‏ 1 Samuel 27

Давид ӕмӕ йӕ адӕм Гаты паддзах Ахишмӕ

1Давид йӕ мидзӕрдӕйы загъта: «Искуы Саулы къухӕй сӕфдзынӕн, ӕмӕ мын филистимӕгты бӕстӕм алидзынӕй хуыздӕр амал нӕй. Уӕд йӕ ныфс асӕтдзӕни Саулӕн ӕмӕ мӕ нал агурдзӕн Израилы алы къуымты, ӕмӕ дзы афтӕмӕй фервӕздзынӕн».

2Уыйадыл Давид йӕ адӕмимӕ, ӕхсӕзсӕдӕ лӕгимӕ, бацыди Маохы фырт Ахишмӕ, Гаты паддзахмӕ. 3Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕрцардысты Гаты, Ахишмӕ, алчидӕр — ӕд бинонтӕ. Давид царди йӕ дыууӕ усимӕ — изреелаг Ахиноамимӕ ӕмӕ Навалы идӕдз кармелаг Авигеамӕ. 4Саулмӕ фӕхабар чындӕуыд, Давид Гатмӕ алыгъди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ нал агуырдта.

Давиды лӕггад Ахишӕн

5Давид Ахишмӕ бахатыд: «Кӕд мӕ дӕ хорзӕхы аккаг кӕныс, уӕд мын чысыл сахартӕй иуы ратт бынат, ӕмӕ дзы ӕрцӕрдзынӕн. Дӕ цагъар демӕ, паддзахы сахары, цӕмӕн хъуамӕ цӕра?» 6Ахиш ын тӕккӕ уыцы бон радта Циклагы сахар. Уымӕ гӕсгӕ ныронг дӕр Циклаг у иудейаг паддзӕхты сахар. 7Давид филистимӕгтӕм фӕци афӕдз ӕмӕ цыппар мӕйы.

8Давид-иу йӕ адӕмимӕ стӕры ацыд, ӕмӕ-иу бабырстой гешурӕгтӕм, гирзӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм (уыдон цӕрынц Телаимӕй Шуры ӕдзӕрӕг быдыры онг, стӕй уырдыгӕй суанг Мысыры онг). 9Давид гӕныстон кодта уыцы бӕстӕ ӕмӕ — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй — се’ппӕты дӕр мардта. Байста-иу сын сӕ фыстӕ, се стуртӕ, сӕ хӕрджытӕ, сӕ теуатӕ, сӕ дарӕс.

Куы-иу раздӕхт ӕмӕ-иу Ахишмӕ куы бацыди,
10уӕд-иу ӕй уый бафарста: «Кӕмӕ бабырстат ныр та?» Давид-иу ын дзуапп радта: «Негевмӕ, Иудейы зӕхмӕ», кӕнӕ: «Негевмӕ, йерахмеелонты зӕхмӕ», кӕнӕ та: «Негевмӕ, кенӕгты зӕхмӕ». 11Давид-иу нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй се’ппӕты дӕр амардта. Гатмӕ-иу дзы никӕй ӕрбакодта, науӕд, дам, нӕ банымудздзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ бакодта Давид». Ахӕм хъуыддӕгтыл хӕст уыд ӕдзухдӕр Давид, филистимӕгты зӕххыл куы царди, уӕд. 12Ахиш ӕууӕндыди Давидыл ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Уый ахӕм уӕнгӕл фестад йӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕмӕ мын мыггагмӕ уыдзӕни лӕггадгӕнӕг».
Copyright information for OssIBT2022