‏ 1 Samuel 20

Давид ӕмӕ Ионатан

1Давид алыгъди, Рамайы цур цы Найоты сахар ис, уырдыгӕй. Ионатанмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы ракодтон уагӕр? Цы аххос мӕм ис? Цӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕн дӕ фыды раз, марынвӕнд мӕ цӕмӕн кӕны?» 2Ионатан ын загъта: «Тобӕ зӕгъ! Нӕ амӕлдзынӕ. Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, мӕ фыд ме’вастӕй нӕдӕр стыр, нӕдӕр гыццыл хъуыддаг аразы. Ацы хъуыддаг дӕр мӕ цӕмӕн хъуамӕ бамбӕхса? Дӕ гуырысхотӕ дзӕгъӕлы сты». 3Давид ард бахордта ӕмӕ загъта: «Дӕ фыд, бӕгуыдӕр, зоны, хорз зӕрдӕ мӕм кӕй дарыс, уый. Уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн фӕзӕгъы: „Ионатан мацы базонӕд, науӕд ын хъыг уыдзӕни“. Фӕлӕ сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй: мӕ цард ӕрдуйыл хӕцы».

4Уӕд Ионатан Давидӕн афтӕ: «Цыдӕриддӕр зӕгъай, уый дын бакӕндзынӕн». 5Давид Ионатанӕн загъта: «Райсом мӕйноджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ мын паддзахы фынгыл бадгӕ у. Фӕлӕ мӕ ауадз, ӕмӕ уал иннӕбон изӕрмӕ фӕссахар мӕ сӕр бафснайон. 6Дӕ фыд мӕ куы агура, уӕд-иу ын зӕгъ, Давид мын тынг балӕгъстӕ кодта, мӕ сахар Вифлееммӕ ныууайон, зӕгъгӕ. Уым, зӕгъ, йӕ мыггаг ӕрвылазы нывонд хӕссы. 7Ӕмӕ дын „хорз“, зӕгъгӕ, куы зӕгъа, уӕд дӕ цагъарӕн ницы тас у. Фӕлӕ иугӕр рамӕсты, уӕд ӕй зон: фыдвӕнд ис йӕ зӕрды. 8Уӕдӕ дӕ цагъарӕн уыцы хорзы бацу, уымӕн ӕмӕ дзы Дунедарӕджы раз ӕрдхорд загътай. Кӕд исты азымджын дӕн, уӕд та мӕ дӕхӕдӕг амар. Цӕмӕн ма мӕ хъӕуы дӕ фыдмӕ кӕнын?»

9Ионатан загъта: «Тобӕ зӕгъ! Мӕ фыд дын фыдми бакӕнинаг у, уый бӕлвырд куы базонон, уӕд дын ӕй, ау, нӕ фехъусын кӕндзынӕн?» 10Давид ӕй бафарста: «Чи мӕм фӕхабар кӕндзӕн, дӕ фыд дын тызмӕг дзуапп куы ратта, уӕд?»

11Ионатан Давидӕн загъта: «Цом фӕссахармӕ». Дыууӕйӕ дӕр фӕссахармӕ рацыдысты, 12ӕмӕ Ионатан ард бахордта Давидӕн: «Цардӕгас у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Райсом ацафон кӕнӕ иннӕбон ӕз ракъахдзынӕн мӕ фыды, хорз зӕрдӕ дӕм дары ӕви нӕ, ӕмӕ дын ӕй уайтагъд фехъусын кӕндзынӕн. 13Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ноджы фыддӕртӕ фӕуӕд Дунедарӕг Ионатанӕн, кӕд дын мӕ фыды зӕрды фыдми бакӕнын ис, ӕмӕ дӕм ӕй куынӕ фӕхабар кӕнон ӕмӕ дӕ куынӕ ауадзон, уӕд, цӕмӕй ацӕуай ӕдасӕй. Дунедарӕг дыл аудӕд, мӕ фыдыл куыд аудыдта, афтӕ! 14Ӕцӕг-иу мыл ды дӕр, кӕд ма ӕгас уон, уӕд, иузӕрдион у Дунедарӕджы сӕраппонд. 15Амардтӕн, зӕгъгӕ, уӕд та-иу мын мӕ хӕдзарӕй дӕ хорзӕх макуы айс, суанг Дунедарӕг Давиды ӕппӕт знӕгтӕн сӕ мыггаг куы сыскъуына, уӕд дӕр». 16Афтӕмӕй Ионатан фидыд сарӕзта Давиды хӕдзаримӕ ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг Давиды знӕгты бафхӕрӕд!» 17Ӕмӕ та Ионатан ногӕй ард бахордта Давидӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ йӕхи удау уарзта.

18Ионатан Давидӕн загъта: «Райсом мӕйноджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ дӕ агурдзысты, уымӕн ӕмӕ дӕ бынат афтид уыдзӕн. 19Иннӕбон ноджы тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн, уым кӕй нӕ дӕ, уый. Ацу ӕмӕ, дӕхи айразмӕ кӕм бамбӕхстай, уым, Азелы обауы цур, банхъӕлмӕ кӕс. 20Ӕз уыцырдӕм ӕртӕ фаты суадздзынӕн, цыма мысанмӕ хъавын, уыйау. 21Стӕй арвитдзынӕн иу лӕппуйы. Зӕгъдзынӕн ын: „Ацу ӕмӕ фӕттӕ ссар“. Афтӕ йын куы зӕгъон: „Уӕртӕ фӕттӕ дӕ фӕстӕ сты ӕмӕ сӕ райс“, уӕд-иу рацу. Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ӕдас уыдзынӕ, ницы фыдбылыз дӕм кӕсы. 22Фӕлӕ лӕппуйӕн афтӕ куы зӕгъон, уартӕ фӕттӕ дӕ разӕй сты, зӕгъгӕ, уӕд та-иу ацу, Дунедарӕг дӕ ӕрвиты. 23Ӕз ӕмӕ ды цы фидыд сарӕзтам, уымӕн та Дунедарӕг мыггагмӕ ӕвдисӕн».

