1 Samuel 14
1Иу бон Ионатан, Саулы фырт, йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ, уӕртӕ фалӕрдыгӕй цы филистимаг ӕфсӕддон къорд лӕууы, уымӕ бахъуызӕм». Ӕрмӕст йӕ фыдӕн уый тыххӕй ницы ской кодта. 2Ныр Саул та Гевӕйы арӕныл, Мигроны, ӕрлӕууыди гранат бӕласы бын. Йемӕ уыд иу-ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы. 3Уыдонимӕ — Ахитувы фырт Ахийа дӕр, ефод-иу хӕрдмӕ чи систа, уый, раздӕр Силомы Дунедарӕджы сауджын чи уыди, уыцы Елиайы байзӕддаг. Ахитув ӕмӕ йе’фсымӕр Ихавод Елиайы фырт Пинхасы фырттӕ уыдысты. Саулимӕ цы адӕм уыд, уыдонӕй дӕр ничи зыдта, Ионатан кӕй ацыд, уый. 4Ионатан филистимӕгты къорды’рдӕм кӕуылты хъуызыд, уымӕн йӕ фӕйнӕфарс уыди дыууӕ цыргъ къӕдзӕхы. Сӕ иу хуынди Боцец, иннӕ та — Сенне. 5Иу дзы уыди цӕгатӕрдыгӕй, Михмасы ныхмӕ, иннӕ та — хуссарӕрдыгӕй, Гевӕйы ныхмӕ. 6Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл». 7Йӕ хотыхдар ын дзуапп радта: «Куыддӕриддӕр дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн. Дӕхиуыл куыд ӕууӕндыс, мӕныл дӕр афтӕ ӕууӕнд». 8Ионатан загъта: «Ӕввахс бацӕуӕм ацы адӕммӕ, куыд нӕ бафиппайой, афтӕ. 9Куы нын зӕгъой: „Фӕлӕуут, цалынмӕ уӕм нӕхӕдӕг ныццӕуӕм, уӕдмӕ“, уӕд ӕрлӕудзыстӕм, нӕ сӕм ссӕудзыстӕм. 10Фӕлӕ нын афтӕ куы зӕгъой: „Ссӕут нӕм“, уӕд уымӕй базондзыстӕм, Дунедарӕг нын сӕ нӕ къухтӕм кӕй радта, уый. Ӕмӕ сӕм ссӕудзыстӕм». 11Филистимӕгтӕ сӕ куы федтой, уӕд загътой: «Мӕнӕ дзуттӕгтӕ се’мбӕхсӕн цъассытӕй рацыдысты». 12Ӕмӕ Ионатан ӕмӕ йӕ хотыхдармӕ фӕсидтысты: «Ссӕут нӕм, цыдӕр зӕгъинаг уын стӕм!» Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Рацу мӕ фӕдыл! Дунедарӕг сӕ Израилы къухтӕм дӕтты». 13Ӕмӕ Ионатан схылди уӕлӕмӕ, къӕдзӕхыл йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕй хӕцгӕйӕ, хотыхдар дӕр — йӕ фӕдыл. Филистимӕгтыл сӕхи ныццавтой, ӕмӕ уыдон хаудысты Ионатаны раз. Йӕ хотыхдар йӕ фӕдыл цыд ӕмӕ сӕ мардта. 14Уыцы фыццаг тохы Ионатан ӕмӕ йӕ хотыхдар амардтой ссӕдз лӕджы бӕрц. Уый ӕрцыди, галты цӕд боны ӕрдӕгмӕ кӕй бахуым кӕны, уыйас зӕххы гӕппӕлыл. 15Филистимӕгтӕ иууылдӕр фӕудаист сты: рӕсӕнуаты ӕмӕ йӕ алфамбылай чи уыдис, уыдон, стӕй бӕстӕ гӕныстонгӕнджытӕ ӕмӕ Михмасмӕ бацӕуӕн хъахъхъӕнджытӕ се’ппӕт дӕр ӕмризӕджы рызтысты. Ӕгас зӕхх дӕр нынкъуысыд, ӕмӕ Хуыцау стыр тас бафтыдта филистимӕгтыл. 16Саулы бӕрӕгдзаутӕ Бениамины Гевӕйӕ уыдтой, филистимӕгтӕ фыр адӕргӕй куыд схъомпал сты, уый. 17Саул, йемӕ чи уыд, уыдонӕн загъта: «Ӕркӕсут адӕммӕ ӕмӕ сбӕрӕг кӕнут, нӕхионтӕй ардыгӕй чи ацыд, уый». Ӕркастысты, ӕмӕ Ионатан ӕмӕ йӕ хотыхдар бынаты нӕ разындысты. 18Саул Ахийайӕн загъта: «Ӕрбахӕсс-ма Хуыцауы Фидыды Чырын». Уымӕн ӕмӕ уыцы заман Фидыды Чырын израилӕгтӕм уыди. 19Фӕлӕ Саул йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ филистимӕгтӕ сӕ рӕсӕнуаты бынтондӕр скатай сты, ӕмӕ Саул сауджынӕн загъта: «Фӕлӕуу-ма». 