1 Samuel 25
Самуелы мӕлӕт
1Самуел амарди. Ӕрӕмбырд сты Израилы адӕм, фӕхъыг ыл кодтой ӕмӕ йӕ бавӕрдтой йӕ райгуырӕн сахары, Рамайы. Давид араст ис Параны ӕдзӕрӕг быдырмӕ.Давид, Навал ӕмӕ Авигеа
2– 3Калевы мыггагӕй иу лӕг, йӕ ном — Навал, Маоны сахайраг, йӕ дзугтӕ Кармелы сахары дардта. Тынг хъӕздыг уыд: ӕртӕ мины йӕм фыстӕ уыд, иу мин — сӕгътӕ. Йӕ фыстӕ ӕлвыдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Кармелы уыди. Навалы ус Авигеа — ӕмбаргӕ ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг, Навал йӕхӕдӕг та — фыдзонд ӕмӕ тыхдзырд. 4Давидмӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ фӕхабар чындӕуыд, Навал йӕ фыстӕ ӕлвыны, зӕгъгӕ, 5ӕмӕ арвыста дӕс лӕппуйы. Бафӕдзӕхста сын: «Ссӕут Кармелмӕ ӕмӕ бацагурут Навалы. Салам ын раттут мӕ номӕй 6ӕмӕ йын зӕгъут: „Фарн дӕм бадзурӕд! Фарн дӕ хӕдзары дӕр ӕмӕ дӕ исбоны дӕр. 7Фехъуыстон, дӕ фыстӕ дын кӕй ӕлвынынц, уый. Дӕ фыййӕуттӕ айразмӕ мах цур хызтой фос, ӕмӕ сӕ хъыджы ницӕмӕй бацыдыстӕм. Цалынмӕ Кармелы уыдысты, уӕдмӕ сӕ ницы фӕхъуыди. 8Де’ххуырстыты бафӕрс, ӕмӕ дын ӕй зӕгъдзысты. Гъемӕ мын ды дӕр мӕ лӕппутӕм хорз цӕстӕй ракӕс, уымӕн ӕмӕ дӕм фарны бон ӕрбацыдыстӕм. Ратт, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъартӕ ӕмӕ дӕ фырт Давидӕн, дӕ къух цы амоны, уый“». 9Давиды адӕм фӕцыдысты Навалмӕ ӕмӕ йын Давиды ныхӕстӕ рафӕзмыдтой. Дзырд куы фесты, 10уӕд сын Навал ахӕм дзуапп радта: «Чи у Давид? Чи у Йессейы фырт? Сбирӕ сты абон, сӕ хицӕуттӕй чи алыгъд, ахӕм цагъартӕ. 11Ау, мӕ дзул ӕмӕ мӕ сӕн, стӕй мӕ фыстӕ ӕлвынджытӕн цы кусарт акодтон, уый ныр адонӕн раттон? Кӕцӕй сты, уый дӕр куы нӕ зонын». 12Давиды адӕм фӕстӕмӕ аздӕхтысты ӕмӕ Давидӕн Навалы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой. 13Давид йӕ адӕмӕн загъта: «Алчидӕр уӕ йӕ кард йӕ астӕуыл бабӕттӕд». Ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ кард йӕ астӕуыл бабаста, Давид йӕхӕдӕг дӕр. Давиды фӕдыл ацыд иу-цыппарсӕдӕ лӕджы, дыууӕсӕдӕйӕ та асадӕны баззадысты. 14Навалы ус Авигеамӕ та ӕххуырстытӕй иу фӕхабар кодта: «Давид ӕдзӕрӕг быдырӕй ӕрбарвыста минӕвӕрттӕ не’лдарӕн салам раттынмӕ, фӕлӕ сыл уый схъӕртӕ кодта. 15– 16Афтӕмӕй Давиды адӕм тынг баузӕлыдысты махыл, нӕ зӕрдӕ сыл ницӕмӕй фӕхудти. Сӕ цуры нӕ фос куы хызтам, уӕд нӕ никуы ницы фӕхъуыди. Ӕхсӕвӕй-бонӕй уыдыстӕм сӕ дӕлбазыр. 