‏ 1 Samuel 9

Саулы фембӕлд Самуелимӕ

1Бениамины зӕххыл царди иу лӕг, йӕ ном — Киш, Бениамины мыггагӕй, нымад адӕймаг. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Авиел, Церор, Бехорат, Афиах. 2Кишӕн уыди фырт, йӕ ном — Саул, ӕвзонг ӕмӕ хӕрзконд лӕппу. Израилӕгтӕм уымӕй уындджындӕр ничи уыди. Уыимӕ ахӕм бӕрзонд уыд, ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы адӕмӕй йӕ роцъомӕ дӕр ничи ӕххӕссыд.

3Иуахӕмы Кишӕн йӕ сыл хӕрджытӕ фесӕфтысты, ӕмӕ йӕ фырт Саулӕн загъта: «Ӕххуырстытӕй искӕй демӕ акӕн ӕмӕ уыцы хӕрджыты бацагур». 4Саул йе’ххуырстимӕ ӕрзылдис Ефремы хӕхбӕстӕ ӕмӕ Шалишайы зӕххыл, фӕлӕ сӕ не ссардтой. Шаалимы зӕххыл сӕ фӕцагуырдтой, ӕмӕ уым дӕр нӕ разындысты. Афтӕ — Бениамины зӕххыл дӕр, фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы.

5Цуфы зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд Саул йе’ххуырстӕн загъта: «Аздӕхӕм фӕстӕмӕ, науӕд мӕ фыды зӕрдӕ хӕрджыты бӕсты махмӕ ӕхсайын райдайдзӕн». 6Фӕлӕ йын ӕххуырст загъта: «Ацы сахары ис Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, тынг ӕй нымайынц, цыдӕриддӕр фӕзӕгъы, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст вӕййы. Цӕй ӕмӕ уымӕ бацӕуӕм. Чи зоны, ӕмӕ нын бацамона, цавӕр фӕндагыл нын цӕугӕ у, уый». 7Уӕд Саул йе’ххуырстӕн афтӕ: «Бацӕуӕм ӕм, фӕлӕ йын хӕсгӕ та цы бакӕндзыстӕм? Ӕгӕрыстӕмӕй нӕ хордзенты дзул дӕр куы нал ис. Лӕварӕн ын немӕ цы айсӕм, уый дӕр нӕм нӕй. Цы нӕм ис?» 8Ӕххуырст загъта Саулӕн: «Мӕнӕ мӕм ӕвзисты шекелы цыппӕрӕм хай ис, ӕмӕ йӕ Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн ратдзынӕн, цӕмӕй нын фӕндаг бацамона». 9(Раздӕр-иу Израилы исчи Хуыцауы фӕндон базонынмӕ куы цыд, уӕд-иу афтӕ дзырдтой: «Цом зонынджынмӕ», уымӕн ӕмӕ, ныр пехуымпар кӕй хонынц, уый раздӕр зонынджын хуыдтой.) 10«Гъемӕ хорз, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕнӕм», — загъта Саул йе’ххуырстӕн.

Ӕмӕ араст сты, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг кӕм царди, уыцы сахармӕ.

11Сахармӕ фӕндагыл, къуылдымыл, куы фӕхӕрд кодтой, уӕд амбӕлдысты дондзау чызджытыл ӕмӕ сӕ бафарстой: «Зонынджын ам ис ӕви нӕ?» 12Уыдон дзуапп радтой: «Ам ис. Ӕмраст ацӕут. Ӕрмӕст тагъддӕр. Абон ӕрбацыди сахармӕ, уымӕн ӕмӕ адӕм абон уӕлӕ кувӕн къуыбырыл нывонд хӕссынц. 13Сахармӕ куы бацӕуат, уӕд ӕй уайтагъд ссардзыстут. Фӕтагъд кӕнут, цалынмӕ кувӕн къуыбырмӕ нӕма ссыди куывдмӕ, уӕдмӕ. Ӕнӕ уымӕй куывддзау адӕм нӕ саходдзысты — уый нывонд куы ныххӕлар кӕна, ӕрмӕст уӕд райдайдзысты хӕрын. Цӕут ӕмӕ йӕ баййафдзыстут».

