1 Timothy 3
Аргъуаны хистӕртӕ ӕмӕ се’ххуысгӕнджыты миниуджытӕ
1Ацы ныхас ӕцӕг у: аргъуаны хистӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы. a 2Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг, b 3ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас, c 4аккаг уынаффӕгӕнӕг йӕ хӕдзарӕн, аргъ ын кӕной йӕ цот ӕмӕ йын уой коммӕгӕс. 5Уымӕн ӕмӕ хи хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ чи нӕ арӕхсы, уый Хуыцауы аргъуаны хъуыддӕгтӕ куыд кӕндзӕн? 6Аргъуаны хистӕр, ӕрӕджы чи баууӕндыд, уыдонӕй ма уӕд, цӕмӕй йӕхиуыл ма фервӕсса ӕмӕ, хӕйрӕгӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, ахӕм тӕрхон ын ма рахастӕуа. 7Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа. 8Диакъонтӕ дӕр хъуамӕ уой аккаг лӕгтӕ, ма уой дывзагон, нозтуарзаг ӕмӕ кӕрӕф. 9Хъуамӕ фидар хӕцой уырнынады арфӕвӕрд мидисыл ӕмӕ сӕ цӕсгом уа сыгъдӕг. d 10Ахӕмты фыццаг хъӕуы бафӕлварын, ӕмӕ ӕнӕфау куы разыной, уӕд-иу диакъоны лӕггад кӕнӕнт. 11Афтӕ сӕ устытӕ дӕр: хъуамӕ уой кады аккаг, ма уой хахуыргӕнджытӕ, уой уӕззау зонды хицау ӕмӕ ӕууӕнкджын алы хъуыддаджы дӕр. 12Диакъон хъуамӕ уа иу усы мой, хорз арӕхса йӕ цотӕн ӕмӕ йӕ хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ. 13Хорз чи бакусы, уыцы диакъонтӕ схизынц сӕ куысты уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ ӕмӕ, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый фӕрцы Хуыцауы раз свӕййынц тынг ныфсджын.Нӕ уырнындзинады астӕуккаг цӕджындз
14Ацы фыстӕг дӕм фыссын, рӕхджы дӕм кӕй ӕрцӕудзынӕн, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ. 15Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у — ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе’нӕфӕцудгӕ бындур. 16Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары,Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл,
зӕдтӕ Йӕ федтой,
Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты’хсӕн,
баууӕндыдысты Йыл дунейы,
уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ. e
Copyright information for
OssIBT2022