1 Timothy 4
Мӕнгахуыргӕнджыты тыххӕй
1Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой монтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл. a 2Уыдӕттӕ рацыдысты, йе’фсарм чи бахордта, уыцы мӕнгард цӕстмӕхъустӕй. 3Уыдон нӕ уадзынц ус курын, нӕ дӕттынц цыдӕр хойрӕгтӕ хӕрыны бар; афтӕмӕй та сӕ Хуыцау уымӕн сфӕлдыста, цӕмӕй сӕ бузныгӕй хӕрой, чи Йыл баууӕндыд ӕмӕ ӕцӕгад чи базыдта, уыдон. 4Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уый у хорз ӕмӕ аппаринаг нӕу, бузныгӕй дзы куы хӕрай, уӕд, 5уымӕн ӕмӕ ссыгъдӕг вӕййы Хуыцауы ныхасӕй ӕмӕ кувынӕй.Хуыцауы ӕнувыд кусӕг
6Уыдӕттӕ амон ӕфсымӕртӕн ӕмӕ уыдзынӕ, уырнындзинады ныхасӕй, стӕй, цы арфӕйаг ахуырадыл ныллӕууыдтӕ, уый ныхасӕй рӕз чи схаста, Йесо Чырыстийы уыцы хорз кусӕг. 7Дӕхи хиз, ӕнӕуаг ӕмӕ ӕрмӕст зӕронд устытыл чи фидауы, ахӕм тутт ныхӕстӕй, фӕлӕ фӕлвар Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл. 8Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр. 9Ацы ныхас ӕцӕг у ӕмӕ йыл ис ӕнӕгуырысхойӕ баууӕндӕн. 10Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, сӕ Ирвӕзынгӕнӕг у. 11Амон афтӕ ӕмӕ ууыл ахуыр кӕн иннӕты. 12Ӕвзонг кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕввӕрсонтӕ мачи кӕнӕд. Уырнджытӕн у фӕзминаг дӕ ныхасӕй, дӕ цардӕй, дӕ уарзтӕй, дӕ уырнындзинадӕй, ӕнӕкъӕм кӕй дӕ, уымӕй. 13Ме’рцыдмӕ кӕс Сыгъдӕг Фыст, амон ӕмӕ ахуыр кӕн иннӕты дӕр. 14Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс. 15Де’ргом аздах ӕппӕт уыдӕттӕм, дӕхи сын снывонд кӕн, цӕмӕй алчидӕр уына де’нтыст. 16Лӕмбынӕг кӕс дӕхимӕ ӕмӕ ахуырадмӕ, афтӕ кӕн иудадзыг — уӕд дӕхи дӕр ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр фервӕзын кӕндзынӕ.
Copyright information for
OssIBT2022