20Саул ӕмӕ йӕ адӕм ныхъхъӕр кодтой ӕмӕ хӕцӕнмӕ абырстой. Ӕмӕ дын мӕнӕ филистимӕгтӕ сӕ кӕрдтӕ куы сласиккой кӕрӕдзимӕ. Фыд азар сыл бафтыд. 21Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ раздӕр уыдысты филистимӕгтимӕ, хӕцыдысты сӕ фарс, фӕлӕ ныр баиу сты, Саул ӕмӕ Ионатанимӕ чи уыд, уыцы израилӕгтимӕ. 22Ефремы хӕхбӕсты йӕхи чи ӕмбӕхста, уыцы израилӕгтӕ дӕр, филистимӕгтӕ фӕлидзӕг сты, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ фӕсте асырдтой ӕмӕ семӕ схӕцыдысты. 23Афтӕмӕй Дунедарӕг уыцы бон Израилӕн радта уӕлахиз. Хӕсты цӕхӕр анхъӕвзта суанг Бет-Авены фалемӕ.Саулы уӕлахиз ӕмӕ Ионатаны фервӕзт
24Уыцы бон израилӕгтӕ тынг бастадысты, фӕлӕ Саул басомы кодта: «Ӕлгъыст фӕуӕд, изӕрмӕ къӕбӕры хъӕстӕ чи фӕуа, уый! Хъуамӕ уал раздӕр ме знӕгтӕй мӕ маст райсон». Ӕмӕ адӕмӕй хойраг йӕ дзыхмӕ ничи схаста. 25Хъӕдмӕ цӕуын сӕ бахъуыд. Иу ӕрдузы хъуамӕ уыдаид мыды фӕзгъӕртӕ. 26Адӕм федтой, мыд куыд тӕдзы, уый, фӕлӕ дзы йӕ дзыхмӕ ничи схаста, уымӕн ӕмӕ ӕлгъыстӕй тарстысты. 27Ионатан та нӕ фехъуыста, йӕ фыд адӕмыл ӕлгъысты азар кӕй сӕвӕрдта, уый. Йӕ лӕдзӕджы кӕрон мыды стылдта, ацахуыста дзы, ӕмӕ йӕ цӕсгом фӕрухс ис. 28Уӕд ын чидӕр афтӕ бакодта: «Дӕ фыд адӕмӕн загъта, ӕлгъыст, дам, фӕуӕд, ацы бон къӕбӕр чи сахода, уый. Ӕмӕ адӕм бастадысты». 29Ионатан загъта: «Мӕ фыды аххосӕй уынгӕджы фесты адӕм. Ӕрбакӕсут-ма, уыцы мыдӕй куы сахуыстон, уӕд мӕ цӕсгом куыд фӕрухс! 30Уӕдӕ адӕм дӕр, знагӕй цы байстой, уымӕй абон куы бахордтаиккой, уӕд филистимӕгтӕ тынгдӕр дӕрӕнгонд не’рцыдаиккой?» 31Уыцы бон израилӕгтӕ ныддӕрӕн кодтой филистимӕгты ӕмӕ сӕ Михмасӕй Айалонмӕ аппӕрстой. Тынг бастадысты адӕм. 32Тӕлӕттаг фыстӕ, стуртӕ ӕмӕ родтыл сӕхи ныццавтой ӕмӕ-иу сӕ зӕххыл ӕрбаргӕвстой. Сӕ туг-иу нӕма рацыди, афтӕмӕй сӕ хордтой. 33Саулмӕ фӕхабар чындӕуыд: «Мӕнӕ адӕм Дунедарӕджы раз тӕригъӕды цӕуынц — фыдызгъӕл тугимӕ хӕрынц». Саул загъта: «Тӕригъӕд ми бакодтат. Ӕрбатулут-ма мӕм стыр дур». 34Уый фӕстӕ Саул загъта: «Ӕрзилут адӕмыл ӕмӕ сын зӕгъут: алчидӕр мӕм ӕрбакӕнӕд йӕ гал кӕнӕ йӕ фыс. Ам сӕ ӕргӕвдут ӕмӕ хӕрут. Дунедарӕджы раз тӕригъӕды ма цӕут, фыдызгъӕл тугимӕ ма хӕрут». Ӕмӕ уыцы ӕхсӕв ӕппӕт адӕм дӕр ӕрбакодтой сӕ фос ӕмӕ сӕ уым ӕргӕвстой. 35Афтӕмӕй Саул Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый йӕ конд нывондхӕссӕнтӕн уыди сӕ фыццаг. 36Саул загъта: «Ахсӕв филистимӕгты фӕдыл абырсӕм ӕмӕ сӕ бастигъӕм. Сӕумӕцъӕхтӕм дзы иу дӕр удӕгасӕй мауал ныууадзӕм». Загътой йын: «Куыд дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн». Фӕлӕ сауджын загъта: «Хуыцауы уал бафӕрсӕм». 