1 Thessalonians 5
1Сымахмӕ, ӕфсымӕртӕ, афонтӕ ӕмӕ ӕмгъуыдты тыххӕй фыссын ницӕмӕн хъӕуы. a 2Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд фӕзыны, Бардарӕджы’рцыды бон дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут. b 3Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн. c 4Сымах та, ӕфсымӕртӕ, талынджы нӕ цӕрут, цӕмӕй уӕ уыцы бон хуыснӕгау ӕдзӕттӕйӕ ӕрӕййафа. 5Уымӕн ӕмӕ уе’ппӕт дӕр рухсы, стӕй боны хъӕбултӕ стут. Махӕн ӕхсӕв ӕмӕ талынгимӕ иумӕйагӕй ницы ис. d 6Уӕдӕ иннӕтау фынӕй ма кӕнӕм, фӕлӕ уӕм цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус. e 7Уымӕн ӕмӕ фынӕйгӕнджытӕ ӕхсӕв фӕфынӕй кӕнынц, ӕмӕ расыггӕнджытӕ ӕхсӕвы барасыг вӕййынц. 8Мах та боны хъӕбултӕ стӕм ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та — не згъӕрхуд. f 9Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах сӕвзӕрста Йӕ фыдӕх ныл бафтауынмӕ нӕ, фӕлӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы фервӕзынмӕ. g 10Йесо амарди мах тыххӕй, цӕмӕй мах, удӕгас уӕм ӕви мард, цӕрӕм Йемӕ. h 11Уымӕ гӕсгӕ рӕвдаут кӕрӕдзийы, иу иннӕмӕн уӕд фидаргӕнӕг — ӕнӕуи дӕр куыд кӕнут, афтӕ.Кӕронбӕттӕны фӕндиӕгтӕ ӕмӕ арфӕтӕ
12Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: нымайут, зӕрдиагӕй уӕм чи лӕггад кӕны ӕмӕ уын зонд чи амоны, Хуыцауы раз чи лӕууы, уыцы хистӕрты. 13Уарзут сӕ ӕмӕ сын уӕлдай аргъ кӕнут сӕ куысты тыххӕй. Кӕрӕдзиимӕ цӕрут фидыдӕй. 14Ноджы ма уын лӕгъстӕ кӕнӕм, ӕфсымӕртӕ: магусатӕн амонут зонд, ныфс уадзут ӕнӕныфсыты, ӕххуыс кӕнут лӕмӕгътӕн, быхсут алкӕмӕн дӕр. i 15Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй фыдӕх мачи фида фыдӕхӕй, фӕлӕ иудадзыг тырнут кӕрӕдзийӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хорз саразынмӕ. j 16Цин кӕнут кӕддӕриддӕр. 17Кувут иудадзыг. k 18Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг ут Хуыцауӕй. Сымахмӕ, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндджытӕм, Хуыцау уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы. 19Сыгъдӕг Уды рухс ма мынӕг кӕнут. 20Пехуымпарадмӕ уазал цӕстӕй ма кӕсут. l 21Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл. m 22Уӕхи хизут алы ӕвзӕр хъуыддагӕй дӕр. 23Уӕдӕ уӕ фарндӕттӕг Хуыцау Йӕхӕдӕг ссыгъдӕг кӕнӕд ӕххӕстӕй — уӕ мон, уӕ уд ӕмӕ уӕ буар — ӕппӕт дӕр нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ӕрцыды бон ӕнаипп куыд разына, афтӕ. n 24Уӕ Хонӕг иузӕрдион у, ӕмӕ Уый сараздзӕн ӕппӕт уыдӕттӕ. o 25Ӕфсымӕртӕ, кувут мах тыххӕй. p 26Ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр салам дӕттут ӕфсымӕрон байӕ. 27Бардарӕджы номӕй уын фӕдзӕхсын ацы фыстӕг ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр бакӕсын. 28Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх уӕ уӕд!
Copyright information for
OssIBT2022