1 Thessalonians 4
Бардарӕджы ӕрыздӕхт
1Ныр та уӕм, ӕфсымӕртӕ, хатӕм ӕмӕ уын лӕгъстӕ кӕнӕм Йесо Чырыстийы номӕй: цӕрын куыд ӕмбӕлы, цӕмӕй уӕ цард Хуыцауы фӕндиаг уа, ууыл махмӕ гӕсгӕ ныр кӕд сахуыр стут, уӕддӕр ноджы архайут. a 2Сымах хорз зонут, Бардарӕг Йесойы номӕй уын цы бафӕдзӕхстам, уыдӕттӕ. 3Хуыцауӕн фӕндон у уӕ сыгъдӕг цард: уӕхи бахизут хӕлддзинадӕй. b 4Алчидӕр уӕ сахуыр уӕд йӕ буар Хуыцауы фӕндиаг ӕнӕкъӕмӕй дарыныл c 5ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны, уыцы муртаттӕгтау чъизи монцты коммӕ ма кӕсут. 6Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе’фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уӕ рагацау куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй адӕймаг ӕфхӕрд баййафдзӕн. d 7Уымӕн ӕмӕ Хуыцау махмӕ чъизи цардӕй цӕрынмӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг цардӕй цӕрынмӕ фӕсидти. e 8Уӕдӕ, уыцы сидт чи ницӕмӕ дары, уый адӕймагыл нӕ, фӕлӕ уӕ Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцауыл йӕхи атигъ кӕны. f 9Ӕфсымӕрты уарзыны тыххӕй уӕм фыссын уӕвгӕ дӕр нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ кӕрӕдзийы уарзын сымах сахуыр кодта Хуыцау. g 10Ӕмӕ ныр сымах ахӕм цӕстӕй кӕсут ӕгас Македонийы ӕппӕт ӕфсымӕртӕм. Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: ноджы ӕнувыддӕр ут кӕрӕдзиуыл. 11Зӕрдиагӕй тырнут ӕнӕзӕрдӕхудт цардӕй цӕрынмӕ; алчидӕр аразӕд йӕ хъуыддаг ӕмӕ архайӕд йӕхи хъаруйӕ, мах уын куыд фӕдзӕхстам, афтӕ. h 12Уӕд ӕнӕуырнджыты раз уӕ цард уыдзӕн нывыл, ӕмӕ хъуаг ницӕмӕй ӕййафдзыстут. 13Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат. 14Мах ӕууӕндӕм, Йесо кӕй амард ӕмӕ райгас, ууыл. Ӕмӕ, кӕд афтӕ у, уӕд Йесойыл ӕууӕндгӕйӕ чи амарди, уыдоны дӕр Хуыцау Чырыстиимӕ ӕркӕндзӕн Йӕхимӕ. i 15Мах уын ныртӕккӕ цы зӕгъӕм, уый Бардарӕджы ныхас у: Бардарӕджы ӕрцыдмӕ махӕй удӕгасӕй чи баззайа, уыдон мӕрдты разӕй нӕ фӕуыдзысты. j 16Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон. k 17Уый фӕстӕ мах, удӕгасӕй чи баззайа, уыдон, семӕ ист ӕрцӕудзыстӕм ӕврӕгътыл, уӕлдӕфы фембӕлдзыстӕм Бардарӕгимӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр уыдзыстӕм Йемӕ. l 18Уыцы ныхӕстӕй рӕвдаут уӕ кӕрӕдзи.
Copyright information for
OssIBT2022