1 Samuel 5
Дунедарӕг ӕфхӕры филистимӕгты
1Филистимӕгтӕ Хуыцауы Фидыды Чырын куы байстой, уӕд ӕй Евен-Езерӕй Ашдодмӕ 2сӕ хуыцау Дагоны кувӕндонмӕ ахастой ӕмӕ йӕ уым Дагоны фарсмӕ ӕрӕвӕрдтой. 3Уый фӕстӕ бон, сӕумӕраджы, Ашдоды цӕрджытӕ куы сыстадысты, уӕд федтой: Дагон Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хаудӕй лӕууы. Систой йӕ ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой. 4Уый фӕстӕ бон дӕр та райсомӕй раджы сыстадысты ӕмӕ федтой: Дагон Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз зӕххыл дӕлгоммӕ хаудӕй лӕууы, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ армы — къуырд ӕмӕ къӕсӕрыл ӕппӕрст. Дагонӕн ма баззад ӕрмӕст йӕ гуыр. 5Уымӕ гӕсгӕ Дагоны сауджынтӕн, стӕй Ашдодмӕ Дагоны кувӕндонмӕ цӕуджытӕн абоны онг дӕр фӕткӕн баззад — йӕ къӕсӕрыл ын къахӕй нал ӕрлӕууынц, афтӕмӕй йӕ сӕрты бахизынц. 6Дунедарӕг тынг ӕрӕлхъывта Ашдоды цӕрджыты, стыр тас сӕ бауагъта. Сӕхи дӕр ӕмӕ сын сӕ алфамбылай цӕрджыты буар дӕр сынкъ фестын кодта. 7Уый фенгӕйӕ, Ашдоды адӕм загътой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын махмӕ мауал уӕд, уымӕн ӕмӕ уыцы Хуыцау ӕгӕр карз у махӕн дӕр ӕмӕ нӕ хуыцау Дагонӕн дӕр». 8Арвыстой ӕмӕ Филистимы ӕлдӕртты се’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы уынаффӕ кӕнӕм Израилы Хуыцауы Фидыды Чырынӕн?» Уыдон загътой: «Гатмӕ хаст ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ Фидыды Чырын Гатмӕ ахастой. 9Куыддӕр бахӕццӕ ис, афтӕ Дунедарӕг Гаты сахарыл фыд азар бафтыдта. Сахары цӕрджытӕн сӕ буар — стырӕй, чысылӕй — къуызыртӕй нал зынди. 10Уыйадыл Хуыцауы Фидыды Чырын Екронмӕ арвыстой. Екроны цӕрджытӕ йӕ куы федтой, уӕд нырдиаг кодтой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын нӕм ӕрбахастой, цӕмӕй быныскъуыд фӕуӕм». 11Фӕдзырдтой Филистимы ӕлдӕрттӕм ӕмӕ сын загътой: «Арвитут Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын, уадз ӕмӕ фӕстӕмӕ йӕ бынатыл сӕмбӕла, науӕд сӕфӕм — адӕм мыггагыскъуыд фӕуыдзысты». Ӕппӕт сахайрӕгты дӕр бацыди мӕлӕтдзаг тас, Хуыцау сӕ Йӕ азары хай бакодта. 12Сахары цӕрджытӕй ма удӕгас чи уыди, уыдонӕн сӕ буар къуызыртӕй нал зынд, ӕмӕ адӕм ӕххуысагур дзынӕзтой уӕлӕрвтӕм.
Copyright information for
OssIBT2022