‏ 1 Samuel 3

Дунедарӕг раргом ис Самуелмӕ

1Ӕвзонг Самуел Елиайӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кодта Дунедарӕгӕн. Уыцы заман арӕх нӕ хъуысти Дунедарӕджы ныхас, Йӕхи ӕргом кодта стӕм хатт.

2Иу хатт Елиа хуыссыди йӕ уаты. Йӕ цӕстырухс мынӕг кӕнын райдыдта, гӕзӕмӕ ма уыдта. 3Самуел дӕр хуыссыди Дунедарӕджы кувӕндоны, Хуыцауы Фидыды Чырын кӕм уыди, уым. Кувӕндоны цырагъ ма судзгӕ кодта. 4Дунедарӕг фӕсидти Самуелмӕ, ӕмӕ уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!» 5Елиамӕ бауад ӕмӕ йын загъта: «Дзырдтай мӕм, ӕмӕ мӕнӕ дӕн!» Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: «Ӕз дӕм нӕ дзырдтон. Цу фӕстӕмӕ ӕмӕ схуысс». Самуел ацыд ӕмӕ схуыссыд.

6Дунедарӕг та йӕм ногӕй фӕсидти. Самуел сыстад, Елиамӕ бацыд ӕмӕ та йын загъта: «Дзырдтай мӕм, ӕмӕ мӕнӕ дӕн!» Уый йын дзуапп радта: «Ӕз дӕм нӕ дзырдтон, мӕ хъӕбул. Цу фӕстӕмӕ ӕмӕ схуысс».

7Уӕд Самуел Дунедарӕджы нӕма зыдта, Дунедарӕджы дзырд ын нӕма раргом.

8Дунедарӕг та йӕм ӕртыккаг хатт дӕр фӕсидти. Самуел сыстад, Елиамӕ бацыд ӕмӕ та загъта: «Дзырдтай мӕм, ӕмӕ мӕнӕ дӕн!» Уӕд Елиа бамбӕрста, лӕппумӕ Дунедарӕг кӕй дзырдта, уый, 9ӕмӕ загъта Самуелӕн: «Ацу фӕстӕмӕ ӕмӕ схуысс. Куы ма дӕм дзырдӕуа, уӕд-иу зӕгъ: „Дзур, Дунедарӕг, хъусы Дӕм Дӕ цагъар“». Самуел ацыд ӕмӕ йӕ бынаты схуыссыд.

10Дунедарӕг ӕрбацыди, ӕрлӕууыд ӕмӕ та ногӕй фӕсидти: «Самуел! Самуел!» Самуел дзуапп радта: «Дзур, хъусы Дӕм Дӕ цагъар». 11Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Израилы Ӕз ахӕм хъуыддаг саразынмӕ хъавын, ӕмӕ йӕ чи фехъуса, уымӕн йӕ дыууӕ хъусы дӕр ныззардзысты. 12Уыцы бон Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Елиайӕн йӕ хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон кӕрӕй-кӕронмӕ. 13Ӕз ын загътон, Мӕ азарӕй йӕ хӕдзар мыггагмӕ кӕй бабын уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ Елиа азымджын у: уый зыдта, йӕ фырттӕ се’нӕгъдау митӕй Хуыцауы кӕй ӕгад кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ нӕ урӕдта. 14Уымӕ гӕсгӕ Ӕз ард бахордтон, Елиайы хӕдзарвӕндаджы тӕригъӕдтӕ барст кӕй никуы ӕрцӕудзысты — нӕдӕр нывӕндтӕ, нӕдӕр хуынты фӕрцы».

15Самуел та схуыссыд. Райсомӕй байгом кодта Дунедарӕджы хӕдзары дуӕрттӕ. Дунедарӕгӕй цы фехъуыста, уый нӕ уӕндыд Елиайӕн схъӕр кӕнын, 16фӕлӕ Елиа Самуелмӕ фӕдзырдта: «Самуел, мӕ хъӕбул!» Уый дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн!» 17Елиа загъта: «Цы дын загъта? Ма йӕ басусӕг кӕн, зӕгъ мын ӕй. Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй ма дын ноджы фыддӕртӕ фӕуыдзӕни Хуыцау, цы дын загъта, уыдонӕй мӕ исты куы бамбӕхсай, уӕд». 18Самуел ын ӕппӕт дӕр радзырдта, ницы дзы бамбӕхста. Уӕд Елиа загъта: «Уый Дунедарӕг у, ӕмӕ Йӕ зӕрды цы ис, уый ӕххӕст кӕны».

Самуел сси Дунедарӕджы пехуымпар

19Самуел ралӕг ис, ӕмӕ Дунедарӕг уыд йемӕ: Самуел цыдӕриддӕр загътаид — ӕрцыди-иу. 20Ӕмӕ Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг ӕппӕт Израил дӕр базыдта, Дунедарӕг Самуелы Йӕхицӕн пехуымпарӕй кӕй равзӕрста, уый. 21Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕм Дунедарӕг Йӕхи дарддӕр дӕр ӕргом кодта Силомы.
Copyright information for OssIBT2022