1 Samuel 4
Фидыды Чырыны байст
1Самуелы дзырд ахадыдта ӕппӕт Израилы дӕр. Уыцы рӕстӕг филистимӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Израилимӕ схӕцынмӕ. Израилӕгтӕ дӕр рацыдысты сӕ ныхмӕ ӕмӕ рӕсӕнуат ӕркодтой Евен-Езеры рӕбын. Ныр филистимӕгты рӕсӕнуат та Афекы цур уыди. 2Филистимӕгтӕ ӕрлӕууыдысты израилӕгты ныхмӕ, ӕмӕ сын тох бацайдагъ. Израилӕгтӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты, тохы быдыры сӕ фӕмард цыппар мин лӕджы. 3Адӕм сӕ рӕсӕнуатмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Израилы хистӕртӕ загътой: «Дунедарӕг нӕ абон филистимӕгты къухӕй цӕмӕн ныддӕрӕн кодта? Цӕй ӕмӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын рахӕссӕм Силомӕй, цӕмӕй Уый немӕ уа ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕна не знӕгтӕй». 4Адӕм арвыстой Силоммӕ ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ сӕрмӕ херувимтыл — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уырдыгӕй ӕрбахастой. Хуыцауы Фидыды Чырынимӕ ӕрбацыдысты Елиайы дыууӕ фырты дӕр, Хофни ӕмӕ Пинхас. 5Дунедарӕджы Фидыды Чырын Израилы рӕсӕнуатмӕ куы’рбахӕццӕ ис, уӕд адӕмӕн сӕ цины хъӕр афтӕ тынг ныййазӕлыд, ӕмӕ зӕхх ныррызти. 6Уый фехъусгӕйӕ, филистимӕгтӕ скатай сты: «Цӕй цины хъӕр хъуысы уый дзуттӕгты рӕсӕнуаты’рдыгӕй?» Дунедарӕджы Фидыды Чырын Израилы рӕсӕнуаты ис, уый куы базыдтой, 7уӕд филистимӕгтӕ старстысты ӕмӕ загътой: «Сӕ Хуыцау сӕм сӕ рӕсӕнуатмӕ ӕрцыди! Додойаг нӕ сӕртӕ! Ныронг ахӕм хабар никуыма ӕрцыд. 8Додойаг нӕ сӕртӕ! Уыцы хъомысджын Хуыцауы къухӕй нӕ чи аирвӕзын кӕндзӕн? Уый, мысырӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры Йӕ бӕллӕх Чи сӕвӕрдта, уыцы Хуыцау у. 9Фидар лӕуут ӕмӕ уе’хсар равдисут, филистимӕгтӕ, ӕмӕ дзуттӕгтӕн сӕ цагъартӕ ма суат, уыдон сымахӕн цагъар куыд сты, афтӕ. Семӕ тохы бацӕут — уӕ лӕджыхъӕд ӕмӕ уӕхӕдӕг!» 10Филистимӕгтӕ схӕцыдысты, ӕмӕ израилӕгтӕ дӕрӕнгонд ӕрцыдысты. Бирӕ дзы фӕцагъды: сӕ фистӕг ӕфсадӕй бабын ис дӕс ӕмӕ ссӕдз мины, удӕгасӕй ма чи аирвӕзт, уыдон та сӕ хӕдзӕрттӕм фӕлыгъдысты. 11Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд, Елиайы дыууӕ фырты та — Хофни ӕмӕ Пинхас — мард фесты.Елиайы мӕлӕт
12Уыцы бон Бениамины хӕдзарвӕндагӕй иу лӕг тохы быдырӕй фӕцагайдта ӕмӕ тӕккӕ уыцы бон Силомы балӕууыд, йӕ дарӕс — скъуыдтӕ, йӕ сӕр рыгӕй нал зынди, афтӕмӕй. 13Елиа фӕндаггӕрон бадти йӕ бандоныл. Йӕ цӕстытӕ фӕндагӕй нӕ иста, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырынмӕ йӕ зӕрдӕ тынг ӕхсайдта. Уыцы лӕг сахары адӕмӕн хабар фехъусын кодта, ӕмӕ адӕм нырдиаг кодтой. 14Елиа кӕуын куы фехъуыста, уӕд скатай ис: «Цӕй хъӕр-хъӕлӕба у уый?» Уалынджы уыцы лӕг йӕ уӕлхъус ӕрлӕууыди, цӕмӕй йын хабӕрттӕ радзура. 15Елиайыл ӕстдӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы цыди, йӕ цӕсты рухс бамынӕг ӕмӕ ницыуал уыдта. 16Хабархӕссӕг Елиайӕн загъта: «Тохы быдырӕй ӕрбахӕццӕ дӕн, тӕккӕ абон ралыгътӕн уырдыгӕй». Елиа бафарста: «Цы’рцыди, мӕ хъӕбул?» 17Хабархӕссӕг дзуапп радта: «Израилы ӕфсад лидзӕг фесты филистимӕгтӕй, фӕцагъды сты нӕ адӕм, дӕ дыууӕ фырты — Хофни ӕмӕ Пинхас — фӕмард сты, Хуыцауы Фидыды Чырын та знаджы къухмӕ бахауд». 18Фидыды Чырыны коймӕ Елиа йӕ бандонӕй кулдуары цур уӕлгоммӕ ахауди. Уыйадыл уӕззау зӕронд лӕгӕн йӕ бӕрзӕй асаст ӕмӕ амарди. Израилӕн дыууиссӕдз азы дӕргъы сӕ фӕтӕг уыд.Ихаводы райгуырд
19Йӕ чындз, Пинхасы бинойнаг, ӕнхъӕлцау уыди ӕмӕ абон-райсом кодта. Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ кӕй бахауд, стӕй йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, уый куы фехъуыста, уӕд ӕвиппайды батыхсти, зӕххыл афӕлдӕхт ӕмӕ ныййардта, 20уый фӕстӕ мӕлӕты къахыл ныллӕууыд. Йӕ уӕлхъус цы сылгоймӕгтӕ лӕууыди, уыдон ын ныфсытӕ ӕвӕрдтой: «Ма тӕрс, лӕппу ныййардтай». Фӕлӕ сӕ уый хъуыды дӕр нӕ кодта, ницы дзуапп сын лӕвӕрдта. 21Йӕ сабийы схуыдта Ихавод ▼▼Ихавод дзуттаг ӕвзагыл нысан кӕны «ӕгад», кӕнӕ «кӕм ис кад?».
, Израил йӕ кадӕй фӕцух ис, зӕгъгӕ, Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ кӕй бахауд ӕмӕ йӕ хицау ӕмӕ йӕ лӕг кӕй амардысты, уымӕ гӕсгӕ. 22Уый загъта: «Израил ӕнӕхай фӕци йӕ кадӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Фидыды Чырын знаджы къухмӕ бахауд».
Copyright information for
OssIBT2022