‏ 1 Thessalonians 2

Павелы лӕггад Фессалоникӕйы

1Сымах ӕй уӕхӕдӕг зонут, ӕфсымӕртӕ, дзӕгъӕлы уӕм кӕй не’рцыдыстӕм, уый. 2Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр. a 3Мах адӕмы цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕн йӕ бындур уый нӕу, ӕмӕ йе дзӕгъӕл фестӕм, йе нӕ бӕллицтӕ чъизи сты, йе искӕй асайыныл архайӕм. b 4Хуыцау мах бафӕлвӕрдта ӕмӕ нын бабар кодта Фарны Уац, ӕмӕ нӕ ныхас дӕр ахӕм у — архайӕм адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл. 5Сымах куыд зонут, афтӕмӕй цӕстмӕхъус ныхас махӕй никуы рацыд, хи пайдамӕ никуы бӕллыдыстӕм, Хуыцау уымӕн ӕвдисӕн. 6Адӕмӕй — сымах уат ӕви ӕндӕр исчи — нӕхицӕн кад нӕ агуырдтам.

7Мах Чырыстийы апостолтӕ стӕм, ӕмӕ нӕ бон уыди нӕхи бӕрзонд сӕвӕрын, фӕлӕ уемӕ уыдыстӕм фӕлмӕн, узӕлыдыстӕм уыл, дзидзидарӕг мад йӕ хъӕбултыл куыд узӕла, уыйау. c 8Мах уыл афтӕ ӕнувыд стӕм, афтӕ уӕ бауарзтам, ӕмӕ нӕ бафӕндыди сымахӕн ӕрмӕст Хуыцауы Фарны Уац фехъусын кӕнын нӕ, фӕлӕ уын нӕ уд дӕр раттын. 9Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхсты хос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы Фарны Уац. d 10Ӕвдисӕнтӕ уӕхӕдӕг ӕмӕ Хуыцау: сымахмӕ, уырнджытӕм, цардыстӕм сыгъдӕгӕй, рӕстзӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕнӕфауӕй. 11Сымах зонут: мах уӕ алкӕй дӕр хъомыл кодтам, фыд йӕ хъӕбулты куыд хъомыл кӕны, афтӕ — 12лӕвӕрдтам уын ныфс, рӕвдыдтам ӕмӕ уӕ ахуыр кодтам, цӕмӕй уӕ цард уа, Йӕ Паддзахадмӕ ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ Чи хоны, уыцы Хуыцауӕн фӕндон. e

13Ӕмӕ уый тыххӕй мах иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ, махӕй цы Хуыцауы ныхас фехъуыстат, уый банымадтат адӕймагӕй рацӕугӕ ныхасыл нӕ, фӕлӕ, ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ — Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ сымах, уырнджытӕ, уӕ цард аразут уыцы ныхасмӕ гӕсгӕ. 14Ӕфсымӕртӕ, сымах дӕр систут, Йесо Чырыстийыл Иудейы чи ӕууӕнды, Хуыцауы уыцы аргъуантау — ӕфхӕрд уӕхи адӕмӕй баййӕфтат, уыдон дӕр иудейӕгтӕй ӕфхӕрд куыд баййӕфтой, афтӕ. f 15Бардарӕг Йесойы дӕр ӕмӕ пехуымпарты дӕр иудейӕгтӕ амардтой, мах та фӕсырдтой; Хуыцау дӕр сӕ ныхмӕ у, ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр знӕгтӕ сты. g 16Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.

Павелы фӕнды фессалоникӕгты ногӕй бабӕрӕг кӕнын

17Мах, ӕфсымӕртӕ, цыбыр ӕмгъуыдмӕ фӕхицӕн стӕм сымахӕй, ӕмӕ нӕ кӕд цӕстӕй нӕ уынут, уӕддӕр зӕрдӕйӕ уемӕ стӕм. Зӕрдиагӕй архайдтам уӕ феныныл. 18Ӕз, Павел, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъавыдтӕн сымахмӕ ӕрцӕуынмӕ, фӕлӕ нын сайтан ӕвӕрдта цӕлхдуртӕ. 19Сымах стут нӕ ныфс, нӕ цин, стӕй, нӕ Бардарӕг Йесо куы’рцӕуа, уӕд Ын нӕхицӕй цӕмӕй ӕппӕлдзыстӕм, нӕ уыцы хӕрзиуӕг. h 20Уымӕн ӕмӕ сымах стут нӕ кад ӕмӕ нӕ цин. i
Copyright information for OssIBT2022