‏ 1 Samuel 31

Саулы мӕлӕт

1Филистимӕгтӕ схӕцыдысты израилӕгтимӕ, ӕмӕ Израилы хӕцӕг адӕм лидзӕг фесты. Бирӕтӕ дзы цӕфтӕй баззадысты Гилбоайы хохы фӕхстыл. 2Филистимӕгтӕ фӕсте асырдтой Саул ӕмӕ йӕ фыртты ӕмӕ амардтой Ионатан, Авинадав ӕмӕ Малкишуайы, Саулы фыртты.

3Саулы ныхмӕ тох стынг ис. Фатӕхсджытӕ йӕм баввахс сты ӕмӕ йӕ уӕззау цӕфтӕ фӕкодтой. 4Саул йӕ хотыхдарӕн загъта: «Дӕ кард слас ӕмӕ мӕ амар, науӕд ныртӕккӕ ацы ӕнӕсунӕттӕ ам ӕрбалӕудзысты, кард мӕ ныссадздзысты ӕмӕ мын мӕ удӕй фӕхъаздзысты». Фӕлӕ хотыхдар тынг фӕтарсти ӕмӕ йӕ коммӕ нӕ бакаст. Уӕд Саул йӕ карды фистон зӕхмӕ фӕбыцӕу кодта ӕмӕ йын йӕ фындзыл ӕрхауд. 5Хотыхдар Саулы мардӕй куы федта, уӕд уый дӕр йӕ карды фындзыл ныппӕрста йӕхи ӕмӕ амарди йӕ цуры. 6Афтӕ уыцы иу бон фӕмард сты Саул ӕмӕ йе’ртӕ фырты, стӕй йӕ хотыхдар ӕмӕ йӕ адӕм се’ппӕт дӕр.

7Изреелы дӕлвӕз ӕмӕ Иорданы фале цӕрӕг израилӕгтӕ куы федтой, Израилы ӕфсад дӕрӕнгонд ӕрцыди, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уый, уӕд сӕ сахартӕй фӕлидзӕг сты. Филистимӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ бацахстой.

8Дыккаг бон филистимӕгтӕ фӕзындысты мӕрдты стигъынмӕ ӕмӕ Гилбоайы хохыл мардӕй ссардтой Саул ӕмӕ йе’ртӕ фырты. 9Саулӕн йӕ сӕр ракодтой, йӕ гӕрзтӕ йын раппӕрстой ӕмӕ сӕ филистимӕгты зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ фӕластой, уӕлахизы уац сӕ гуымирытӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ. 10Саулы хотыхтӕ Астартӕйы кувӕндоны бавӕрдтой, йӕ мард та йын Бет-Шеаны сисыл ӕрцауыгътой.

11Галаады сахар Иавешы цӕрджытӕ фехъуыстой, филистимӕгтӕ Саулӕн цы ӕбуалгъ митӕ бакодтой, уый 12ӕмӕ се’хсарджынтӕ ӕмхуызонӕй Бет-Шеанмӕ фӕдисы ацыдысты. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕцыдысты ӕмӕ Бет-Шеаны сисӕй Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ ӕристой. Ӕрбахастой сӕ Иавешмӕ ӕмӕ сӕ уым басыгътой, 13се стджытӕ та сын Иавешмӕ ӕввахс тамариск бӕласы бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны дӕргъы ком фӕдардтой.
Copyright information for OssIBT2022