‏ 1 Samuel 23

Давид филистимӕгты Кеилайы сахарӕй фӕсырдта

1Давидмӕ хабаргӕнӕг фӕци: «Филистимӕгтӕ балӕбурдтой Кеилайы сахармӕ ӕмӕ мустыл хӕлоф кӕнынц». 2Уӕд Давид Дунедарӕджы бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ уыцы филистимӕгты басӕттон?» Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ацу, филистимӕгты басӕтт ӕмӕ Кеилайы сахар ссӕрибар кӕн». 3Фӕлӕ Давидӕн йӕ адӕм загътой: «Мах мӕнӕ Иудейы дӕр тарст куы стӕм, уӕд куыд хъуамӕ ацӕуӕм Кеиламӕ, филистимаг ӕфсады ныхмӕ?» 4Давид та ногӕй бафарста Дунедарӕджы, ӕмӕ йын Дунедарӕг дзуапп радта: «Ныццу Кеиламӕ, филистимӕгты дын дӕ къухтӕм дӕттын».

5Давид йӕ адӕмимӕ Кеиламӕ ацыд ӕмӕ филистимӕгтимӕ схӕцыди, басаста сӕ ӕмӕ сын сӕ фос ратӕлӕт кодта. Афтӕмӕй Давид фервӕзын кодта Кеилайы цӕрджыты. 6Ахимелехы фырт Авиафар Давидмӕ куы ӕрбалыгъд, уӕд Кеиламӕ ахаста ефод дӕр.

7Саулӕн фехъусын кодтой, Давид Кеиламӕ кӕй ӕрцыд, уый. Ӕмӕ Саул загъта: «Хуыцау мын ӕй мӕ къухтӕм радта. Къӕппӕджы бахауд ӕмӕ, кулдуар ӕмӕ ӕхгӕнӕнтӕ цы сахарӕн ис, уымӕй йын раирвӕзӕн нал ис». 8Саул ӕппӕт адӕммӕ дӕр хӕстмӕ фӕсидти, Кеиламӕ ныццӕуӕм ӕмӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕмыл ӕрхъула кӕнӕм, зӕгъгӕ. 9Давид Саулы фыдвӕнд куы базыдта, уӕд фӕдзырдта сауджын Авиафармӕ: «Рахӕсс-ма ефод».

10Давид загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Дӕ цагъар фехъуыста, Саул Кеиламӕ ӕрцӕуинаг кӕй у ӕмӕ мӕн тыххӕй сахар ныггӕныстон кӕнынмӕ кӕй хъавы, уый. 11Кеилайы цӕрджытӕ мӕ йӕ къухтӕм ратдзысты ӕви нӕ? Дӕ цагъар цы фехъуыста, уый раст у? Ӕрцӕудзӕни Саул? Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, раргом ӕй кӕн Дӕ цагъарӕн». Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ӕрцӕудзӕн». 12Давид та бафарста: «Кеилайы цӕрджытӕ мӕн дӕр ӕмӕ мӕ адӕмы дӕр Саулы къухтӕм ратдзысты ӕви нӕ?» Дунедарӕг загъта: «Ратдзысты».

13Уӕд Давид ӕмӕ йӕ адӕм, иу-ӕхсӕзсӕдӕ лӕджы, ныууагътой Кеила ӕмӕ цыдысты, сӕ къах сӕ кӕдӕм хаста, уырдӕм. Саулмӕ фӕхабар чындӕуыд, Давид Кеилайӕ алыгъди, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд йӕ фӕнд аивта стӕры ацӕуыны тыххӕй.

Давид Иудейы хӕхты йӕхи бамбӕхста

14Давид йӕхи бааууон кодта ӕдзӕрӕг быдыры. Царди Иудейы хӕхты, Зифы хохрӕбын ӕдзӕрӕг быдыры. Иудадзыг Саул йӕ фӕдыл зылди, фӕлӕ йын ӕй Хуыцау йӕ къухтӕм нӕ лӕвӕрдта.