17Ныр ахъуыды кӕн, цы гӕнгӕ дын у, ууыл. Не’лдар ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ фыдбылыз кӕсы, фӕлӕ фыдӕбоны лӕг у, ӕмӕ йӕм дзурӕн нӕй». 18Уӕд Авигеа ӕвӕстиатӕй райста дыууӕсӕдӕ дзулы, дыууӕ лалымы сӕн, фондз кусартгонд фысы, цӕкуыты фондз мӕрты, чисмисы сӕдӕ ӕмӕ легъуийы дыууӕсӕдӕ халы ӕмӕ сӕ хӕрджытыл ӕргъомбӕстытӕй сӕвӕрын кодта. 19Йе’ххуырстытӕн загъта: «Мӕ разӕй цӕугӕут, мӕхӕдӕг дӕр — уӕ фӕдыл». Ныр Навалӕн та ницы ской кодта. 20Сылгоймаг хӕрӕгыл хохаг нарӕг къахвӕндагыл куыд ӕрцӕйцыди, афтӕ Давид ӕмӕ йӕ адӕм йӕ размӕ схӕццӕ сты. Хӕрхӕмбӕлд сыл фӕци Авигеа. 21Давид йӕхинымӕр дзырдта: «Ӕнхъӕлдӕн ӕмӕ дзӕгъӕлы фӕхъахъхъӕдтон ацы лӕджы исбон ӕдзӕрӕг быдыры. Сӕфын дзы ницы бауагътон, ныр мын мӕ хорз ӕвзӕрӕй фиды. 22Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Навалы хӕдзаронтӕй абонӕй райсоммӕ иу нӕлгоймаг дӕр куы ныууадзон!» 23Авигеа Давиды куыддӕр ауыдта, афтӕ ӕрфистӕг ӕмӕ йын ныллӕг акуывта, 24йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауд ӕмӕ загъта: «Ӕппӕт азым дӕр мӕныл ӕфтыд фӕуӕд, ме’лдар. Бар ратт, ӕмӕ дӕ цагъар зӕгъа, йӕ ныхасмӕ йын байхъус. 25Ме’лдар мурмӕ дӕр ма дарӕд уыцы фыдӕбоны лӕджы, Навалы. Йӕ ном дӕр йӕ уӕлӕ куы ис — Навал ▼▼Ома «ӕдылы».
, йе’дылыдзинад йемӕ ис. Ӕз та, ме’лдар, уынгӕ дӕр нӕ фӕкодтон де’рвыст ӕххуырстыты. 26Дунедарӕг дӕ абон бахызта, ме’лдар, туг ныккалыны тӕригъӕдӕй, дӕ маст дӕхи къухӕй райсынӕй. Ме’лдар, сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, Навалы хал ахӕрдзысты де знӕгтӕ, ме’лдары ныхмӕ фыдвӕндтӕ аразджытӕ. 27Мӕнӕ дӕ цагъар ме’лдарӕн цы лӕвӕрттӕ рахаста, уыдон. Ме’лдары фӕсдзӕуинтӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕнт. 28Дӕ цагъарӕн йӕ азым ныббар. Дунедарӕг ме’лдарӕн ӕмӕ йӕ хӕдзарӕн ӕнӕмӕнг ратдзӕни мыггагмӕйы паддзахиуӕджы бар, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы хӕстыты архайы ме’лдар, ӕмӕ дӕм дӕ цӕргӕ-цӕрӕнбонты дӕр хӕрамдзинад нӕ разындзӕн. 29Исчи дӕ фӕдыл куы зила ӕмӕ дӕ марынмӕ куы хъава, уӕд дӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зынаргъ дурау бахъахъхъӕндзӕн ме’лдары уд, де знӕгты удтӕ та дын дурӕхсӕнӕй ӕхсӕгау фехсдзӕн. 