1 Samuel 11
Саулы фӕуӕлахиз аммонӕгтыл ӕмӕ йӕ ӕрхъула Галаады сахар Иавешыл
1Уымӕй иу мӕй фӕстӕдӕр аммонаг Нахаш йе’фсадимӕ ӕрбабырста ӕмӕ ӕрхъула кодта Галаады сахар Иавешыл. Иавешы цӕрджытӕ загътой Нахашӕн: «Цӕдис скӕн немӕ, ӕмӕ дӕ дӕлбартӕ уыдзыстӕм». 2Аммонаг Нахаш сын дзуапп радта: «Уемӕ цӕдис скӕндзынӕн. Ӕцӕг уӕ хъуамӕ алкӕмӕн дӕр йӕ рахиз цӕст сӕппарон, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт Израилы дӕр ӕгады бынаты сӕвӕрон». 3Уӕд ын Иавешы хистӕртӕ загътой: «Ратт нын авд боны, цӕмӕй Израилы алы кӕрӕттӕм арвитӕм минӕвӕрттӕ, ӕмӕ нын куы ничи баххуыс кӕна, уӕд дӕм рацӕудзыстӕм». 4Минӕвӕрттӕ Саулы сахар Гевӕмӕ бацыдысты. Адӕмӕн Нахашы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдтой, уӕд адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдтой. 5Уыцы рӕстӕг Саул йӕ галты фӕстӕ ӕрбацӕйцыди быдырӕй ӕмӕ бафарста: «Цы’рцыди адӕмыл, цӕуыл кӕуынц?» Ӕмӕ йын Иавешы цӕрджыты ныхӕстӕ рафӕзмыдтой. 6Саул уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ыл Хуыцауы Уд ӕртыхст, ӕмӕ йӕ маст рафыхти. 7Дыууӕ галы суӕнгтӕ кодта ӕмӕ минӕвӕртты ӕххуысӕй хӕйттӕ Израилы алы кӕрӕттӕм арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: Саул ӕмӕ Самуелы фӕдыл чи нӕ рацӕуа, уыдоны галтӕ дӕр афтӕ уӕнгтӕгонд ӕрцӕудзысты. Хуыцауы тас бацыди ӕппӕт адӕмы дӕр ӕмӕ сыстадысты иу лӕгау. 8Саул сӕ Безекы банымадта, ӕмӕ уыдысты: Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕртӕсӕдӕ мин лӕджы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — дӕс ӕмӕ ссӕдз мины. 9Уыйадыл Иавешы минӕвӕрттӕн бафӕдзӕхстой: «Галаадаг Иавешы адӕмӕн афтӕ зӕгъут: „Райсом уӕм хуры ӕрбандӕвдимӕ фӕзындзӕн ӕххуыс“». Минӕвӕрттӕ аздӕхтысты, Иавешы адӕмӕн фехъусын кодтой, ӕмӕ уыдонӕн сӕ зӕрдӕ барухс. 10Иавешы цӕрджытӕ загътой Нахашӕн: «Райсом уӕм рацӕудзыстӕм, ӕмӕ уӕ цы бафӕнда, уый-иу нын бакӕнут». 11Дыккаг райсом Саул адӕмы фӕдих кодта ӕртӕ къордыл, ӕмӕ уыдон сӕумӕйӕ знаджы рӕсӕнуаты смидӕг сты. Сихорафонмӕ дӕрӕн кодтой аммонӕгты. Чи ма сӕ аирвӕзти удӕгасӕй, уыдон фӕйнӕрдӕм фӕлыгъдысты, дыууӕ лӕджы дӕр дзы нал аззад иумӕ. 12Уӕд адӕм загътой Самуелӕн: «Чи дзырдта, Саул паддзахӕн нӕ бӕззы? Ракӕнут-ма уыцы адӕмы, ӕмӕ сӕ мах амарӕм». 13Фӕлӕ Саул загъта: «Ацы бон никӕй хъӕуы марын — абон Дунедарӕг уӕлахиз радта Израилӕн».Саул сси Гилгалы паддзах
14Самуел загъта адӕмӕн: «Цӕуӕм Гилгалмӕ ӕмӕ та уым ногӕй паддзах расидӕм». 15Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ацыдысты Гилгалмӕ. Уым Дунедарӕджы раз Саулы расидтысты паддзахӕй ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрхастой фидыды нывӕндтӕ. Стыр цины бӕрӕгбон сарӕзтой уым Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022