15Давид базыдта, Саул йӕ агурӕг кӕй рацыд, уый. Уӕд Давид уыди Зифы ӕдзӕрӕг быдыры, Хорешы. 16Уыцы рӕстӕг Саулы фырт Ионатан араст ис Хорешмӕ, Давидмӕ. Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар, зӕгъгӕ дзы ныфс бауагъта. 17Загъта йын: «Ма тӕрс, нӕ дӕм баххӕсдзӕни мӕ фыд Саулы къух. Ды паддзахиуӕг кӕндзынӕ Израилӕн, ӕз та дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг уыдзынӕн. Уый мӕ фыд Саул дӕр зоны». 18Дунедарӕджы раз та кӕрӕдзийӕ ногӕй ӕрдхӕрдтӕ загътой. Ӕмӕ Давид баззади Хорешы, Ионатан та йӕ хӕдзармӕ раздӕхт.

19Зифӕгтӕ ссыдысты Гевӕмӕ, Саулмӕ, ӕмӕ йын радзырдтой: «Давид махмӕ ис, Хорешы фидӕртты бады — Йешимоны хуссарварс Хакилайы къуыбырыл. 20Ӕмӕ дӕ куыддӕр бафӕнда, паддзах, афтӕ-иу рацу. Паддзахы къухмӕ йӕ раттын та мах бар уадз».

21Саул сын загъта: «Дунедарӕджы арфӕ уыл сӕмбӕлӕд — фӕтӕригъӕд мын кодтат. 22Цӕут ӕмӕ ноджы бӕстондӕр базонут, кӕцы ран ис, уый, стӕй сбӕлвырд кӕнут, уым ӕй чи федта, уый дӕр. Куыд мын загъдӕуыд, афтӕмӕй хин ӕмӕ кӕлӕн у. 23Сбӕрӕг кӕнут, кӕм фембӕхсы, ӕппӕт уыцы бынӕттӕ ӕмӕ-иу мӕм бӕлвырд хабаримӕ ӕрбаздӕхут. Уӕд ӕз дӕр ацӕудзынӕн уемӕ, ӕмӕ кӕд ацы зӕххыл ис, уӕд ӕй Иудӕйы ӕппӕт мыггӕгты’хсӕнӕй дӕр скъахдзынӕн». 24Ӕмӕ зифӕгтӕ Саулы разӕй ацыдысты сӕ сахармӕ.

Давид ӕмӕ йӕ адӕм уыдысты Йешимоны хуссарварс, Маоны ӕдзӕрӕг быдыры, дӕлвӕзы.
25Саул йӕ адӕмимӕ ацыди Давиды агурынмӕ. Давидмӕ фӕхабар кодтой, ӕмӕ Маоны ӕдзӕрӕг быдыры къӕдзӕхтӕм йӕхи байста ӕмӕ уым бамбӕхсти. Уый фехъуыста Саул, ӕмӕ Давиды фӕдыл зилын райдыдта Маоны ӕдзӕрӕг быдыры. 26Саул цыди хохӕн йӕ иу фахсыл, Давид ӕмӕ йӕ адӕм — хохӕн йӕ иннӕ фахсыл. Сӕхи хъардтой Саулӕй алидзыныл, фӕлӕ сӕм Саул йӕ адӕмимӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта.

27Уыцы заман Саулмӕ фӕзынд уацхӕссӕг ӕмӕ йын загъта: «Фӕтагъд кӕн, филистимӕгтӕ нын нӕ зӕхмӕ ӕрбабырстой». 28Уӕд Саул ныууагъта Давиды сурын ӕмӕ араст ис филистимӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ацы бынат хонынц Селӕ-Махлекот
Ома хицӕнгӕнӕг къӕдзӕх.
.
Copyright information for OssIBT2022