‏ 1 Samuel 12

Самуелы фӕстаг раныхас

1Самуел загъта Израилы дзыллӕйӕн: «Уӕ курдиат уын сӕххӕст кодтон, уӕ сӕргъы уын сӕвӕрдтон паддзах. 2Гъемӕ мӕнӕ уӕ паддзах. Абонӕй фӕстӕмӕ уын уый кӕндзӕни хицауиуӕг. Ӕз базӕронд дӕн, сурс дӕн, фӕлӕ мӕ фырттӕ дӕр уемӕ баззайдзысты. Мӕ сабибонтӕй абонмӕ уын лӕггад фӕкодтон. 3Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».

4Дзуапп ын радтой: «Ды нӕ никӕй бастыгътай, никӕй нӕ бафхӕрдтай, никӕмӕй нӕ ницы райстай». 5Уый сын загъта: «Абон Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрст — ӕвдисӕнтӕ, кӕй ницы мӕм ссардтат азымӕй, уый тыххӕй». Дзуапп ын радтой: «Ӕвдисӕнтӕ».

6Уӕд сын Самуел загъта: «Моисей ӕмӕ Аароны Чи равзӕрста ӕмӕ уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй Чи ракодта, уыцы Дунедарӕг — ӕвдисӕн. 7Ӕрбайхъусут-ма, ӕз уын ныр Дунедарӕджы раз мӕ уайдзӕф зӕгъон — Дунедарӕг сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр цыдӕриддӕр хӕрзты бацыди, уыдон уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтын кӕнон. 8Йаков йӕ фырттимӕ Мысырмӕ куы ацыд ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ мысырӕгты къухӕй ӕфхӕрд куы баййӕфтой, уӕд уыдон Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ Дунедарӕг рарвыста Моисей ӕмӕ Аароны. Уыдон уын уӕ фыдӕлты Мысырӕй ракодтой ӕмӕ сӕ мӕнӕ ацы зӕххыл ӕрцӕрын кодтой. 9Фӕлӕ уӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, куы ферох кодтой, уӕд сӕ Уый лӕвӕрдта Хацоры ӕфсады хицау Сисерайы къухтӕм, филистимӕгты къухтӕм ӕмӕ моаваг паддзахы къухтӕм. Уыдон хӕцыдысты уӕ фыдӕлтимӕ. 10Уӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой ӕмӕ загътой: „Фӕтӕригъӕдджын стӕм, ныууагътам Дунедарӕджы ӕмӕ куывтам Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕм. Фӕлӕ нӕ ныр фервӕзын кӕн не знӕгтӕй, ӕмӕ кувдзыстӕм Дӕумӕ“. 11Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй. 12Фӕлӕ аммонаг паддзах Нахаш уӕ ныхмӕ кӕй цӕуы, уый куы федтат, уӕд мын загътат: „Нӕ, уадз ӕмӕ паддзах уа нӕ сӕргъы“, афтӕмӕй та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг у уӕ паддзах. 13Гъемӕ мӕнӕ, кӕй равзӕрстат, уыцы паддзах. Паддзах куырдтат, ӕмӕ уын ӕй Дунедарӕг сӕвӕрдта уӕ сӕргъы. 14Дунедарӕгӕй куы тӕрсат, куы Йын куват, Йӕ коммӕ куы кӕсат, Йӕ фӕндоны ныхмӕ куынӕ лӕууат, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ паддзах дӕр Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдыл куы цӕуат, уӕд Дунедарӕг уӕ ныхмӕ нӕ рацӕудзӕн. 15Фӕлӕ Дунедарӕджы коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ Йӕ фӕндоны ныхмӕ куы лӕууат, уӕд Дунедарӕг рацӕудзӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ паддзахы ныхмӕ. 16Багъӕцут-ма ӕмӕ фендзыстут, Дунедарӕг уын цы стыр диссаг равдисдзӕн, уый. 17Ныртӕккӕ мӕнӕугӕрдӕнтӕ не сты, ӕви? Фӕлӕ ӕз Дунедарӕгмӕ скувдзынӕн, ӕмӕ Уый рарвитдзӕн ӕрвнӕрд ӕмӕ къӕвда, ӕмӕ сымах базондзыстут ӕмӕ фендзыстут, уӕхицӕн паддзах куы ракуырдтат, уӕд Дунедарӕджы раз стыр тӕригъӕды кӕй бацыдыстут, уый».

18Самуел Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ уыцы бон Дунедарӕг рарвыста ӕрвнӕрд ӕмӕ къӕвда. Адӕм тынг фӕтарстысты Дунедарӕгӕй ӕмӕ Самуелӕй.

19Адӕм Самуелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Дӕ цагъарты тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув, ӕмӕ ма амӕлӕм. Уымӕн ӕмӕ ма не’ппӕт тӕригъӕдтӕм ноджы иу фыдракӕнд бафтыдтам, нӕхицӕн паддзах куы ракуырдтам, уӕд».

20Самуел адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут! Кӕд ӕппӕт уыцы фыдракӕндтӕ сарӕзтат, уӕддӕр Дунедарӕгӕй уӕхи ма иуварс кӕнут, зӕрдиагӕй Йын кувут. 21Ӕнӕуд хуыцӕутты фӕдыл та ма цӕут. Уыдон уын нӕдӕр исты пайда ӕрхӕсдзысты, нӕдӕр уӕ ирвӕзын фӕкӕндзысты, уымӕн ӕмӕ ницы сты. 22Дунедарӕг Йе стыр номы хатырӕй Йӕ адӕмы дзӕгъӕлӕй нӕ ныууадздзӕн, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон уыди сымахӕй Йӕхи адӕм саразын. 23Мӕн дӕр Дунедарӕг бахизӕд, сымах тыххӕй куынӕуал кувон, уыцы тӕригъӕдӕй! Ӕдзух уын кувдзынӕн ӕмӕ уӕ араздзынӕн хорз ӕмӕ раст фӕндагыл. 24Ӕрмӕст тӕрсут Дунедарӕгӕй, рӕстӕй, зӕрдиагӕй Йын кувут. Уӕ зӕрдыл дарут, цы стыр хӕрзты уын бацыд, уый. 25Дарддӕр дӕр ма фыдбылыз куы аразат, уӕд та уӕ паддзахимӕ иумӕ бабын уыдзыстут».
Copyright information for OssIBT2022