11Ныронг ӕй чи зыдта, уыдон ӕй пехуымпартимӕ пехуымпариуӕггӕнгӕ куы федтой, уӕд сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый цы’рцыди Кишы фыртыл? Ау, Саул дӕр пехуымпар сси?» 12Уырдыгӕттӕй иу лӕг афтӕ бакодта: «Ӕмӕ иннӕтӕн та сӕ фыдӕлтӕ чи сты?» Афтӕмӕй ӕмбисондӕн баззад: «Ау, Саул дӕр пехуымпар сси?» 13Саул пехуымпариуӕг куынӕуал кодта, уӕд кувӕн къуыбырмӕ ацыд. 14Саулы фыды’фсымӕр бафарста Саул ӕмӕ йе’ххуырсты: «Кӕм уыдыстут?» Саул загъта: «Хӕрджыты агуырдтам, ӕмӕ сӕ куы нӕ ссардтам, уӕд ацыдыстӕм Самуелмӕ». 15Саулы фыды’фсымӕр загъта: «Самуел уын цы дзырдта, уыдӕттӕ-ма мын рафӕзм». 16Саул дзуапп радта: «Загъта нын, хӕрджытӕ разындысты, зӕгъгӕ». Самуел ын паддзахдзинады тыххӕй цы дзырдта, уый та не схъӕр кодта.Дунедарӕг Саулы Израилӕн паддзахӕй равзӕрста
17Самуел Израилы адӕмы ӕрӕмбырд кодта Мицпамӕ, Дунедарӕджы размӕ. 18Загъта сын: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Израилы ракодтон Мысырӕй. Фервӕзын уӕ кодтон мысырӕгты къухӕй ӕмӕ, ноджыдӕр ма уӕ чи ӕфхӕрдта, уыцы паддзахӕдты къухӕй дӕр“. 19Сымах та абон уӕхи атигъ кодтат уӕ Хуыцауыл, кӕд ӕмӕ уӕ Уый уе’ппӕт фыдбылызтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй ирвӕзын кӕны, уӕддӕр ӕмӕ Йын загътат: „Сӕвӕр нын паддзах нӕ сӕргъы“. Гъемӕ ныр Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут хӕдзарвӕндаггай, мыггаггай». 20Самуел фӕсидти Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕм. Сӕппӕрстой хӕлттӕ, ӕмӕ схаудта Бениамины хӕдзарвӕндаджы хал. 21Уӕд Бениамины хӕдзарвӕндагмӕ фӕсидти мыггаггай, ӕмӕ схаудта Матрийы мыггаджы хал. Матрийы мыггаджы лӕгты ӕрбакодтой, ӕмӕ схаудта Кишы фырт Саулы хал. Саулы агуырдтой, фӕлӕ йӕ не ссардтой. 22Уӕд та Дунедарӕджы бафарстой: «Ӕрбацӕудзӕни ма ӕви нӕ?» Дунедарӕг загъта: «Уӕртӕ чырӕйы’хсӕн бамбӕхсти». 23Ауадысты ӕмӕ йӕ ракодтой уырдыгӕй. Саул адӕмы’хсӕн ӕрлӕууыд. Ахӕм бӕрзонд уыд, ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы адӕмӕй йӕ роцъомӕ дӕр ничи ӕххӕссыд. 24Самуел адӕмӕн загъта: «Уынут, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уый? Ӕппӕт адӕмы’хсӕн ын ӕмбал нӕй». Адӕм иууылдӕр цины хъӕр ныккодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах!» 25Самуел адӕмӕн радзырдта паддзахы барты тыххӕй, чиныджы сӕ ныффыста ӕмӕ чиныг Дунедарӕджы кувӕндоны сӕвӕрдта. Стӕй ӕппӕт адӕмы дӕр сӕ хӕдзӕрттӕм ауагъта. 26Саул дӕр йӕ хӕдзармӕ, Гевӕйы сахармӕ, ацыд. Йемӕ ацыдысты, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыдис, уыцы хъӕбатыртӕ дӕр. 27Фӕлӕ ахӕм цъаммар адӕймӕгтӕ дӕр уыд, афтӕ чи дзырдта: «Ай у махӕн нӕ ирвӕзынгӕнӕг?» Ницӕмӕ йӕ ӕрдардтой ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ дӕр нӕ ракодтой. Фӕлӕ Саул, цыма ницы бафиппайдта, афтӕ йӕхи дардта.
Copyright information for
OssIBT2022