‏ 1 Samuel 17

Давид ӕмӕ Голиаф

1Филистимӕгтӕ хӕстмӕ рацыдысты, се’фсӕдтӕ ӕрӕмбырд кодтой Иудӕйы зӕххыл, Сохойы. Рӕсӕнуат скодтой Эфес-Даммимы, Сохойӕ Азекайы’хсӕн. 2Саул ӕмӕ Израилы ӕфсад дӕр ӕрӕмбырд сты. Ӕрбынат кодтой Теревинфы
Теревинф — фисташкӕ бӕласы мыггаг.
дӕлвӕзы ӕмӕ филистимӕгтимӕ тохмӕ сӕхи ӕрцӕттӕ кодтой.
3Филистимӕгтӕ лӕууыдысты иу хохыл, израилӕгтӕ та — иннӕ хохыл. Се’хсӕн уыди дӕлвӕз.

4Филистимаг ӕфсадӕй рацыд иу богал, йӕ ном — Голиаф, Гаты сахайраг. Йӕ ас — ӕхсӕз ӕлмӕрины ӕмӕ уылынг. 5Йӕ сӕрыл уыд ӕрхуы тахъа, йӕ уӕлӕ та — фондз мин шекелы чи ласта, ахӕм згъӕрхӕдон, ӕрхуы цӕгтӕй конд. 6Йӕ къӕхтыл уыд ӕрхуы зӕнгӕйттӕ, йӕ фӕсонтыл — ӕрхуы уарт. 7Йӕ арцы хъӕд — тынуафӕн хъилы йас, арцӕн йе’фсӕйнаг бырынкъ ласта ӕхсӕзсӕдӕ шекелы. Йӕ разӕй цыд йӕ уартхӕссӕг. 8Голиаф ӕрлӕууыд ӕмӕ ныхъхъӕр кодта Израилы ӕфсады’рдӕм: «Цӕмӕн рацыдыстут, хӕстӕргомӕй цы’рлӕууыдыстут? Ӕз филистимаг куы дӕн, сымах та — Саулы цагъартӕ! Равзарут уе’хсӕн иу лӕг, ӕмӕ мӕм ӕрхизӕд. 9Кӕд йӕ бон мемӕ рахӕцын суа ӕмӕ мӕ амара, уӕд уын мах уыдзыстӕм цагъартӕ. Ӕз ыл фӕтых дӕн ӕмӕ йӕ амардтон, зӕгъгӕ, уӕд та нын сымах уыдзыстут цагъартӕ ӕмӕ нын кӕндзыстут лӕггад». 10Ноджы ма филистимаг загъта: «Фидиссаг уӕ кӕндзынӕн абон, Израилы ӕфсад! Рарвитут мӕм иу хӕстон, ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ рахӕцӕм».

11Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ филистимагӕй уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕудаист сты, стыр тас сӕ бацыди.

12Давид уыд ефрафаг, иудейаг Вифлеемы цӕрӕг Йессейы фырт. Йессейӕн аст фырты уыди. Саулы заман бацыд йӕ зӕронды кары. 13Йе’ртӕ хистӕр фырты Саулы фӕдыл ацыдысты хӕцынмӕ. Сӕ нӕмттӕ уыдысты: хистӕрӕн — Елиав, дыккагӕн — Авинадав, ӕртыккагӕн та — Шамма. 14Давид уыди ӕфсымӕрты кӕстӕр. Ӕртӕ хистӕры ацыдысты Саулы фӕдыл, 15Давид та-иу Саулӕй ацыд Вифлееммӕ, йӕ фыды фыстӕ хизынмӕ, стӕй та-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхт.

16Филистимаг-иу райсомӕй дӕр ӕмӕ изӕрӕй дӕр рацыд ӕмӕ-иу израилӕгты раз хылӕргомӕй ӕрлӕууыд. Афтӕ кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы.

17Йессей йӕ фырт Давидӕн бафӕдзӕхста: «Райс-ма де’фсымӕртӕн мӕнӕ ацы цӕкуыты ефӕ ӕмӕ ацы дӕс дзулы ӕмӕ сын сӕ рӕвдз рӕсӕнуатмӕ фӕхӕццӕ кӕн. 18Ацы дӕс цыхты та ахӕсс миныхицауӕн. Фен, де’фсымӕртӕ куыд сты, цы сты, уый ӕмӕ, ӕнӕфыдбылыз кӕй сты, уый нысанӕн сӕ исты ӕрбахӕсс. 19Де’фсымӕртӕ Саул ӕмӕ иннӕ израилӕгтимӕ Теревинфы дӕлвӕзы филистимӕгтимӕ хӕцынц».

