1 Samuel 28
1Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд кодтой се’фсад Израилимӕ схӕцынмӕ. Ахиш загъта Давидӕн: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зондзынӕ, дӕхицӕн дӕр ӕмӕ дӕ адӕмӕн дӕр мемӕ хӕстмӕ цӕугӕ кӕй у, уый». 2Давид ын дзуапп радта: «Гъеныр дӕхи цӕстӕй фендзынӕ, дӕ цагъар цы бакӕндзӕн, уый». Ахиш загъта Давидӕн: «Гъемӕ дӕ нырӕй фӕстӕмӕ мӕхицӕн хъахъхъӕнӕгӕй исын». 3Уӕдмӕ Самуел амарди. Фӕхъыг ыл кодтой Израилы адӕм, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Рамайы, йӕ сахары. Ныр Саул та бӕстӕйӕ фӕсырдта мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныты. 4Филистимӕгтӕ ӕмбырдӕй ӕрцыдысты Шунеммӕ ӕмӕ уым рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. Саул дӕр фӕсидти ӕппӕт израилӕгтӕм, ӕмӕ ӕрбынат кодтой Гилбоайы хохыл. 5Саул филистимӕгты ӕфсад куы федта, уӕд фыр тӕссӕй йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта. 6Дунедарӕджы фарста, фӕлӕ йын Уый нӕдӕр фыны, нӕдӕр уримы руаджы, нӕдӕр пехуымпарты дзыхӕй лӕвӕрдта дзуапп. 7Уӕд йӕ дӕлдӕртӕн бафӕдзӕхста: «Ссарут мын мӕрдтӕмсидӕг сылгоймаг. Фӕцӕуон ӕм ӕмӕ йӕ бафӕрсон». Дзуапп ын радтой: «Мӕнӕ Ен-Доры ис мӕрдтӕмсидӕг сылгоймаг». 8Саул, мачи мӕ базона, зӕгъгӕ, йӕ хуыз аивта, йӕ уӕлӕ скодта ӕндӕр дарӕс. Дыууӕ лӕджы йемӕ ракодта ӕмӕ уыцы сылгоймагмӕ ӕхсӕвы бацыдысты. Саул ын загъта: «Кӕмӕй дын зӕгъон, уый мын мӕрдтӕй ракӕн ӕмӕ мын ӕй бафӕрс». 9Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Ды бӕгуыдӕр зоныс, Саул цы бакодта, уый. Бӕстыл мӕрдтӕмсидӕг ӕмӕ дӕсны куынӕуал ныууагъта, сӕ мыггаг сын куы сыскъуыдта, уӕд мӕ цӕмӕн сафыс, мӕ уд мын къӕппӕджы цӕмӕн ӕппарыс?» 10Саул ын Дунедарӕгӕй расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ацы хъуыддаджы тыххӕй дыл ницы бӕллӕх ӕрцӕудзӕн». 11Уӕд ӕй сылгоймаг бафарста: «Кӕй дын ракӕнон мӕрдтӕй?» Саул ын дзуапп радта: «Самуелы мын ракӕн». 12Сылгоймаг куы ауыдта Самуелы, уӕд ныцъцъӕхахст кодта, стӕй Саулӕн загъта: «Цӕмӕн мӕ асайдтай? Ды Саул дӕ!» 13Паддзах ын загъта: «Ма тӕрс. Цы уыныс?» Сылгоймаг ын дзуапп радта: «Уынын, дӕлдзӕхӕй ссӕуы ӕндӕрг». 14«Уындӕй цавӕр у?» — бафарста йӕ Саул. Уый загъта: «Ссӕуы зӕронд лӕг, йӕ уӕлӕ пӕлӕз, афтӕмӕй». Саул базыдта, Самуел кӕй у, уый ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом йӕ разы. 15Самуел ӕй бафарста: «Цӕмӕн мӕ бахъыгдӕрдтай ӕмӕ мӕ цӕмӕн ӕрбацӕуын кодтай?» Саул ын загъта: «Уынгӕджы фӕдӕн филистимӕгтӕй: мӕ ныхмӕ хӕцынц, ӕмӕ мӕ Хуыцау дӕр Йе’ргом аздӕхта. Нал мын дӕтты дзуапп нӕдӕр пехуымпарты дзыхӕй, нӕдӕр мӕ фыны. Уый тыххӕй дӕм фӕдзырдтон, цӕмӕй мын бацамонай, цы кӕнгӕ у, уый». 16Самуел ын афтӕ: «Мӕн ма цы фӕрсыс, кӕд дӕ Дунедарӕг Йе’ргом аздӕхта ӕмӕ де знаг сси, уӕд? 17Дунедарӕг бакодта, зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕрдта, уый: паддзахад дын дӕ къухӕй стыдта ӕмӕ йӕ ӕндӕрӕн, Давидӕн, радта, 18уымӕн ӕмӕ ды Дунедарӕгмӕ нӕ байхъуыстай ӕмӕ Йын амалекӕгты Йӕ азарӕй бахызтай. Уый тыххӕй дын афтӕ бакодта Дунедарӕг абон. 19Канд дӕу нӕ, фӕлӕ ӕгас Израилы дӕр Уый филистимӕгты къухмӕ ратдзӕн. Райсом ды дӕр ӕмӕ дӕ фырттӕ дӕр февзӕрдзыстут, ӕз кӕм дӕн, уым. Израилы ӕфсад та филистимӕгты къухмӕ ратдзӕни Дунедарӕг». 20Саул ӕваст ӕрхауд ӕмӕ зӕххыл адӕргъ ис. Тынг фӕтарсти Самуелы ныхӕстӕй. Стӕй йӕм хъару дӕр нал уыди, уымӕн ӕмӕ уыцы бон ӕмӕ уыцы ӕхсӕв йӕ дзыхмӕ къӕбӕр не схаста. 21Сылгоймаг бацыди Саулмӕ ӕмӕ йӕ тынг тарстхуызӕй куы федта, уӕд ын загъта: «Кӕсыс, дӕ цагъар дӕм байхъуыста. Мӕ удӕн тас у, уый зонгӕйӕ, уӕддӕр сӕххӕст кодтон, цы мын загътай, уый. 22Ныр дӕ курын, байхъус ды дӕр дӕ цагъармӕ: цӕй, ӕмӕ дын иу къӕбӕр рахӕссон ӕмӕ саход, цӕмӕй фӕндаджы размӕ фӕхъуыртхъом уай». 23Уый фыццаг нӕ разы кодта, нӕ бахӕрдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕм йӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр ӕрхатыдысты, ӕмӕ сӕм байхъуыста. Сыстади зӕххӕй ӕмӕ сынтӕгыл ӕрбадти. 24Сылгоймаг, йӕ хӕдзары цы хӕрзхаст уӕныг уыди, уый аргӕвдын кодта. Стӕй райста ссад, хыссӕ ракодта, донгонд дзултӕ афыхта 25ӕмӕ Саул ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕн фынг ацарӕзта. Уыдон бахордтой ӕмӕ тӕккӕ уыцы’хсӕв сӕ фӕндагыл араст сты.
Copyright information for
OssIBT2022