‏ 1 Timothy 1

1Павелӕй, Хуыцауы, нӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, ӕмӕ не’нхъӕлц Йесо Чырыстийы фӕндӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй. 2Ӕз фыссын Тимофеймӕ, уырнындзинады руаджы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Хорзӕх, арфӕ ӕмӕ дын фарн Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ. a

Мӕнг ахуырӕдты тыххӕй

3Македонимӕ куы цыдтӕн, уӕд дӕм ӕрхатыдтӕн, цӕмӕй Эфесы баззайай ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕн бафӕдзӕхсай, цӕмӕй мауал хӕлиу кӕной дзыллӕйы ӕхсӕн мӕнг ахуырӕдтӕ 4ӕмӕ ныууадзой ӕрымысгӕ хабӕрттӕ, стӕй рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты ӕнӕкӕрон койтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕн нӕй фӕуӕн, расайынц ӕнӕпайда быцӕутӕ ӕмӕ ахъаз не сты Хуыцауы хъуыддагӕн — уырнындзинады руаджы адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн. b 5Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад. c 6Иуӕй-иутӕ фӕиппӕрд сты уыцы фӕндагӕй ӕмӕ схӕцыдысты ӕнӕпайда дзӕнгӕдайыл. 7Динамонджытӕ суой, уый сӕ фӕнды, фӕлӕ, цы дзурынц, уый дӕр не’мбарынц, стӕй, цӕуыл баууӕндын кӕныныл архайынц, уый дӕр.

8Мах та зонӕм: Моисейы Ӕгъдау хорз у, йӕхӕдӕг куыд домы, афтӕ дзы куы пайда кӕнай, уӕд. d 9Ома, Ӕгъдау рӕстгӕнӕгӕн нӕ, фӕлӕ йӕ чи не’ххӕст кӕны, уыдонӕн фыст у — хиваст, ӕнаккаг, ӕнӕхуыцау, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕн, сыгъдӕгдзинад ницӕмӕдарджытӕн, фыд кӕнӕ мадмӕ йӕ къух сисджытӕн, лӕгмартӕн, e 10хӕлд адӕмӕн, нӕлмойтӕн, цагъайрӕгтӕй базаргӕнджытӕн, фӕлитойтӕн, мӕнгӕрдтӕн ӕмӕ раст ахуырады ныхмӕлӕуджытӕн се’ппӕтӕн. 11Уыцы ахуырад цӕуы арфӕйаг Хуыцауы кадыл дзурӕг Фарны Уацӕй — мӕнӕн кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уымӕй. f

Бузныджы куывд

12Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй, g 13кӕд ӕз раздӕр фауӕг, сурӕг ӕмӕ ӕфхӕрӕг уыдтӕн, уӕддӕр. Фӕлӕ мын Хуыцау ныххатыр кодта, уымӕн ӕмӕ, цы ми кӕнын, уый не’мбӕрстон — талынг ӕмӕ ӕнӕуырнӕг уыдтӕн. h 14Нӕ Бардарӕг мын рӕдауӕй бахай кодта Йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нӕхи чи свӕййы, уыцы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй. i 15Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн: Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыди тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ, ӕмӕ уыдонӕн ӕз сӕ фыццаг дӕн. j 16Ӕмӕ мын хатыргонд дӕр уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Йесо Чырысти фыццаг мӕныл равдиса, куыд бирӕбыхсаг у, уый — чи Йыл баууӕнда ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи райса, уыдонӕн дӕнцӕгӕн. 17Ӕнусон Паддзахӕн — цӕстӕй кӕй нӕ уынӕм, уыцы ӕнӕмӕлгӕ иунӕг Хуыцауӕн — кад ӕмӕ намыс уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.

18Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау. k 19Уӕд дӕм уырнындзинад ӕмӕ у хӕдӕфсарм. Иуӕй-иутӕ нӕ бакастысты се’фсармы коммӕ ӕмӕ уый аххосӕй адзӕгъӕл сты уырнындзинадӕй. l 20Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Александр. Ӕз сӕ бакодтон сайтаны бар, цӕмӕй Хуыцауы фауын ферох кӕной. m
Copyright information for OssIBT2022