20Давид райсомӕй раджы фысты дзуг уӕтӕргӕсы ӕвджид бакодта ӕмӕ аласта йӕ уаргъ, Йессей йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Куы бахӕццӕ, уӕд ӕфсӕдтӕ хӕстӕввонгӕй рацӕйцыдысты, тохы хъӕр систой, афтӕмӕй. 21Израилӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгтӕн се’фсӕдтӕ ныхӕй-ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. 22Давид йӕ уаргъ рӕсӕнуатгӕсмӕ фӕуагъта ӕмӕ ӕфсӕдты цурмӕ ауади. Куы бахӕццӕ, уӕд йе’фсымӕртӕн салам радта. 23Семӕ куыд ныхас кодта, афтӕ та дын мӕнӕ филистимӕгты ӕфсадӕй размӕ куы рацӕуид сӕ богал, йӕ ном — Голиаф, Гаты сахайраг. Йӕ фидистӕ та йӕ разӕй фесты, ӕмӕ йын сӕ Давид фехъуыста.

24Израилӕгтӕ иууылдӕр, уыцы лӕджы фенгӕйӕ, фыр тӕссӕй лидзӕг фесты. 25Дзырдтой: «Уынут, размӕ чи рацыд, уыцы лӕджы? Израилӕн фидистӕ кӕны. Чи йӕ амарид, уымӕн паддзах балӕвар кӕнид бирӕ исбон ӕмӕ йын раттид йӕ чызджы, стӕй йын йӕ бинонты суӕгъд кӕнид хъалон фидынӕй».

26Давид йӕ цуры лӕуджыты бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы фидистӕй чи бахиза, уымӕн цавӕр хорзы бацыдӕуыдзӕн? Чи у, чи, уыцы ӕнӕсунӕт филистимаг, цы фидистӕ кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн?» 27Адӕм ын раздӕры ныхӕстӕ рафӕзмыдтой: «Ахӕм ӕмӕ ахӕм хӕрзтӕ ӕрцӕудзӕн, чи йӕ амара, уыцы лӕгыл».

28Давид адӕмимӕ цы ныхӕстӕ кодта, уыдон фехъуыста йӕ хистӕр ӕфсымӕр Елиав. Йӕ маст ӕм рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Ардӕм цӕмӕн ӕрбацыдтӕ? Ӕдзӕрӕг быдыры нӕ чысыл фысты дзуг кӕй ӕвджид бакодтай? Ӕз зонын, ды къӕйных ӕмӕ налат кӕй дӕ, уый. Дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн хӕстмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдтӕ». 29Ӕмӕ загъта Давид: «Омӕ цы ракодтон? Бафӕрсын аипп у?» 30Йе’ргом ӕндӕрӕрдӕм аздӕхта ӕмӕ та ногӕй бафарста. Адӕм та йын раздӕры дзуапп радтой.

31Давиды ныхӕстӕ фехъуыстӕуыд, ӕмӕ сӕ рафӕзмыдтой Саулӕн. Уый йӕм фӕсидти. 32Давид Саулӕн загъта: «Уыцы филистимаг йӕ ныфс макӕмӕн асӕттӕд. Дӕ цагъар ацӕудзӕн ӕмӕ рахӕцдзӕн йемӕ». 33Саул Давидӕн загъта: «Нӕ бафӕраздзынӕ ды йемӕ хӕцын. Ды нырма лӕппу дӕ, уый та йе’взонджы бонтӕй нырмӕ — фӕлтӕрд хӕстон». 34Фӕлӕ Давид Саулӕн загъта: «Дӕ цагъар хызта йӕ фыды фыстӕ. Домбай кӕнӕ-иу арс куы’рбацыд ӕмӕ-иу фыстӕй куы аскъӕфта, 35уӕд-иу ӕй ӕз асырдтон, мӕхи-иу ыл ныццавтон ӕмӕ-иу ын фысы йӕ дзыхӕй скъахтон. Йӕхи-иу мыл куы ӕрбаппӕрста, уӕд та йын-иу йӕ бинаг ӕфсӕрыл фӕхӕст дӕн, ӕрцӕфтӕ-иу ӕй кодтон ӕмӕ-иу ӕй ӕрбамардтон. 36Домбайы дӕр ӕмӕ-иу арсы дӕр амардта дӕ цагъар, ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕт филистимаг дӕр ахӕрдзӕн уыдоны хал, уымӕн ӕмӕ фидис кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн». 37Ноджы ма загъта Давид: «Домбай ӕмӕ-иу мӕ арсы дзӕмбыйӕ цы Дунедарӕг бахызта, Уый мӕ ацы филистимаджы къухӕй дӕр бахиздзӕни». Саул Давидӕн загъта: «Цу уӕдӕ, ӕмӕ дын Дунедарӕг ӕххуысгӕнӕг уӕд».