37Саул бафарста Хуыцауы: «Филистимӕгты фӕдыл абырсон? Израилы къухтӕм сӕ ратдзынӕ ӕви нӕ?» Фӕлӕ йын Хуыцау уыцы бон ницы дзуапп радта. 38Уӕд Саул загъта: «Ардӕм-ма рацӕут, адӕмы хицӕуттӕ, уе’ппӕт дӕр, ӕмӕ сбӕрӕг кӕнут, абоны тӕригъӕд цӕй мидӕг ис, уый! 39Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилӕн уӕлахиз чи радта, Уымӕй — суанг мӕ фырт Ионатан куы разына азымджын, уӕд уый дӕр ӕнӕмӕнг мард ӕрцӕудзӕн!» Фӕлӕ йын ӕппӕт адӕмӕй дзуапп ничи радта. 40Саул Израилы адӕмӕн загъта: «Сымах слӕуут иуӕрдыгӕй, ӕз та мӕ фырт Ионатанимӕ — иннӕрдыгӕй». Саулӕн загътой: «Куыд дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн». 41Саул Дунедарӕгмӕ скуывта: «Израилы Хуыцау! Дӕ цагъарӕн абон дзуапп цӕуылнӕ радтай? Кӕд азымджын ӕз ӕмӕ мӕ фырт Ионатанӕй исчи у, уӕд, о Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, хӕлттӕй схауын кӕн „урим“, кӕд ӕмӕ азымджын Израилы адӕм сты, Дӕ адӕм, уӕд та — „туммим“». Схаудта Ионатан ӕмӕ Саулы хал, адӕм та ӕназым разындысты. 42Саул загъта: «Ныр та ӕз ӕмӕ мӕ фырт Ионатаны тыххӕй сӕппарут хӕлттӕ». Схаудта Ионатаны хал. 43Саул Ионатанӕй ӕрдомдта: «Цы бакодтай? Зӕгъ-ма мын ӕй». Ионатан ын дзуапп радта: «Мӕ лӕдзӕджы кӕронӕй мыдӕй ацахуыстон. Фӕлӕ ныр цӕттӕ дӕн амӕлынмӕ». 44Саул загъта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ды, Ионатан, куынӕ амӕлай, уӕд!» 45Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Ау, Ионатан хъуамӕ амӕла, Израилӕн ахӕм стыр уӕлахиз чи ӕрхаста, уый? Тобӕ зӕгъ! Сомы кӕнӕм Дунедарӕгӕй, йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын абон Хуыцау радта уыцы уӕлахиз». Афтӕмӕй адӕм фервӕзын кодтой Ионатаны: йӕ сӕры хыгъдмӕ ӕрхастой нывонд, ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззади. 46Саул ныууагъта филистимӕгты ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхти. Филистимӕгтӕ дӕр ацыдысты сӕ бӕстӕм.Саулы бинонтӕ
47Саул Израилы ӕрфидар кодта йӕ паддзахдзинад ӕмӕ йӕ алфамбылай знӕгтӕй алкӕимӕ дӕр хӕцыди: тох кодта моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, едомӕгтӕ, Цовайы паддзах ӕмӕ филистимӕгтимӕ. Кӕдӕмдӕриддӕр-иу бабырста, уым-иу фӕуӕлахиз. 48Хӕцыди хъӕбатырӕй. Ныддӕрӕн кодта амалекаг лӕбурджыты ӕмӕ сын сӕ азарӕй фервӕзын кодта Израилы адӕмы. 49Саулӕн уыди фырттӕ: Ионатан, Ишви ӕмӕ Малкишуа. Йӕ дыууӕ чызгӕй хистӕр хуынди Мерав, кӕстӕр та — Мелхолӕ. 50Йӕ ус — Ахимаацы чызг Ахиноам. Йе’фсады хицау хуынди Авнер. Уый уыди Саулы фыды’фсымӕр Неры фырт. 51Саулы фыд Киш ӕмӕ Авнеры фыд Нер Авиелы фырттӕ уыдысты. 52Саулы заман филистимӕгтимӕ иудадзыг цыди карз хӕст. Саул-иу тыхджын ӕмӕ ӕхсарджын лӕгыл куы амбӕлди, уӕд-иу ӕй йе’фсадмӕ ӕрбакодта.
Copyright information for
OssIBT2022