1 Thessalonians 3
1Ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бон кӕй нал уыди, уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам, цӕмӕй нӕхӕдӕг баззайӕм Афинты, 2Чырыстийы тыххӕй Фарны Уац хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн немӕ чи кусы, нӕ уыцы ӕфсымӕр Тимофейы та арвыстам уӕ барӕвдауынмӕ ӕмӕ уӕ уырнындзинад сфидар кӕнынмӕ, a 3цӕмӕй уыцы зынты сымахӕй мачи фӕцуда. Зынтӕ бавзарын нын нысангонд кӕй у, уый уӕхӕдӕг хорз зонут b — 4куы уӕм уыдыстӕм, уӕд дӕр уын рагацау дзырдтам, кӕй нӕ ӕфхӕрдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ афтӕ кӕй рауад, уый ныр уӕхӕдӕг уынут. 5Уымӕ гӕсгӕ мӕнӕн дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсын мӕ бон нал уыд, ӕмӕ арвыстон уӕ уырнындзинады тыххӕй базонынмӕ, цӕмӕй уӕ хӕйрӕг ма сардауа тӕригъӕд ракӕныныл, ӕмӕ нӕ куыст дзӕгъӕлы ма фӕуа. 6Ныр Тимофей ӕрцыд сымахӕй ӕмӕ нӕм ӕрхаста хорз хабар уӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕ уарзты тыххӕй; загъта нын, ӕдзух уӕ зӕрдыл кӕй лӕууӕм ӕмӕ, мах сымах фендмӕ куыд бӕллӕм, сымах дӕр мах фендмӕ афтӕ кӕй бӕллут. 7Ӕмӕ, кӕд зындзинӕдты ӕфтӕм ӕмӕ нӕ ӕфхӕрынц, уӕддӕр, ӕфсымӕртӕ, уӕ уырнындзинад мах бауагъта ныфс. 8Кӕд сымах фидарӕй ӕууӕндут Бардарӕгыл, уӕд мах удӕгас стӕм. 9Сымах тыххӕй, стӕй нын нӕ Хуыцауы раз цы стыр цин ӕрхастат, уый тыххӕй Хуыцауӕн аккаг арфӕ кӕм ссарӕм? 10Ӕхсӕвӕй-бонӕй кувӕм ӕвӕллайгӕйӕ, цӕмӕй уӕ фенӕм лӕгӕй-лӕгмӕ ӕмӕ баххӕст кӕнӕм, уӕ уырнындзинад цы хъуаг у, уый. c 11Уӕдӕ нын нӕ Фыд Хуыцау Йӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо нӕ фӕндаг саразӕнт сымахмӕ. 12Бардарӕг уын раттӕд, мах уӕ цы уарзтӕй уарзӕм, ахӕм уарзондзинад, уӕ кӕрӕдзийы ӕмӕ иннӕты дӕр зӕрдиагӕй куыд уарзат, афтӕ, 13цӕмӕй уын Бардарӕг сфидар ӕмӕ ссыгъдӕг кӕна уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцауы раз уат ӕнаипп, нӕ Бардарӕг Йесо Йе’ппӕт сыгъдӕджытимӕ куы’рцӕуа, уӕд. Аммен. d
Copyright information for
OssIBT2022