24Давид фӕссахар йӕхи бааууон кодта. Ралӕууыди мӕйноджы бӕрӕгбон, ӕмӕ паддзах ӕрбадти фынгыл. 25Паддзах бадти йӕ бынаты, къулрӕбын, ӕдзух кӕм бадти, уым, Ионатан — Саулы ныхмӕ, Авнер та йӕ фарсмӕ. Фӕлӕ Давиды бынат афтид уыд. 26Уыцы бон Саул ницы сдзырдта. Афтӕ ӕнхъӕл уыд: «Уый ӕнӕнхъӕлӕджы хабар уыдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, Давид сыгъдӕг нӕу». 27Мӕйноджы дыккаг бон дӕр Давиды бынат уыцы афтид уыди. Ӕмӕ Саул йӕ фырт Ионатаны бафарста: «Йессейы фырт знон дӕр ӕмӕ абон дӕр фынгмӕ цӕуылнӕ ӕрбацыд?»

28Ионатан ын дзуапп радта: «Давид мӕ йӕхи ракуырдта, Вифлееммӕ, дам, ныууайон. 29Загъта мын: „Ауадз-ма мӕ. Сахары нӕ мыггаг нывонд хӕссы, ӕмӕ мӕм ме’фсымӕр йӕхӕдӕг сӕрвыста. Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд ныууайон ӕмӕ ме’фсымӕрты фенон“. Уымӕ гӕсгӕ не’рбацыди паддзахы фынгмӕ».

30Саулӕн йӕ маст рафыхти Ионатанмӕ ӕмӕ йын афтӕ: «Гъӕ мӕнӕ хъахбай сылы фырт! Афтӕ ӕнхъӕлыс, ӕз нӕ зонын, Йессейы фыртимӕ лымӕн дӕ, уый? Худинаг уӕд дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ мадӕн дӕр! 31Йессейы фырт цалынмӕ ӕгас уа, уалынмӕ ӕдас нӕ уыдзысты нӕдӕр дӕ сӕр, нӕдӕр дӕ паддзахы бартӕ. Ӕвӕстиатӕй йӕм арвит ӕмӕ мӕм ӕй ӕрбакӕн. Ӕнӕ амаргӕ йын нӕй».

32Ионатан бафарста йӕ фыды: «Цӕй тыххӕй йӕ хъӕуы марын? Цы ракодта?» 33Уӕд ыл Саул йӕ арц бахста, амарон ӕй, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Ионатан бамбӕрста, Давиды амарыныл йӕ фыд цӕхгӕр кӕй ныллӕууыд, уый. 34Ионатан, мӕстӕй судзгӕйӕ, фынгӕй фестади; мӕйноджы дыккаг бон йӕ дзыхмӕ комдзаг нал схаста, уымӕн ӕмӕ хъынцъым кодта Давидыл, стӕй, йӕ фыд ӕй кӕй бафхӕрдта, ууыл.

35Ионатан, Давидимӕ куыд ныхасгонд уыди, афтӕ райсомӕй йӕ чысыл цагъар-лӕппуимӕ фӕссахармӕ рацыд. 36Лӕппуйӕн загъта: «Азгъор-ма, ӕмӕ, цы фӕттӕ суадзон, уыдон бацагур». Лӕппу куы азгъордта, уӕд фӕттӕ суагъта, лӕппуйы сӕрты куыд атӕхой, афтӕ. 37Ионатан фӕттӕ кӕдӕм фехста, лӕппу уырдӕм бахӕццӕ, ӕмӕ йӕм Ионатан ныхъхъӕр кодта: «Уартӕ фӕттӕ дӕ разӕй куы сты!» 38Ноджы йӕм ныхъхъӕр кодта: «Рӕвдздӕр! Ма фӕстиат кӕн!» Лӕппу фӕттӕ систа ӕмӕ йӕ хицаумӕ ӕрбаздӕхти. 39Ницы бафиппайдта, ӕрмӕст Ионатан ӕмӕ Давид зыдтой хъуыддаг. 40Ионатан йӕ хӕцӕнгӕрзтӕ лӕппумӕ радта ӕмӕ йын загъта: «Сахармӕ сӕ ахӕсс».

41Лӕппу араст ис, Давид та обауы хуссарварсӕй рацыд ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом. Ӕртӕ хатты ныллӕг акуывта Ионатанӕн, стӕй кӕрӕдзийӕн аба кодтой ӕмӕ ӕмхъӕлӕсӕй ныккуыдтой. Уӕлдай тынгдӕр куыдта Давид.

42Ионатан загъта Давидӕн: «Цу фарнимӕ. Дунедарӕджы номӕй ард кӕй бахордтам, уымӕн та Дунедарӕг ӕз ӕмӕ дӕуӕн, стӕй мӕ байзӕддаг ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн ӕвдисӕн уӕд мыггагмӕ». 43Ӕмӕ Давид йӕ фӕндаг адардта, Ионатан та сахармӕ ӕрбаздӕхт.
Copyright information for OssIBT2022