‏ 1 Samuel 6

Фидыды Чырын Израилмӕ ӕрбаздӕхт

1Дунедарӕджы Фидыды Чырын Филистимы зӕххыл фӕци авд мӕйы. 2Филистимӕгтӕ фӕдзырдтой сауджынтӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы бакӕнӕм Дунедарӕджы Фидыды Чырынӕн? Бацамонут нын, йӕ бынатыл ӕй куыд сӕмбӕлын кӕнӕм, уый». 3Уыдон загътой: «Кӕд Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын ӕрвитинаг стут, уӕд ӕй ӕнӕ ницӕмӕй ма ауадзут, фӕлӕ уыцы Хуыцауӕн уӕ аххосы ныхмӕ ӕнӕмӕнг нывонд ӕрхӕссут. Уӕд сдзӕбӕх уыдзыстут ӕмӕ базондзыстут, цӕй тыххӕй уӕ ӕфхӕры, уый». 4Бафарстой та сӕ: «Цавӕр нывонд Ын хъуамӕ ӕрхӕссӕм?» Загътой сын: «Филистимаг ӕлдӕртты нымӕцмӕ гӕсгӕ фондз сыгъзӕрин къуызыры ӕмӕ фондз сыгъзӕрин мысты. Уымӕн ӕмӕ сымах дӕр ӕмӕ уе’лдӕрттӕ дӕр иу ӕфхӕрд баййӕфтат. 5Уӕдӕ саразут сыгъзӕринӕй уӕ сынчъытӕ ӕмӕ, уӕ зӕхх уын цы мыстытӕ гӕныстон кӕнынц, уыдоны фӕлгонцтӕ, ӕмӕ сӕ Израилы Хуыцауӕн снывонд кӕнут. Чи зоны, ӕмӕ уын уӕд уӕхи дӕр, уӕ хуыцӕутты дӕр ӕмӕ уӕ зӕхх дӕр мауал ӕфхӕра. 6Цӕмӕн стут Мысыры адӕм ӕмӕ фараоны хуызӕн хиваст? Израилы Хуыцау сыл Йӕ хъару куы бавзӕрста, уӕд уыдон дзуттӕгты куы ауагътой! 7Ӕрцӕттӕ кӕнут ног уӕрдон ӕмӕ, ӕфсондз чи нӕма федта, ахӕм дыууӕ дуцгӕ хъуджы, уӕрдоны сӕ баифтындзут, сӕ родты та сын скъӕты бакӕнут. 8Райсут Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ уӕрдоны сӕвӕрут, уӕ аххосы тыххӕй Йын цы сыгъзӕрин дзауматӕ снывонд кӕнат, уыдон та Чырыны фарсмӕ къоппы нывӕрут. Стӕй-иу Чырын арвитут, уадз ӕмӕ цӕуа. 9Кӕсут-иу: кӕд ӕмӕ йӕхи бӕстӕм, Бет-Шемешмӕ цӕуа, уӕд нын ацы стыр фыдбылыз Израилы Хуыцау ракодта, кӕд нӕ, уӕд та йӕ зондзыстӕм: мах ӕфхӕрд Уый къухӕй нӕ баййӕфтам, фӕлӕ ныл ацы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд».

10Уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ дыууӕ дуцгӕ хъуджы баифтыгътой уӕрдоны, сӕ родты та сын скъӕты ныууагътой. 11Уӕрдоны сӕвӕрдтой Дунедарӕджы Фидыды Чырын, стӕй, сыгъзӕрин мыстытӕ ӕмӕ къуызыртӕ кӕм уыдысты, уыцы къопп. 12Стуртӕ сӕ ных комкоммӕ Бет-Шемешмӕ сарӕзтой. Уасгӕ цыдысты уыцы иу фӕндагыл, нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхтысты, нӕдӕр рахизӕрдӕм. Филистимы ӕлдӕрттӕ сӕ фӕдыл цыдысты суанг Бет-Шемешы арӕны онг.

13Бет-Шемешы цӕрджытӕ дӕлвӕзы мӕнӕу карстой. Фидыды Чырын куы федтой, уӕд бацин кодтой. 14Уӕрдон Бет-Шемешы цӕрӕг Йешуайы быдырмӕ бахӕццӕ ӕмӕ стыр дуры цур ӕрлӕууыд. Уыцы ран уӕрдон сугӕн ныссастой ӕмӕ хъуццыты Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхастой. 15Уый размӕ левиттӕ уӕрдонӕй ӕристой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ йемӕ цы сыгъзӕрин дзауматы къопп уыд, уый ӕмӕ сӕ стыр дурыл ӕрӕвӕрдтой. Уыцы бон Бет-Шемешы адӕм Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ Йын Йӕ номыл кусӕрттӕ фӕкодтой. 16Филистимы фондз ӕлдары уыдӕттӕ куы федтой, уӕд уыцы бон аздӕхтысты Екронмӕ.

17Филистимӕгтӕ Дунедарӕгӕн, сӕ аххос хынцгӕйӕ, цы сыгъзӕрин къуызыртӕ снывонд кодтой, уыдон уыдысты: иу — Ашдоды, иу — Газӕйы, иу — Ашкелоны, иу — Гаты, иу та — Екроны тыххӕй. 18Цы сыгъзӕрин мыстытӕ снывонд кодтой, уыдон та уыдысты, фондз ӕлдарӕн дӕлбар чи уыди, уыцы филистимаг сахарты нымӕцмӕ гӕсгӕ — бырухгӕд чи уыди, канд уыцы сахартӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕбыру хъӕуты тыххӕй дӕр. Дунедарӕджы Фидыды Чырын цы стыр дурыл ӕрӕвӕрдтой, уый ныр дӕр ма лӕууы Бет-Шемешы цӕрӕг Йешуайы быдыры.

Фидыды Чырын хаст ӕрцыди Кирйат-Иариммӕ

19Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта. 20Бет-Шемешы цӕрджытӕ загътой: «Ацы стыр Хуыцауы раз, Дунедарӕджы раз, кӕй бон у ӕрлӕууын? Йӕ Фидыды Чырын хъуамӕ ацӕуа махӕй, фӕлӕ кӕдӕм?» 21Минӕвӕрттӕ арвыстой Кирйат-Иаримы цӕрджытӕм, цӕмӕй сын зӕгъой: «Филистимӕгтӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын фӕстӕмӕ раздӕхтой. Рацӕут ӕмӕ йӕ уӕхимӕ ахӕссут».
Copyright information for OssIBT2022