14Сахармӕ куыд бацыдысты, афтӕ Самуел дӕр кувӕн къуыбырмӕ рараст ӕмӕ сӕ размӕ фӕци.

15Ныр, Саул куы’рбацыд, уый размӕ бон Дунедарӕг фехъусын кодта Самуелӕн: 16«Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст».

17Самуел Саулы куы ауыдта, уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ ис, кӕй кой дын кодтон, уыцы лӕг. Уый кӕндзӕни паддзахиуӕг Мӕ адӕмӕн».

18Саул Самуелмӕ бацыд кулдуары размӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Зонынджыны хӕдзар кӕм ис, уый мын нӕ бацамондзынӕ?» 19Самуел ын загъта: «Зонынджын ӕз дӕн. Мӕ разӕй кувӕн къуыбырмӕ ссу, абон мемӕ саходдзыстут. Райсом дӕ фӕндараст куы кӕнон, уӕд та дын дзуапп ратдзынӕн, дӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр ис, уыдонӕн. 20Ӕртӕ боны размӕ дӕ цы сыл хӕрджытӕ фесӕфт, уыдоныл ма тыхс: разындысты. Ис ахсджиагдӕр хъуыддаг: Израилы хӕзнатӕ иууылдӕр сты дӕу ӕмӕ дӕ мыггаджы хай». 21Саул ын дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз Израилы цыбырдӕр хӕдзарвӕндагӕй куы дӕн — Бениамины байзӕддаг. Мӕ мыггаг дӕр Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн сӕ тӕккӕ гыццылдӕр куы у, уӕд мын уый куыд зӕгъыс?»

22Самуел Саулы ӕмӕ ӕххуырсты уазӕгдонмӕ акодта ӕмӕ сӕ хуынд адӕмы уӕле сбадын кодта. Хуынд адӕм уыдысты дӕс ӕмӕ ссӕдзы бӕрц. 23Самуел хӕринаггӕнӕгӕн загъта: «Цы хай дӕм радтон, бафснай йӕ, зӕгъгӕ, уый-ма рахӕсс». 24Хӕринаггӕнӕг рахаста сгуы ӕмӕ йӕ Саулы раз ӕрӕвӕрдта. Самуел Саулӕн загъта: «Мӕнӕ, дӕуӕн кӕй бавӕрын кодтон, уыцы хай. Дӕ хорзӕхӕй, ӕрӕвнал ӕмӕ саход. Куывддонтӕм куы фӕдзырдтон, уӕдӕй тӕккӕ ацы сахаты онг дӕу тыххӕй ӕвӕрд уыд». Афтӕ уыцы бон Саул ӕмвынг уыди Самуелимӕ.

Самуел байсӕрста Саулы, цӕмӕй паддзах суа

25Къуыбырӕй ӕрцыдысты сахармӕ. Саулӕн уӕлхӕдзар бауат кодтой, ӕмӕ схуыссыди. 26Райсомӕй сӕуӕхсидыл Самуел Саулмӕ уӕлхӕдзармӕ сдзырдта: «Сыст, ӕмӕ дӕ афӕндараст кӕнон». Саул сыстад, ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр хӕдзарӕй рацыдысты. 27Сахары кӕронмӕ куы рахӕццӕ сты, уӕд Самуел Саулӕн загъта: «Ӕххуырстӕн зӕгъ, ӕмӕ нӕ разӕй цӕуа. Ды та ӕрлӕуу, ӕмӕ дын ӕз фехъусын кӕндзынӕн Хуыцауы фӕндон». Ӕххуырст ацыди сӕ разӕй.
Copyright information for OssIBT2022