‏ 1 Samuel 8

Израилӕгтӕ курынц Самуелӕй, цӕмӕй сын сӕ сӕргъы паддзах сӕвӕра

1Самуел куы базӕронд, уӕд Израилӕн фӕтӕгтӕй сӕвӕрдта йӕ фыртты. 2Йӕ хистӕр фырты ном уыди Иоел, кӕстӕры ном — Авийа. Тӕрхон кодтой Беер-Шевӕйы. 3Фӕлӕ уыдон сӕ фыды фӕндагыл нӕ цыдысты: мулкӕй нӕ зыдтой ӕфсис, истой гӕртам, кодтой галиу тӕрхон.

4Уӕд Израилы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Рамайы сахармӕ ӕрцыдысты Самуелмӕ. 5Загътой йын: «Ды базӕронд дӕ, дӕ фырттӕ та дӕ фӕндагыл лӕуд не сты. Гъемӕ, иннӕ адӕмтӕм куыд у, афтӕ махӕн дӕр нӕ сӕргъы паддзах сӕвӕр, ӕмӕ нын хицауиуӕг кӕна».

6Паддзах нын сӕвӕр ӕмӕ нын хицауиуӕг кӕна, зӕгъгӕ, кӕй загътой, уый Самуелы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывта. 7Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Ратт адӕмӕн, цыдӕриддӕр дӕ курынц, уый: уыдон дӕуыл нӕ, фӕлӕ Мӕныл атигъ кодтой сӕхи, цӕмӕй сын Ӕз мауал кӕнон паддзахиуӕг. 8Мысырӕй сӕ куы рахуыдтон, уыцы бонӕй нырмӕ Мӕнӕн алкӕддӕр куыд кодтой — ныууагътой-иу Мӕ ӕмӕ лӕггад кодтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, — ныр дӕуӕн дӕр афтӕ кӕнынц. 9Гъемӕ сӕм байхъус. Ӕрмӕст сын бӕлвырд радзур, фидӕны паддзах сын хицауиуӕг куыд кӕндзӕни, уый».

10Паддзахы сӕвӕрын дзы чи домдта, уыцы Самуел рафӕзмыдта Дунедарӕджы ӕппӕт ныхӕстӕ дӕр 11ӕмӕ загъта: «Уӕ сӕргъы цы паддзах лӕууа, уый уын хицауиуӕг кӕндзӕни мӕнӕ афтӕ: уӕ фыртты уын байсдзӕн ӕмӕ дзы иуты бафтаудзӕн йӕ тохуӕрдӕттыл, иннӕты — йӕ бӕхӕфсадыл, аннӕтӕ та уыдзысты паддзахы барджытӕ ӕмӕ йӕ уӕрдоны разӕй уайдзысты. 12Иуты йе’фсады минонтӕ ӕмӕ фӕндзайонты хицӕуттӕй сӕвӕрдзӕн, иннӕтӕ йын кӕндзысты хуым ӕмӕ йын ӕфснайдзысты йӕ тыллӕг, аннӕтӕ та йын араздзысты хотыхтӕ ӕмӕ ифтонг кӕндзысты тохуӕрдӕттӕ. 13Уӕ чызджыты дӕр уын байсдзӕн, цӕмӕй аразой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, кӕной хӕринаг, кӕной кӕрдзын. 14Байсдзӕн уын уӕ быдыртӕ, уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕйы дыргъдӕтты хуыздӕртӕ ӕмӕ сӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн ратдзӕн. 15Уӕ быдыртӕ ӕмӕ уын уӕ сӕндӕтты тыллӕгӕн райсдзӕн йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ йӕ ратдзӕн йӕ барджынтӕ ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн. 16Байсдзӕн уын уӕ цагъарты — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, йӕхи бакӕндзӕн уе стуртӕ ӕмӕ уӕ хӕрджыты хуыздӕрты ӕмӕ сӕ йӕхицӕн кусын кӕндзӕн. 17Уӕ лыстӕг фосӕн дӕр райсдзӕн йӕ дӕсӕймаг хай. Уе’ппӕт дӕр ын уыдзыстут цагъартӕ. 18Уӕд ныккӕрздзыстут ӕмӕ хъаст кӕндзыстут, уӕхицӕн цы паддзах равзӕрстат, уымӕй, фӕлӕ уӕм Дунедарӕг нал ӕрыхъусдзӕн».

19Адӕм ницӕмӕ ӕрдардтой Самуелы ныхӕстӕ. Загътой: «Нӕ, уадз ӕмӕ паддзах уа нӕ сӕргъы! 20Уӕд мах дӕр уыдзыстӕм ӕппӕт адӕмты хуызӕн: нӕ паддзах кӕндзӕни хицауиуӕг дӕр ӕмӕ уыимӕ уыдзӕни нӕ хӕстон фӕтӕг дӕр».

21Самуел фӕхъуыста адӕмы ныхӕстӕм ӕмӕ сӕ Дунедарӕгӕн рафӕзмыдта. 22Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Сразы у семӕ, сӕвӕр сын паддзах». Ӕмӕ загъта Самуел израилӕгтӕн: «Алчидӕр уӕ йӕ сахармӕ ацӕуӕд».
Copyright information for OssIBT2022