‏ 1 Samuel 24

Давид фӕтӕригъӕд кодта Саулӕн

1Уырдыгӕй Давид ссыди Ен-Гедимӕ ӕмӕ уым йӕхи бааууон кодта. 2Саул филистимӕгты фӕдыл стӕрӕй куы ӕрбаздӕхт, уӕд ӕм фӕхабар чындӕуыд, Давид Ен-Гедийы ӕдзӕрӕг быдыры ис, зӕгъгӕ. 3Саул ӕрӕмбырд кодта ӕртӕ мин лӕджы, Израилы ӕвзаргӕты, ӕмӕ, сычъиты хӕтӕнтӕ кӕм уыдысты, уыцы хӕхты’рдӕм араст Давид ӕмӕ йӕ адӕмы агурӕг. 4Фӕндаджы был фосдарӕн уӕтӕрты рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд уым иу лӕгӕтмӕ Саул йӕхи хъуыдыйы бауади. Ныр Давид та йӕ адӕмимӕ лӕгӕты рӕбынӕй бадти, 5ӕмӕ йын йӕ адӕм загътой: «Мӕнӕ дын Дунедарӕг цы боны кой кодта, уый, де знаджы дын дӕ къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ дӕ цы бафӕнда, уый-иу ын бакӕн, зӕгъгӕ».

Давид бахъуызыди ӕмӕ Саулы пӕлӕзы фӕччи аивӕй ралыг кодта.
6Фӕлӕ фыр ӕфсӕрмӕй йӕ цӕсгом ссыгъди, Саулы фӕччи кӕй ралыг кодта, уый тыххӕй. 7Ӕмӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Дунедарӕг мӕ бахизӕд, мӕ паддзахмӕ, Дунедарӕджы байсӕрстмӕ, мӕ къух сисынӕй — уый Дунедарӕджы байсӕрст у». 8Уыцы ныхӕстӕй Давид йӕ адӕмы баурӕдта, Саулмӕ бавналын сӕ нӕ бауагъта.

Саул лӕгӕтӕй рахызти ӕмӕ йӕ фӕндагыл араст.
9Уӕд Давид дӕр лӕгӕтӕй рацыди ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Паддзах, мӕ бардарӕг!» Саул фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Давид йӕ разы зӕххыл ныддӕлгом ис. 10Загъта Саулӕн: «Давид дын фыд ракӕнынмӕ хъавы, зӕгъгӕ дын чи дзуры, уыдоны ныхӕстӕм цӕмӕн хъусыс? 11Абон дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг дӕ лӕгӕты мӕ къухтӕм куыд лӕвӕрдта, уый. Дзырдтой мын, амар ӕй, зӕгъгӕ, фӕлӕ дын ӕз фӕтӕригъӕд кодтон ӕмӕ загътон: „Мӕ паддзахмӕ мӕ къух нӕ сисдзынӕн, уымӕн ӕмӕ уый Дунедарӕджы байсӕрст у“. 12Мӕ фыды хай! Ӕрбакӕс-ма мӕнӕ мӕ къухы дӕ пӕлӕзы фӕччимӕ. Маргӕ дӕ кӕй нӕ акодтон, фӕлӕ дын ӕрмӕст дӕ фӕччи кӕй ралыг кодтон, уӕд та дӕ уымӕй бауырнӕд, мӕ зӕрдӕйы фыдӕх кӕй нӕй, уый. Дӕ цуры тӕригъӕдджын ницӕмӕй дӕн, ды та мӕн амарыны тыххӕй мӕ фӕдыл зилыс. 13Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд не’хсӕн, ӕмӕ дӕ Дунедарӕг райсӕд мӕ маст. Ӕз дӕм мӕ къух нӕ сисдзынӕн. 14Рагон ӕмбисонд афтӕ зӕгъы: „Фыдлӕгӕй фыдракӕнд рацӕуы“. Фӕлӕ дӕм ӕз мӕ къух нӕ сисдзынӕн. 15Кӕй ныхмӕ рацыд Израилы паддзах? Кӕй фӕдыл зилыс? Мард куыдзы фӕдыл, иунӕг ӕхсӕнчъы фӕдыл! 16Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд не’хсӕн ӕмӕ нын нӕ хъуыддаг равзарӕд. Мӕ фарс рахӕцӕд, сраст мӕ кӕнӕд ӕмӕ мӕ бахизӕд дӕ къухӕй».

17Давид йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Саул загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта. 18Стӕй Давидӕн загъта: «Ды мӕнӕй растдӕр дӕ. Ды мын хорздзинад сарӕзтай, ӕй та дын ӕй бафыстон ӕвзӕрӕй. 19Абон равдыстай, хорз мын кӕй кӕныс, уый — Дунедарӕг мӕ дӕ къухтӕм лӕвӕрдта, фӕлӕ мӕ ды нӕ амардтай. 20Кӕд фендӕуыд афтӕ, ӕмӕ, йе знагыл чи сӕмбӕлд, уый йӕ фарнимӕ ауадза йӕ фӕндагыл? Дунедарӕг дын хорзӕй бафиддзӕн, абон мын цы хорздзинад сарӕзтай, уый! 21Ныр ӕз зонын, ды ӕнӕмӕнг паддзахиуӕг кӕй кӕндзынӕ ӕмӕ Израилы паддзахад дӕ фӕрцы кӕй сфидар уыдзӕн, уый. 22Гъемӕ мын Дунедарӕгӕй ард бахӕр, куынӕуал уон, уӕд мын мӕ байзӕддаджы кӕй нӕ фесафдзынӕ ӕмӕ мын мӕ ном уӕлӕуыл мӕ мыггаджы’хсӕн кӕй ныууадздзынӕ, уый тыххӕй».

23Давид ард бахордта Саулӕн. Саул йӕ хӕдзармӕ ацыди, Давид ӕмӕ йӕ адӕм та се’мбӕхсӕнмӕ ссыдысты.
Copyright information for OssIBT2022