30Ӕмӕ Дунедарӕг дӕу тыххӕй хорзӕй цыдӕриддӕр загъта, ме’лдар, уыдон куы сӕххӕст кӕна ӕмӕ дӕ Израилы фӕтӕг куы скӕна, 31уӕд нӕ хӕрдзынӕ дӕхи, дӕ цӕсгом не ссудздзӕн, уымӕн ӕмӕ, ме’лдар, ӕнӕхъуаджы туг нӕ ныккалдтай, дӕ маст дӕхи къухӕй нӕ райстай. Ӕмӕ Дунедарӕг ме’лдарӕн хӕрзтӕ куы фӕуа, уӕд-иу ӕрымыс дӕ цагъары». 32Давид Авигеайӕн загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, ӕгайтма дӕ абон мӕ размӕ рарвыста. 33Арфӕгонд уӕд дӕ зонд, арфӕгонд у дӕхӕдӕг дӕр, уымӕн ӕмӕ мӕ абон баурӕдтай туг ныккалынӕй ӕмӕ мӕ маст мӕхи къухӕй райсынӕй. 34Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, дӕуӕн мӕ фыдбылыз ракӕнынӕй Чи бахызта, Уымӕй: ды ӕвӕстиатӕй мӕ размӕ куынӕ рацыдаис, уӕд райсоммӕ Навалы адӕмӕй иу лӕг дӕр удӕгасӕй нал ныууагътаин». 35Давид райста Авигеайы хӕссинӕгтӕ ӕмӕ йын загъта: «Фарнимӕ цу дӕ хӕдзармӕ. Ӕз дӕм байхъуыстон, сӕххӕст дын кодтон дӕ курдиат». 36Уӕд Авигеа сыздӕхти Навалмӕ. Уымӕн уыцы рӕстӕг йӕ хӕдзары уыди куывд, растдӕриддӕр паддзахы куывды хуызӕн. Навал дзӕбӕх бахъӕлдзӕг, барасыг, ӕмӕ йын Авигеа боны срухсмӕ ницы ской кодта. 37Райсомӕй, Навал куы ӕрӕрвонг, уӕд ын йӕ ус хабар радзырдта, ӕмӕ лӕг мардау фӕци, цавддурау лӕууыд. 38Иу дӕс боны фӕстӕ йӕ Дунедарӕг ӕрцавта, ӕмӕ амард. 39Давид фехъуыста, Навал кӕй амард, уый, ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг! Навал мӕ бафхӕрдта, фӕлӕ Дунедарӕг рахӕцыд мӕ фарс ӕмӕ йын йӕ фыдӕх йӕхи сӕрыл ӕруагъта. Йӕ цагъары та фыдми ракӕнынӕй бахызта». Уый фӕстӕ Давид хатджытӕ арвыста Авигеамӕ, цӕмӕй йын зӕгъой, кургӕ дӕ кӕны ӕмӕ йӕм ӕрцу, зӕгъгӕ. 40Давиды дӕлдӕртӕ ссыдысты Кармелы сахармӕ, Авигеамӕ, ӕмӕ йын загътой: «Давид нӕ дӕумӕ рарвыста, кургӕ дӕ кӕны». 41Уый сыстад, зӕххыл ныддӕлгом ӕмӕ дзуапп радта: «Ӕз дӕ цагъар дӕн ӕмӕ цӕттӕ дӕн ме’лдары фӕсдзӕуинтӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсынмӕ». 42Авигеа тагъд-тагъд арӕвдз кодта йӕхи. Йӕ фондз унӕуты йемӕ, афтӕмӕй хӕрӕгыл Давиды минӕвӕртты фӕдыл араст, ӕмӕ сси Давиды ус. 43Уый размӕ ма Давид ракуырдта изреелаг Ахиноамы дӕр, ӕмӕ йын ныр уыди дыууӕ усы. 44Уӕдмӕ Саул та йӕ чызг Мелхолӕйы, Давиды усы, радта галлимаг Палтийӕн, Лаишы фыртӕн.
Copyright information for
OssIBT2022