1 Samuel 29
Филистимӕгты нӕ фӕнды, цӕмӕй Давид архайа Израилимӕ хӕсты
1Филистимӕгтӕ се’ппӕт ӕфсад дӕр ӕрӕмбырд кодтой Афекмӕ, израилӕгтӕ та Изреелы сахармӕ хӕстӕг, суадоны цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. 2Филистимаг ӕлдӕрттӕй алчи цыди йӕ сӕдӕгай ӕмӕ мингай хӕстонтимӕ, сӕ фӕстӕ — Ахишы ӕфсад, семӕ, кӕронӕй — Давид ӕмӕ йӕ адӕм. 3Филистимаг ӕфсадхонтӕ дзырдтой: «Ацы дзуттӕгтӕ та ам цы архайынц?» Ахиш сын дзуапп радта: «Уый Давид у, израилаг паддзах Саулы цагъар. Ныр мӕм афӕдзӕй фылдӕр цӕры, ӕмӕ йӕм, куы’рбалыгъд, уӕдӕй абонмӕ гуырысхойагӕй ницы бафиппайдтон». 4Филистимӕгтӕ рамӕсты сты Ахишы уыцы ныхӕстӕм ӕмӕ йын загътой: «Арвит фӕстӕмӕ ацы лӕджы. Аздӕхӕд, цы бынат ын снысан кодтай, уырдӕм. Немӕ хӕстмӕ ма цӕуӕд, науӕд хӕсты быдыры нӕ ныхмӕ фӕуыдзӕн. Йӕ хицауы зӕрдӕ цӕмӕй балхӕндзӕни, мӕнӕ йӕ нӕ адӕмы сӕртӕй куынӕ балхӕна, уӕд? 5Кафгӕйӕ афтӕ кӕуыл зарыдысты: „Саул ныццагъта минтӕ, Давид та — дӕсгай минтӕ“, уыцы Давид нӕу, ӕви?» 6Уӕд Ахиш Давидмӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ды ӕууӕнкджын лӕг дӕ, ӕмӕ мын ӕхсызгон уаид, ацы хӕстон балцы мемӕ куы цӕуис, уӕд. Ӕз дӕм де’рбацыдӕй абонмӕ ӕвзӕрӕй ницы бафиппайдтон, фӕлӕ ӕлдӕртты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуыс. 7Гъемӕ ныр фарнимӕ аздӕх ӕмӕ филистимаг ӕлдӕртты ма мӕсты кӕн». 8Давид Ахишӕн загъта: «Цы ракодтон? Лӕггад дын кӕдӕй нырмӕ кӕнын, уӕдӕй тӕккӕ абонмӕ дӕ цагъармӕ гуырысхойагӕй цы бафиппайдтай? Цӕуылнӕ хъуамӕ ацӕуон мӕ бардарӕгӕн, мӕ паддзахӕн йе знӕгтимӕ хӕцынмӕ?» 9Ахиш ын дзуапп радта: «Бӕгуыдӕр, ӕхцон мын дӕ Хуыцауы зӕдау, фӕлӕ филистимаг ӕлдӕрттӕ загътой: „Немӕ хӕстмӕ ма цӕуӕд“. 10Уымӕ гӕсгӕ тӕккӕ райсом сӕумӕйӕ аздӕх, демӕ чи’рбацыди, уыдонимӕ, дӕ бардарӕджы цагъартимӕ. Куыддӕр срухс уа, афтӕ-иу араст ут». 11Райсомӕй раджы Давид ӕмӕ йӕ адӕм аздӕхтысты филистимӕгты бӕстӕм. Филистимӕгтӕ та Изреелмӕ ссыдысты хӕцынмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022