1 Samuel 30
Давид хӕцы амалекӕгтимӕ
1Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕртыккаг бон Циклагмӕ бахӕццӕ сты. Уӕдмӕ амалекӕгтӕ бабырстой Негев ӕмӕ Циклагмӕ. Басастой Циклаг ӕмӕ йыл арт бафтыдтой, 2стӕй сӕхимӕ раздӕхтысты. Сылгоймӕгты, стӕй ма сахары стырӕй, чысылӕй чидӕриддӕр уыдис, уыдоны уацары райстой ӕмӕ сӕ атардтой сӕ разӕй, маргӕ дзы никӕй акодтой. 3Давид ӕмӕ йӕ адӕм сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой: сахар арты хай баци, сӕ устытӕ ӕмӕ сын сӕ цоты та уацары акодтой. 4Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕрдиаг кодтой ӕмӕ куыдтой, цалынмӕ сӕ хъару басаст, уӕдмӕ. 5Уацары ист ӕрцыдысты Давидӕн йӕ дыууӕ усы дӕр, изреелаг Ахиноам ӕмӕ кармелаг Навалы идӕдз Авигеа. 6– 7Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод, 8ӕмӕ Давид Дунедарӕджы бафарста: «Уыцы абырджыты фӕсте асурон? Баййафдзынӕн сӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Асур сӕ! Ӕнӕмӕнг сӕ баййафдзынӕ ӕмӕ дӕ адӕмы суӕгъд кӕндзынӕ». 9Давид ӕхсӕзсӕдӕ лӕгимӕ араст ис, ӕмӕ Бесоры тӕрфмӕ бахӕццӕ сты. 10Уырдыгӕй Давид цыппарсӕдӕ лӕгимӕ дарддӕр ацыди амалекӕгты фӕдыл, дыууӕсӕдӕ лӕджы та баззадысты — афтӕ сӕнӕбон сты, ӕмӕ Бесоры тӕрфыл ахизынӕн нал уыдысты. 11Фӕндагыл амбӕлдысты иу мысырагыл ӕмӕ йӕ Давидмӕ ӕрбакодтой. Къӕбӕр ын бахӕрын кодтой, йӕ дойны суагъта. 12Легъуийы хустӕ ӕмӕ йын дыууӕ чисмис гуылы ӕрӕвӕрдтой. Куы бахордта, уӕд мысыраг йе’муд ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы хойраг ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕци. 13Давид ӕй бафарста: «Кӕй цагъар дӕ, кӕцон дӕ?» Уый загъта: «Мысыраг лӕппу дӕн, иу амалекаджы цагъар. Ӕртӕ боны размӕ фӕрынчын дӕн, ӕмӕ мӕ ме’лдар ныууагъта. 14Мах бабырстам Негевмӕ — керетӕгты, Иудӕ ӕмӕ Калевы зӕххытӕм — ӕмӕ Циклагыл арт бафтыдтам». 15Давид ӕй бафарста: «Уыцы абырджытӕм мӕ фӕхӕццӕ кӕндзынӕ?» Уый йын загъта: «Хуыцауӕй мын ард бахӕр, кӕй мӕ нӕ амардзынӕ, ме’лдары къухтӕм дӕр мӕ кӕй нӕ ратдзынӕ, уый тыххӕй, ӕмӕ дӕ ӕз уыдоныл сӕмбӕлын кӕндзынӕн». 16Мысыраг бахӕццӕ кодта Давиды. Уый кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ амалекӕгтӕ быдыры куы апырх уаиккой. Хӕрынц ӕмӕ нуазынц, филистимаг ӕмӕ иудейаг зӕххытӕй бирӕ исбон кӕй байстой, уый фӕдыл бӕрӕгбон аразынц. 17Хур нӕма скасти, афтӕ сыл Давид йӕхи ныццавта ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ цагъта. Ничи йын дзы аирвӕзти удӕгасӕй, ӕрмӕст цыппарсӕдӕ лӕппуйы теуатыл абадтысты ӕмӕ алыгъдысты. 18– 19Афтӕ Давид фӕстӕмӕ байста, амалекӕгтӕм уацары чи бахауд, уыдоны, стырӕй, чысылӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй, стӕй йӕ дыууӕ усы дӕр. Байста-ма, амалекӕгтӕ цыдӕриддӕр фӕфос кодтой, уый. Ӕппындӕр сӕ ницы фӕхъуыд. 20Амалекӕгтӕн се стурвос ӕмӕ сӕ лыстӕг фос иууылдӕр ратӕлӕт кодтой. Давиды разӕй сӕ тардтой ӕмӕ дзырдтой: «Уый Давиды ӕфтиаг у». 21Давид баввахс ис, йӕ фӕдыл цӕуынхъом чи нал уыд ӕмӕ Бесоры тӕрфы цур кӕй ныууагъта, уыцы дыууӕсӕдӕ лӕгмӕ. Уыдон Давид ӕмӕ йӕ адӕмы размӕ рауадысты, ӕмӕ сын Давид салам радта. 22Уӕд, Давидимӕ цы адӕм ӕрбацыди, уыдонӕн сӕ цъаммӕрттӕ ӕмӕ ӕнаккӕгтӕ дзурын райдыдтой: «Адон немӕ кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй сын ницы ратдзыстӕм, цы байстам, уымӕй. Алчидӕр сӕ ӕрмӕст йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты акӕнӕд ӕмӕ цӕуӕд йӕ фӕндагыл». 23Фӕлӕ Давид загъта: «Афтӕ ма кӕнут, ме’фсымӕртӕ — Дунедарӕг нын ралӕвар кодта ацы ӕфтиаг. Уый нӕ бахъахъхъӕдта ӕмӕ нын нӕ къухтӕм радта, чи нӕм ӕрбалӕбурдта, уыдоны. 24Ничи сразы уыдзӕн уӕ фӕндыл. Хӕцынмӕ чи ацыд, уымӕн цы хай ӕмбӕлы, ахӕм хай ӕмбӕлы, рӕсӕнуаты чи баззад, уымӕн дӕр. Ӕмхуызон хӕйттӕ сӕм хауы». 25Уӕдӕй фӕстӕмӕ уый Израилӕн ӕгъдау ӕмӕ фӕткӕн баззад. 26Давид Циклагмӕ куы ӕрцыд, уӕд йе’фтиагӕй арвыста йӕ хӕлӕрттӕн, Иудӕйы хистӕртӕн, ахӕм ныхасимӕ: «Мӕнӕ уын, Дунедарӕджы знӕгтӕй кӕй байстам, уымӕй хай». 27Арвыста сын сӕ Вефилмӕ, Рамот-Негевмӕ, Йатирмӕ, 28Ароермӕ, Сифмотмӕ, Ештемоамӕ, 29Рахалмӕ, йерахмеелонты сахартӕм, кенӕгты сахартӕм, 30Хормамӕ, Бор-Ашанмӕ, Атахмӕ, 31Хевронмӕ, стӕй ма, Давид-иу йӕ адӕмимӕ ноджыдӕр кӕмыты уыди, ӕппӕт уыцы рӕттӕм.
Copyright information for
OssIBT2022