‏ 1 Samuel 15

Саулы хӕст амалекӕгтимӕ

1Самуел загъта Саулӕн: «Дунедарӕг мӕ рарвыста дӕу Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, паддзахӕй байсӕрдынмӕ. Гъемӕ байхъус, Дунедарӕг дын цы фӕдзӕхсы, уымӕ. 2Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: „Нӕ Мӕ ферох, амалекӕгтӕ Израилӕн цы бакодтой, уый: Мысырӕй куы рацыди, уӕд ын йӕ фӕндагыл сӕвӕрдтой цӕлхдур. 3Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се’ппӕты дӕр амар“».

4Саул адӕммӕ фӕсидт ӕмӕ сӕ Телаимы банымадта: дыууӕсӕдӕ мин фистӕджы, стӕй ма Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй дӕр дӕс мин лӕджы. 5Саул амалекӕгты сахары онг бахӕццӕ ис ӕмӕ тӕрфы сӕ размӕ бабадти. 6Кенӕгтӕн афтӕ бафӕдзӕхста: «Амалекӕгты’хсӕнӕй рацӕут, нӕ мӕ фӕнды уыдонимӕ сымах дӕр бабын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн, Мысырӕй куы цыдысты, уӕд хӕрзгӕнӕг разындыстут». Ӕмӕ кенӕгтӕ амалекӕгты’хсӕнӕй рацыдысты.

7Саул амалекӕгты басаста, дӕрӕнгӕнгӕ сӕ йӕ разӕй айста Хавилайӕ суанг Мысыры ӕмарӕн Шуры онг. 8Амалекаг паддзах, Агаг, удӕгасӕй йӕ къухы бафтыд, йӕ адӕмы та йын кардӕй фӕцагъта. 9Фӕлӕ Саул ӕмӕ йӕ адӕм фӕтӕригъӕд кодтой Агагӕн, нӕ сӕ бафӕндыд фыстӕ ӕмӕ стурты хуыздӕрты, хӕрзхаст родтӕ ӕмӕ уӕрыччыты ныццӕгъдын. Цӕвиттон, зынаргъдӕрӕй цы уыд, ууыл бацауӕрстой, ӕвзӕрдӕр ӕмӕ ницӕйагдӕрӕй цы разынд, уыдон та ныффалгӕрон кодтой.

Дунедарӕг Йӕхи атигъ кодта Саулыл

10Дунедарӕг Самуелӕн загъта: 11«Фӕсмон кӕнын, Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ уый йе’ргом аздӕхта ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта».

Самуелӕн йӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ дзынӕзта Дунедарӕгмӕ.
12Сӕумӕрайсом араст ис Саулы агурӕг.

Самуелӕн фехъусын кодтой, Саул Кармелмӕ бацыди, уым йӕхицӕн кады цыртдзӕвӕн ныссагъта, стӕй уырдыгӕй рацыди ӕмӕ Гилгалмӕ ныххӕццӕ ис, зӕгъгӕ.
13Самуел Саулыл куы бамбӕлди, уӕд ын Саул загъта: «Дунедарӕджы арфӕ дӕ уӕд! Ӕз сӕххӕст кодтон Дунедарӕджы фӕдзӕхст». 14Фӕлӕ йын Самуел афтӕ: «Уӕдӕ уый цавӕр фысты уасын уайы мӕ хъустыл, цавӕр стурты богътӕ хъусын ӕз?» 15Саул ын дзуапп радта: «Амалекӕгтӕй сӕ ӕрбатардтой адӕм. Фыстӕ ӕмӕ стуртӕн сӕ хуыздӕртыл бацауӕрстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕрхӕссой нывондӕн. Иннӕты се’ппӕты дӕр ныццагътам».