38Саул йӕ хотыхтӕ скодта Давидыл. Йӕ сӕрыл ын ӕркодта ӕрхуы тахъа, йӕ уӕлӕ йын скодта згъӕрхӕдон, 39стӕй йӕ кард Давиды астӕуыл ӕрбаста. Давид афӕлвӕрдта арацу-бацу кӕнын, фӕлӕ ахӕм хотыхтыл ахуыр нӕ уыд ӕмӕ Саулӕн загъта: «Адонимӕ цӕуын мӕ бон нӕу, ахуыр сыл нӕ дӕн». Ӕмӕ сӕ раласта, 40райста йӕ лӕдзӕг, тӕрфы бын бацагуырдта фондз лӕгъз дуры ӕмӕ сӕ йӕ фыййауы хызыны нывӕрдта. Стӕй, йӕ къухы зилгӕ дурӕхсӕн, афтӕмӕй филистимаджы ныхмӕ рацыди.

41Филистимаг дӕр рацыд, йӕ уартхӕссӕг — йӕ разӕй, афтӕмӕй хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта Давидмӕ. 42Филистимаг ӕй куы федта, уӕд ыл бабылысчъил, уымӕн ӕмӕ Давид уыдис ӕрыгон лӕппу, сырхуадул ӕмӕ рӕсугъд. 43Филистимаг ын загъта: «Лӕдзӕгимӕ мӕм цы рацыдтӕ? Ӕви дын куыдз дӕн?» Ӕмӕ йӕ хуыцӕуттӕй ралгъыста Давиды, 44стӕй йын афтӕ: «Рауай-ма, ӕз дын дӕ мард тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн раттон».

45Давид та филистимагӕн ахӕм дзуапп радта: «Ды мӕм кард, арц ӕмӕ ӕхсаргардимӕ рацыдтӕ, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, фаугӕ кӕй кодтай, уыцы израилаг ӕфсады Хуыцауы номимӕ. 46Абон дӕ Дунедарӕг мӕ къухмӕ дӕтты. Амардзынӕн дӕ, дӕ сӕр дын ракӕндзынӕн ӕмӕ дӕ мард дӕр ӕмӕ филистимаг ӕфсады мӕрдтӕ дӕр тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн ратдзынӕн. Уадз ӕмӕ ӕппӕт дуне дӕр базона, Израилӕн Хуыцау кӕй ис, уый. 47Уадз ӕмӕ мӕнӕ ацы дзыллӕ дӕр, Израилы адӕм, базоной, Дунедарӕг кард ӕмӕ арцы руаджы кӕй нӕ дӕтты уӕлахиз, уый. Ныр Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕцы ӕмӕ уӕ ратдзӕни нӕ къухтӕм».

48Филистимаг куыддӕр Давиды’рдӕм рацӕйцыдис, афтӕ Давид хӕстӕргомӕй йӕ размӕ базгъордта, 49йӕ къух йӕ хызыны фӕцавта, фелвӕста дур ӕмӕ йӕ дурӕхсӕнӕй фехста. Дур филистимаджы ныхыл сӕмбӕлд ӕмӕ йӕ батыдта. Лӕг зӕххыл дӕлгоммӕ ахауди. 50Афтӕмӕй Давид филистимагыл фӕуӕлахиз — ӕнӕ кардӕй, ӕрмӕст дурӕхсӕн ӕмӕ дурӕй. Мӕлӕтдзаг цӕф ын ныккодта. 51Стӕй Давид базгъордта филистимагмӕ, йӕ кардыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йӕ кӕрддзӕмӕй сласта, ӕрцавта дзы филистимаджы ӕмӕ йын йӕ сӕр ралыг кодта.

Филистимӕгтӕ сӕ богалы мардӕй куы федтой, уӕд лидзӕг фесты.
52Израилаг ӕмӕ иудейаг хӕстонтӕ уӕлахизы хъӕр ныккодтой ӕмӕ сӕ Гат ӕмӕ Екроны кулдуӕрттӕм сӕ разӕй айстой. Филистимӕгты мӕрдтӕй нал зынди Шаараимы фӕндаг суанг Гат ӕмӕ Екроны онг. 53Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхтысты, уӕд филистимӕгты рӕсӕнуаты хорзӕй цыдӕриддӕр ссардтой, уый рахастой. 54Давид филистимаджы сӕр систа ӕмӕ йӕ Йерусалиммӕ ахаста, йӕ хотыхтӕ та йын йӕхи цатыры сӕвӕрдта.

Саул Давиды ӕфсӕдты хицауӕй сӕвӕрдта

55Саул филистимаджы ныхмӕ рацӕугӕ куы федта Давиды, уӕд йе’фсады хицау Авнеры бафарста: «Авнер, кӕй фырт у уыцы лӕппу?» Авнер ын дзуапп радта: «Паддзах цӕра, нӕ йӕ зонын». 56Паддзах загъта: «Базон уӕдӕ, ацы лӕппу кӕй фырт у, уый».

57Давид филистимаджы куы амардта, уӕд ӕй, филистимаджы сӕр йӕ къухы, афтӕмӕй Авнер ӕрбахуыдта Саулмӕ. 58Саул бафарста: «Кӕй фырт дӕ, лӕппу?» Давид ын дзуапп радта: «Дӕ цагъар вифлеемаг Йессейы фырт».
Copyright information for OssIBT2022