1 Samuel 19
Саулы фӕнды Давиды амарын
1Саул загъта йӕ фырт Ионатанӕн ӕмӕ йе’ппӕт дӕлдӕртӕн, Давиды амарынмӕ кӕй хъавы, уый. Фӕлӕ Саулы фырт Ионатан тынг уарзта Давиды 2ӕмӕ йӕм фӕхабар кодта: «Мӕ фыд Саул дӕ марынмӕ хъавы, ӕмӕ-иу райсом сӕумӕйӕ дӕхи бахиз, фӕсвӕд ран-иу бамбӕхс. 3Ӕз рацӕудзынӕн, ды кӕм уай, уырдӕм, фӕссахармӕ. Уым мӕ фыды цурмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йын дӕ кой ракӕндзынӕн. Стӕй, цы фехъусон, уый дын радзурдзынӕн». 4Ионатан йӕ фыд Саулӕн ракодта Давиды хорзы кой. Загъта йын: «Ма бацӕуӕд паддзах йӕ цагъар Давиды тӕригъӕды. Давид ницӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕ разы. Уый нӕ, фӕлӕ ма дын йӕ хъуыддӕгтӕ бирӕ пайда дӕр ӕрхастой. 5Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?» 6Саул байхъуыста Ионатанмӕ ӕмӕ ард бахордта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, Давиды нӕ амарын кӕндзынӕн». 7Ионатан Давидмӕ фӕсидт ӕмӕ йын ӕппӕт дӕр радзырдта. Стӕй йӕ Саулмӕ бахуыдта, ӕмӕ та Давид раздӕрау лӕггад кодта Саулӕн. 8Ногӕй та райдыдта хӕст. Давид ацыд ӕмӕ филистимӕгтимӕ схӕцыди. Ныддӕрӕн сӕ кодта, ӕмӕ лидзӕг фесты. 9Хуыцауы ӕрвыст фыдмон та тых кӕнын байдыдта Саулыл. Йӕ арц йӕ къухы, афтӕмӕй Саул йӕ хӕдзары бадти, Давид та йын цагъта. 10Саулӕн йӕ зӕрды уыди Давиды арцӕй къулмӕ ныххуыйын, фӕлӕ Давид йӕхи фӕсайдта, ӕмӕ арц къулы ныссагъди. Давид алыгъдис ӕмӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв йӕхи бамбӕхста.Давид лидзы Саулӕй
11Саул йӕ чапарты арвыста Давиды хӕдзармӕ, цӕмӕй уым йӕ размӕ бабадой ӕмӕ йӕ райсомӕй амарой. Фӕлӕ Давидӕн йӕ ус Мелхолӕ загъта: «Ахсӕв дӕ сӕр куынӕ бафснайай, уӕд дӕ райсом амардзысты». 12Мелхолӕ Давиды рудзынгӕй бынмӕ ӕруагъта, ӕмӕ уый алыгъд ӕмӕ аирвӕзт. 13Мелхолӕ хӕдзарон хуыцаугонд райста ӕмӕ йӕ хуыссӕныл ӕрӕвӕрдта, бамбӕрзта йӕ дарӕсӕй ӕмӕ йыл нывӕрзӕны’рдыгӕй сӕгъы фистӕй арӕзт сӕргъуын ӕркодта. 14Саулы ӕрвыст чапартӕ Давиды ӕрцахсынмӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд сын Мелхолӕ загъта: «Рынчын у». 15Саул та сӕ ногӕй арвыста, уӕхӕдӕг ӕй фенут, зӕгъгӕ. Бафӕдзӕхста сын: «Ӕрбахӕссут мӕм ӕй ӕд хуыссӕн, ӕмӕ йӕ амарон». 16Чапартӕ ацыдысты ӕмӕ хуыссӕны баййӕфтой хӕдзарон хуыцаугонд, нывӕрзӕны’рдыгӕй йыл — сӕгъы фистӕй сӕргъуын. 17Уӕд Саул Мелхолӕйы бафарста: «Цӕмӕн мӕ афӕлывтай? Ме знаджы мын лидзын цӕмӕн бауагътай?» Мелхолӕ йын дзуапп радта: «Афтӕ мын загъта: „Ауадз мӕ, кӕннод дӕ амардзынӕн“».Давид алыгъди Самуелмӕ
18Давид куы алыгъд, уӕд ссыди Рамамӕ, Самуелмӕ, ӕмӕ йын, Саул ын цы митӕ бакодта, уый радзырдта. Уыйадыл Давид ӕмӕ Самуел сӕхи айстой Найотмӕ ӕмӕ уым цардысты. 19Саулмӕ хабаргӕнӕг фӕци: «Давид Найоты ис, Рамайы цур». 20Ӕмӕ Саул йӕ чапарты арвыста Давиды ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ уыдон пехуымпарты къорды, Самуел сӕ сӕргъы, афтӕмӕй пехуымпариуӕггӕнгӕ куы федтой, уӕд схайджын сты Хуыцауы Удӕй ӕмӕ уыдон дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой. 21Саул уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд арвыста ӕндӕр чапарты, фӕлӕ уыдон дӕр фыццӕгты хал ахордтой. Уый фӕстӕ Саул арвыста ӕртыккаг чапарты къорд, фӕлӕ та уыдон дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой. 22Уӕд Саул йӕхӕдӕг ацыди Рамамӕ. Секуйы цы стыр донуат ис, уый онг бахӕццӕ ӕмӕ бафарста: «Кӕм сты Самуел ӕмӕ Давид?» Чидӕр ын афтӕ: «Мӕнӕ Рамайы цур сты, Найоты». 23Саул уырдӕм араст. Фӕндагыл уый дӕр схайджын ис Хуыцауы Удӕй ӕмӕ, пехуымпариуӕггӕнгӕ, схӕццӕ ис Рамайы цурмӕ, Найотмӕ. 24Саул дӕр, иннӕтау, йӕ дарӕс феппӕрста ӕмӕ пехуымпариуӕг кодта Самуелы раз, цалынмӕ йӕ къӕхтыл лӕууыд, уӕдмӕ. Стӕй ӕрхауди, ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕгас ӕхсӕв бӕгънӕгӕй зӕххыл фӕци. Уымӕн афтӕ фӕзӕгъынц: «Ау, Саул дӕр пехуымпар сси?»
Copyright information for
OssIBT2022