16Самуел Саулы фӕурӕдта: «Дӕ дзыхыл хӕц! Дысон мын Дунедарӕг цы раргом кодта, уый дын радзурон». Саул ын загъта: «Радзур». 17Самуел зӕгъы: «Кӕд дӕхи цӕсты ницы уыдтӕ, уӕддӕр Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ сӕргъы нӕ лӕууыс, ӕви? Дунедарӕг дӕ Израилӕн байсӕрста паддзахӕй. 18Стӕй дӕ Дунедарӕг арвыста ӕмӕ дын загъта: „Ацу ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынтимӕ, амалекӕгтимӕ, схӕц, цалынмӕ сӕ — Мӕнӕн нывонды охыл — ныццӕгъдай, уӕдмӕ“. 19Дунедарӕгмӕ цӕуылнӕ байхъуыстай? Тӕлӕттаг фосыл дӕхи цы ныццавтай ӕмӕ Дунедарӕджы раз фыдми цӕмӕн сарӕзтай?»

20Саул ын дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ куы байхъуыстон. Араст дӕн, кӕдӕм мӕ арвыста, уырдӕм, ӕрбакодтон амалекаг паддзах Агагы ӕмӕ амалекӕгты ныццагътон — Дунедарӕгӕн нывонды охыл. 21Цӕгъдинаг фыстӕ ӕмӕ стуртӕн та адӕм сӕ хуыздӕртӕ уый тыххӕй райстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондӕн ӕрхӕссой Гилгалы».

22Самуел ын загъта: «Ау, Дунедарӕгӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ Йӕ дзырдмӕ Йын хъусынӕй ӕхцондӕр фесты? Нӕ! — уисӕн кӕнын хуыздӕр у нывондӕй, коммӕ кӕсын та — тохъхъылты фиуӕй. 23Иу у сӕ азым дӕсныфӕрсӕг ӕмӕ ӕнӕсӕттонӕн, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕн кувӕг ӕмӕ хивастӕн. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уымӕ гӕсгӕ дыл Уый дӕр атигъ кодта Йӕхи, цӕмӕй паддзахиуӕг мауал кӕнай».

24Саул загъта Самуелӕн: «Аххосджын дӕн ӕз — нӕ сӕххӕст кодтон Дунедарӕджы фӕдзӕхст ӕмӕ дӕ дзырд. Адӕмӕй фӕтарстӕн ӕмӕ сӕм байхъуыстон. 25Фӕлӕ мын ныр мӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕн, мемӕ раздӕх, ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ скувон». 26Самуел ын дзуапп радта: «Нӕ раздӕхдзынӕн демӕ. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл атигъ кодтай дӕхи, ӕмӕ дыл Дунедарӕг дӕр Йӕхи атигъ кодта — Израилӕн нал уыдзынӕ йӕ паддзах».

27Самуел, ацӕуон, зӕгъгӕ, куыд фӕзылд, афтӕ йын Саул йӕ пӕлӕзы фӕччи ацахста, ӕмӕ йын аскъуыд. 28Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн. 29Израилы кадджын Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн Йӕ тӕрхоныл, уымӕн ӕмӕ адӕймаг нӕу — Йӕ тӕрхон нӕ ивы».

30Саул загъта: «Аххосджын дӕн, фӕлӕ мӕ, дӕ хорзӕхӕй, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт Израилы цӕсты ма бафтау. Мемӕ раздӕх, ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скувон». 31Самуел раздӕхти Саулы фӕдыл, ӕмӕ Саул Дунедарӕгмӕ скуывта.

32Уый фӕстӕ Самуел загъта: «Ӕрбакӕнут мӕм амалекаг паддзах Агагы». Агаг ӕм зыр-зыргӕнгӕ ӕрбацыди ӕмӕ зӕгъы: «Бӕгуы мӕ фӕивгъуыдта карз мӕлӕты азар!» 33Фӕлӕ Самуел загъта: «Дӕ кард сылгоймӕгты сӕ цотӕй ӕнӕхай куыд кодта, афтӕ дӕ мад дӕр йӕ фыртӕй ӕнӕхай фӕуӕд!» Ӕмӕ Гилгалы, Дунедарӕджы раз, аргӕвста Агагы.

34Стӕй Самуел ацыди Рамамӕ. Саул дӕр ссыд йӕ хӕдзармӕ, Саулы Гевӕмӕ. 35Самуел йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр нал федта Саулы, кӕд ыл хъынцъым кодта, уӕддӕр. Фӕлӕ ницыуал гӕнӕн уыд — Дунедарӕг фӕфӕсмон кодта, Саулы Израилӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, ууыл.
Copyright information for OssIBT2022