1 Samuel 13
Ног хӕст филистимӕгтимӕ
1Саулыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы цыд, Израилы паддзах куы сси, уӕд. Израилӕн паддзахиуӕг фӕкодта дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз азы ▼▼Зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзуттаг тексты ацы бынат хӕлд у. «Дӕс ӕмӕ ссӕдз азы» — афтӕ у бердзенаг тӕлмацы кӕцыдӕр къухфыстыты; дзуттаг тексты та нымӕц уагъд ӕрцыди. Дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз азы — абар Хъуыд 13:21; дзуттаг тексты: дыууӕ азы.
. 2Израилӕгтӕй Саул йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Уыдонӕй дыууӕ мины Саулимӕ уыдысты Михмасы ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та — йӕ фырт Ионатанимӕ Бениамины Гевӕйы. Иннӕ адӕмы Саул ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм. 3Ионатан ныддӕрӕн кодта, филистимӕгтӕн Гевӕйы цы ӕфсады къорд лӕууыд, уый, ӕмӕ филистимӕгтӕн уыцы хабар сӕ хъустыл ӕрцыд. Ныр Саул та ӕгас бӕстӕйыл сыкъауадындзӕй ныууасын кодта ӕмӕ фӕсидт: «Фехъусӕнт дзуттӕгтӕ!» 4Ӕппӕт Израилы дӕр куы фехъуыстой, Саул ныддӕрӕн кодта филистимӕгты ӕфсады къорд, ӕмӕ Израил филистимӕгтӕн бынтондӕр фенӕуынон ис, уӕд адӕм Саулмӕ ӕрӕмбырд сты Гилгалы сахармӕ. 5Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты. 6Израилӕгтӕ уыдтой сӕ уӕззау уавӕр, уынгӕджы фесты ӕмӕ сӕхи ӕмбӕхстой лӕгӕтты, цъассыты, къӕдзӕхты скъуыдты, зӕппӕдзты ӕмӕ донуӕтты. 7Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ ахызтысты Иорданы фаллаг фарсмӕ — Гады зӕхмӕ ӕмӕ Галаадмӕ. Саул та нырма Гилгалы уыди, ӕмӕ, йемӕ цы адӕм баззад, уыдон иууылдӕр ӕмризӕджы рызтысты. Самуелы уайдзӕф Саулӕн йӕ хивӕнды тыххӕй
8Самуел цы ӕмгъуыд скодта, уымӕ гӕсгӕ йӕм Саул авд боны банхъӕлмӕ касти, фӕлӕ Самуел не’рбацыди Гилгалмӕ, ӕмӕ адӕм фӕйнӕрдӕм лидзын райдыдтой. 9Уӕд Саул загъта: «Ракӕнут-ма мӕм иууылсудзинаг нывондаг ӕмӕ фидыды нывондӕгтӕ». Ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. 10Йӕ иууылсудзинаг нывонд хаст нӕма фӕци, афтӕ ӕрбахӕццӕ Самуел, ӕмӕ Саул йӕ размӕ рауади салам ын раттынмӕ. 11Фӕлӕ йӕ Самуел афарста: «Уый цы бакодтай?» Саул ын дзуапп радта: «Ӕз уыдтон, адӕм лидзын райдыдтой, ды ӕмгъуыды бонмӕ не’рбацыдтӕ, филистимӕгтӕ та ныридӕгӕн Михмасы ӕрӕмбырд сты, 12ӕмӕ ахъуыды кодтон: ныртӕккӕ мӕм филистимӕгтӕ ӕрбабырсдзысты Гилгалмӕ, ӕз та Дунедарӕгӕн нӕма балӕгъстӕ кодтон. Гӕнӕн мын куынӕуал уыд, уӕд мӕхӕдӕг ӕрхастон иууылсудзинаг нывонд». 13Самуел загъта Саулӕн: «Ӕнӕзонд ми бакодтай. Дунедарӕг дын, дӕ Хуыцау, цы бафӕдзӕхста, уый нӕ сӕххӕст кодтай. Ӕндӕра дын Дунедарӕг дӕ хӕдзарӕн раттаид Израилы сӕргъы мыггагмӕ паддзахиуӕг кӕныны бар. 14Фӕлӕ ныр дӕ паддзахдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Дунедарӕг Йӕхицӕн бацагурдзӕн зӕрдӕхцон адӕймаг ӕмӕ йӕ скӕндзӕн Йӕ адӕмы фӕтӕг, уымӕн ӕмӕ Йын ды Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтай». 15Уыйадыл Самуел ацыди Гилгалӕй. [Адӕмӕй ма дзы чи баззади, уыдон дӕр Саулы фӕдыл Гилгалӕй знаджы ныхмӕ хӕцынмӕ Бениамины Гевӕмӕ араст сты.] Саул йӕ адӕмы банымадта, ӕмӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕйы бӕрц.Ионатаны фесгуыхт Михмасы хӕсты
16Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатан, семӕ цы адӕм баззад, уыдонимӕ ӕрбынат кодтой Бениамины Гевӕйы. Филистимӕгты рӕсӕнуат та Михмасы уыди. 17Филистимӕгты рӕсӕнуатӕй ӕртӕ къорды рацыд бӕстӕ гӕныстон кӕнынмӕ. Сӕ иу араст Офрамӕ фӕндагыл, Шуалы зӕхмӕ, 18иннӕ — Бет-Хоронмӕ фӕндагыл, ӕртыккаг къорд та йӕ ных сарӕзта, Цевоимы дӕлвӕз ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры ацы фарс цы хӕхты рагъ ис, уырдӕм. 19Уыцы заман Израилы иунӕг куырд дӕр нӕ уыди — филистимӕгтӕ тарстысты, дзуттӕгтӕ сӕхицӕн кӕрдтӕ ӕмӕ ӕрцытӕ куы саразой, уымӕй. 20Алы израилаг дӕр йӕ дзыргъа, йӕ рувӕн, йӕ фӕрӕт кӕнӕ йе’хсырф цыргъ кӕнынмӕ филистимӕгтӕм хаста. 21Цыргъгӕнӕггаг та — дзыргъайӕн, рувӕнӕн, ӕртӕкъахыгӕн, фӕрӕтӕн, фостӕрӕн хъилӕн — шекелӕн йӕ дыууӕ ӕртыккаг хайы. 22Тохы бон куы ралӕууыд, уӕд Саул ӕмӕ Ионатанимӕ цы адӕм уыд, уыдонӕй никӕмӕ разынди нӕдӕр кард, нӕдӕр арц. Ахӕм хӕцӕнгӕрзтӕ ӕрмӕст Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатанмӕ уыди. 23Филистимӕгты ӕфсӕддон къорд рацыди Михмасмӕ бацӕуӕн бахъахъхъӕнынмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022