‏ 1 Samuel 26

Давид дыккаг хатт дӕр фӕтӕригъӕд кодта Саулӕн

1Зифӕгтӕ ссыдысты Гевӕмӕ, Саулмӕ, ӕмӕ йын загътой: «Давид йӕхи ӕмбӕхсы Йешимоны бакомкоммӕ Хакилайы къуыбырыл». 2Саул Зифы ӕдзӕрӕг быдырмӕ Давиды агурӕг ныццыд. Йемӕ уыди ӕртӕ мин лӕджы, Израилы ӕвзаргӕтӕ. 3Саул рӕсӕнуаты ӕрлӕууыд Йешимоны акомкоммӕ, Хакилайы къуыбырыл, фӕндаджы цур.

Уыцы рӕстӕг Давид та ӕдзӕрӕг быдыры уыди ӕмӕ, Саул йӕ фӕдыл кӕй зилы, уый куы фехъуыста,
4уӕд арвыста сгарджытӕ ӕмӕ бӕстон базыдта, хабар ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый.

5Давид бавдӕлд ӕмӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ сбӕлвырд кодта, Саул ӕмӕ йе’фсады хицау, Неры фырт Авнер, кӕм хуыссыдысты, уыцы бынат. Саул хуыссыди астӕуӕй, йӕ адӕм — йӕ алыварс.

6Давид загъта хеттаг Ахимелехӕн ӕмӕ Церуайы фырт Авишайӕн, Йоавы ӕфсымӕрӕн: «Мемӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ чи ныццӕудзӕн?» Авишай йын дзуапп радта: «Ӕз ныццӕудзынӕн демӕ».

7Давид ӕмӕ Авишай ӕхсӕвыгон Саулы рӕсӕнуатмӕ бахъуызыдысты. Саул фынӕй кодта рӕсӕнуаты астӕу, йӕ арц йӕ нывӕрзӕны’рдыгӕй зӕххы сагъд, афтӕмӕй, Авнер дӕр ӕфсадимӕ хуыссыдысты йӕ алыварс. 8Авишай загъта Давидӕн: «Абон дын Хуыцау де знаджы дӕ къухтӕм радта. Цӕй ӕмӕ йӕ арцӕй зӕхмӕ ныххуыйон, дыккаг цӕф кӕнын мӕ нӕ бахъӕудзӕни».

9Фӕлӕ йын Давид загъта: «Ма йӕ амар! Дунедарӕджы байсӕрстмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕвыдӕй нӕ баззайдзӕн». 10Йӕ ныхасыл-ма бафтыдта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй — Йӕхӕдӕг ӕрцӕвдзӕн Дунедарӕг Саулы: искӕд бон йӕхи мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, науӕд та хӕстмӕ ацӕудзӕн ӕмӕ уым фӕмард уыдзӕни. Мӕн та Дунедарӕг Йӕ байсӕрстмӕ мӕ къух сисынӕй бахизӕд! 11Уый фӕлтау ын йӕ нывӕрзӕны’рдыгӕй арц ӕмӕ доны дурын райс, ӕмӕ цом».

12Давид Саулы нывӕрзӕны’рдыгӕй арц ӕмӕ доны дурын райста, ӕмӕ ацыдысты. Ничи ницы федта, ничи ницы бафиппайдта, нӕдӕр Саул райхъал ис, нӕдӕр йӕ адӕмӕй исчи, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг се’ппӕтыл дӕр тарф фынӕй бафтыдта.

13Давид бахызти дӕлвӕзы иннӕ фарсмӕ ӕмӕ уым, хохы сӕр, Саулы рӕсӕнуатӕй дӕрддзӕф ран, ӕрлӕууыд, 14стӕй ныхъхъӕр кодта Саулы ӕфсады’рдӕм, Неры фырт Авнермӕ: «Дзуапп мын ратт, Авнер!» Дзуапп радта Авнер: «Чи дӕ уый? Куыд бауӕндыдтӕ паддзахмӕ ныхъхъӕр кӕнын?» 15Давид загъта Авнерӕн: «Ды, Израилы ӕмбал кӕмӕн нӕй, уыцы лӕг нӕ дӕ? Цӕуылнӕ бахъахъхъӕдтай дӕ бардарӕджы, дӕ паддзахы, чидӕр ӕм марынмӕ куы бацыд, уӕд? 16Хорз нӕ бакодтай. Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй: уӕ паддзахы, Дунедарӕджы байсӕрсты, кӕй нӕ бахъахъхъӕдтат, уый тыххӕй мӕлӕты аккаг стут. Фен-ма, цы фесты паддзахы арц ӕмӕ доны дурын йӕ нывӕрзӕны’рдыгӕй».

17Саул Давиды хъӕлӕс базыдта ӕмӕ загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Давид дзуапп радта: «О, мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах». 18Ноджыдӕр ма загъта: «Мӕ паддзах йӕ цагъары фӕдыл цӕмӕн зилы? Цы ракодтон? Цӕмӕй дӕн аххосджын? 19Уӕдӕ мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах ӕрбайхъусӕд йӕ цагъармӕ. Кӕд дӕ мӕ ныхмӕ Дунедарӕг сардыдта, уӕд Ын ӕрхастӕуӕд зӕрдӕлхӕнӕн нывонд, кӕд — адӕм, уӕд уыдоны та Дунедарӕг ралгъитӕд! Ныр мӕ уыдон фӕсырдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг Израилӕн цы бӕстӕ радта, уымӕй мын хай ма уа. Загътой мын: „Ацу ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кув“. 20Абон Дунедарӕгӕй дард ран, ӕдзӕрӕг быдыры, ма ныккӕлӕд мӕ туг! Израилы паддзах иунӕг ӕхсӕнкъ агурӕг рацыд, суры мӕ, раст цыма хуыргаркыл цуан кӕны хӕхты».

21Саул ын загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн. Давид, мӕ хъӕбул, аздӕх фӕстӕмӕ, ницӕмӕйуал дӕ бафхӕрдзынӕн, уымӕн ӕмӕ мын абон зынаргъыл банымадтай мӕ цард. Ӕнӕзонд митӕ кодтон ӕмӕ тынг фӕрӕдыдтӕн». 22Давид дзуапп радта: «Мӕнӕ — паддзахы арц. Дӕ адӕмӕй исчи ӕрбацӕуӕд ӕмӕ йӕ айсӕд. 23Дунедарӕг та алкӕмӕн дӕр йӕ рӕстдзинад ӕмӕ йӕ иузӕрдионӕн аргъгӕнӕг фӕуӕд. Дунедарӕг дӕ абон мӕ къухмӕ лӕвӕрдта, фӕлӕ мӕн нӕ бафӕндыди Дунедарӕджы байсӕрстмӕ мӕ къух сисын. 24Абон мӕ цӕсты дӕ цард куыд зынаргъ уыд, афтӕ зынаргъ разынӕд мӕ цард дӕр Дунедарӕджы цӕсты, ӕмӕ мӕ алы фыдбылызӕй бахизӕд!»

25Саул Давидӕн загъта: «Хуыцауӕй арфӕгонд дӕ ды, мӕ хъӕбул Давид! Цӕмӕ бавналай, уый кӕронмӕ бакӕндзынӕ, цы дӕ бафӕнда, уый ӕнӕмӕнг дӕ къухы бафтдзӕн!»

Давид ацыд йӕ фӕндагыл, Саул та аздӕхти йӕ бынатмӕ.
Copyright information for OssIBT2022