‏ 1 Timothy 5

Адӕмы раз хӕстӕ

1Зӕронд лӕгмӕ тызмӕгӕй ма дзур, фӕлӕ йын амон, цыма дӕ фыдӕн амоныс, афтӕ. Кӕстӕртимӕ дзур, дӕхи’фсымӕртимӕ дзурӕгау; 2ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ — цыма дӕ мадимӕ дзурыс, афтӕ; дӕхицӕй кӕстӕр сылгоймӕгтимӕ — дӕхи хотимӕ дзурӕгау, хиуылхӕцгӕ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ.

3Ӕххуыс кӕн, иунӕгӕй чи баззад, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн. 4Фӕлӕ кӕд идӕдзӕн ис сывӕллӕттӕ кӕнӕ цоты цот, уӕд уыдон фыццаг сахуыр уӕнт хи хӕдзары сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисыныл ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ хорз хорзӕй фидыныл — уый Хуыцауӕн фӕндон у. 5Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры. a 6Ирхӕфсӕнтӕ уарзаг идӕдз ус та удӕгасӕй мард у. 7Амон сын ӕппӕт уыдӕттӕ, цӕмӕй сӕ цард уа ӕнӕфау. 8Хионтыл, уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта уырнындзинад ӕмӕ ӕнӕуырнӕгӕй фыддӕр у. b

9Идӕдзты номхыгъдмӕ бахӕссӕн ис, ӕппынкъаддӕр ӕртиссӕдз азы кӕуыл цӕуы ӕмӕ иу мой кӕмӕн уыд, ахӕм сылгоймӕгты. 10Алчидӕр сӕ хъуамӕ зындгонд уа йӕ хорз хъуыддӕгтӕй: схъомыл кодта сывӕллӕттӕ, бӕлццӕттӕн уыд фысым, сыгъдӕджытӕн ӕхсадта сӕ къӕхтӕ, ӕххуыс кодта иннӕтӕн сӕ зынты — алы хорз хъуыддагмӕ дӕр у ӕмхиц.

11Ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгты та номхыгъдмӕ ма хӕсс, уымӕн ӕмӕ, сӕ монцтӕ Чырыстийӕ уӕлдӕр куы сӕвӕрынц, уӕд сӕ бафӕнды моймӕ фӕцӕуын. 12Афтӕмӕй свӕййынц азымджын, уымӕн ӕмӕ фӕсайынц, раздӕр кӕй радтой, сӕ уыцы дзырд. 13Уыимӕ ма фӕцалх вӕййынц ӕвдӕлон цардыл ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар зилыныл; свӕййынц канд ӕвдӕлон нӕ, фӕлӕ дзӕгъӕлдзых, сӕхи тъыссынц кӕйдӕр хъуыддӕгты, фӕдзурынц, цы не’мбӕлы, уыдӕттӕ. 14Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн. 15Уымӕн ӕмӕ иуӕй-иутӕ ныридӕгӕн адзӕгъӕл сты сайтаны фӕдыл. 16Кӕд уырнӕг сылгоймагӕн ис хӕстӕг идӕдз устытӕ, уӕд сӕм кӕсӕд йӕхӕдӕг ӕмӕ аргъуаны ма тыхсын кӕнӕд, цӕмӕй аргъуан ӕххуыс кӕна иунӕгӕй баззайӕг идӕдз устытӕн.

17Нывыл разамынд цы аргъуаны хистӕртӕ дӕттынц, уыдонӕн фылдӕр аргъ кӕнын хъӕуы, Хуыцауы ныхас амоныныл ӕмӕ ахуыр кӕныныл чи кусы, уӕлдайдӕр уыдонӕн. 18Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых ма бӕтт» ӕмӕ: «Алы кусӕг дӕр мызды аккаг у». c 19Аргъуаны хистӕрыл цы хъаст ӕрбацӕуа, уымӕ ма байхъус, дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны куынӕ уа, уӕд. 20Тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдонӕн уайдзӕф кӕн ӕппӕт аргъуаны раз, цӕмӕй тӕрсой иннӕтӕ дӕр. 21Хуыцауы, Йесо Чырыстийы ӕмӕ ӕвзӕрст зӕдты раз дӕуӕн фидарӕй фӕдзӕхсын уыцы амындтытӕ ӕххӕст кӕнын; уыимӕ макӕй хъулон кӕн, алкӕмӕ дӕр кӕс иухуызон цӕстӕй. d 22Искӕуыл къух ӕрӕвӕрынмӕ ма батагъд кӕн, цӕмӕй ма схайджын уай кӕйдӕр тӕригъӕдӕй; дӕхи бахиз фӕчъизийӕ.

23Нырӕй фӕстӕмӕ нуаз ӕрмӕст дон нӕ, фӕлӕ иу чысыл сӕн дӕр, дӕ ахсӕн кӕй риссы ӕмӕ арӕх рынчын кӕй вӕййыс, уый тыххӕй.

Ахӕм сусӕгдзинад нӕй, чи нӕ раргом уа

24Иуӕй-иутӕн сӕ тӕригъӕдтӕ тӕрхоны агъоммӕ дӕр бӕлвырд сты, иннӕтӕн та фӕстӕдӕр раргом вӕййынц. 25Афтӕ бӕлвырд сты хорз хъуыддӕгтӕ дӕр, фӕлӕ, кӕд бӕлвырд не сты, уӕд дӕр нӕ басусӕг уыдзысты.
Copyright information for OssIBT2022