1 Samuel 16
Хуыцау Давиды равзӕрста паддзахӕй
1Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон». 2Уӕд Самуел афтӕ зӕгъы: «Куыд ацӕуон? Саул хабар фехъусдзӕн ӕмӕ мӕ амардзӕн». Дунедарӕг загъта: «Иу дыгӕрдыг демӕ акӕн, ӕмӕ-иу зӕгъ: „Дунедарӕгӕн нывонд хӕссынмӕ ӕрбацыдтӕн“. 3Нывонд ӕрхӕссынмӕ-иу ӕрбахон Йессейы, ӕмӕ дын Ӕз бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ у, уый: кӕмӕй дын зӕгъон, уый Мын-иу байсӕрд». 4Самуел бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ, уӕд тарстхуызӕй йӕ размӕ рацыдысты сахары хистӕртӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Хорз хабаримӕ сӕмбӕлдтӕ?» 5Дзуапп сын радта: «Хорз хабаримӕ. Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕрбацыдтӕн. Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ мемӕ нывонд ӕрхӕссынмӕ рацӕут». Йессейы йӕ фырттимӕ ссыгъдӕг кодта Самуел ӕмӕ сӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ фӕсидти. 6Куы’рбацыдысты, уӕд федта Йессейы фырт Елиавы ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Бӕгуыдӕр, Дунедарӕджы раз лӕууы Йӕ байсӕрст!» 7Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ». 8Уӕд Йессей фӕдзырдта Авинадавмӕ ӕмӕ йӕ Самуелы рӕзты рацӕуын кодта. Самуел загъта: «Дунедарӕг уый дӕр нӕ равзӕрста». 9Уӕд ын Йессей йӕ рӕзты рацӕуын кодта Шаммайы, фӕлӕ та Самуел загъта: «Дунедарӕг уый дӕр нӕ равзӕрста». 10Афтӕ Йессей Самуелы рӕзты рацӕуын кодта йӕ авд фырты, фӕлӕ Самуел загъта Йессейӕн: «Дунедарӕг адонӕй никӕй равзӕрста». 11Самуел Йессейы бафарста: «Адон де’ппӕт цот сты?» Йессей дзуапп радта: «Баззад ма кӕстӕр. Ныртӕккӕ фыстӕ хизы». Самуел ын бафӕдзӕхста: «Арвит ӕм. Цалынмӕ уый ӕрбацӕуа, уӕдмӕ фынгыл не’рбаддзыстӕм». 12Йессей йӕм арвыста, ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой. Сырхуадул лӕппу, рӕсугъд цӕстытӕ йын, бакастӕй — зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Байсӕрд ӕй! Уый у». 13Самуел сойы сыкъа райста ӕмӕ Давиды йе’фсымӕрты раз байсӕрста. Уыйадыл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Давидыл ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыди йемӕ. Самуел та аздӕхти Рамамӕ.Давид сси Саулы лӕггадгӕнӕг
14Дунедарӕджы Уд ныууагъта Саулы, ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕй ӕрвыст фыдмон удхарӕй мардта. 15Саулӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Хуыцауӕй ӕрвыст фыдмон дӕ удхарӕй мары. 16Нӕ хицау бардзырд раттӕд йӕ разы лӕууӕг цагъартӕн, цӕмӕй дын, хъисыныл дӕсны чи цӕгъды, ахӕм адӕймаджы бацагурой. Ӕмӕ дӕ Хуыцауы ӕрвыст фыдмон куы хъыгдара, уӕд-иу дын уый ӕрцӕгъддзӕн, ӕмӕ та-иу дын фенцондӕр уыдзӕн». 17Саул сын дзуапп радта: «Ссарут мын хорз фӕндырдзӕгъдӕг ӕмӕ мӕм ӕй ӕрбакӕнут». 18Уӕд ын йӕ дӕлдӕртӕй иу загъта: «Ӕз зонын вифлеемаг Йессейы фырты: дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг, ныфсхаст лӕппу, ӕхсарджын хӕстон, дзырдарӕхст ӕмӕ хӕрзконд, Дунедарӕг ыл ауды». 19Саул Йессеймӕ арвыста минӕвар, цӕмӕй йын зӕгъа: «Рарвит мӕм Давиды, фыстӕ чи хизы, дӕ уыцы фырты». 20Йессей хӕрӕгыл сӕвӕрдта дзултӕ, сӕны лалым, равзӕрста иу сӕныкк ӕмӕ сӕ йӕ фырт Давидимӕ Саулӕн арвыста. 21Афтӕмӕй Давид ӕрцыди Саулмӕ ӕмӕ йын лӕггад кодта. Тынг фӕцыди Саулы зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ хотыхдар скодта йӕхицӕн. 22Саул арвыста Йессейӕн афтӕ зӕгъынмӕ: «Уадз ӕмӕ мын Давид лӕггад кӕна, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд». 23Ӕмӕ-иу Хуыцауы ӕрвыст фыдмон Саулы куы хъыгдардта, уӕд-иу Давид йӕ къухмӕ райста хъисын ӕмӕ цагъта. Саулӕн-иу фенцон ис, йӕ чемы-иу ӕрцыди, ӕмӕ-иу ӕй фыдмон ныууагъта.
Copyright information for
OssIBT2022