‏ 1 Timothy 2

Кувыны тыххӕй

1Фыццаджыдӕр курын, цӕмӕй куват, курат, лӕгъстӕ ӕмӕ арфӕ кӕнат Хуыцауӕн ӕппӕт адӕмы, 2уыимӕ — паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕппӕт хицӕутты тыххӕй дӕр, цӕмӕй ӕнцад-ӕнцойӕ ӕмӕ ӕнӕмастӕй, Хуыцауыл ӕнувыдӕй кад ӕмӕ радимӕ цӕрӕм. 3Афтӕ кувын хорз ӕмӕ фӕндон у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауӕн — 4фӕнды Йӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад. a 5Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы’хсӕн дӕр — иу Ӕхсӕнылӕг ис, Адӕймаг Йесо Чырысти. 6Ӕппӕт адӕмы балхӕнынӕн Уый Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, — афон кӕй ӕрцыд, уый нысанӕн. 7Уымӕ гӕсгӕ Уый мӕн сӕвӕрдта Хуыцауы ныхас хъусынгӕнӕгӕй, апостолӕй ӕмӕ — ӕцӕг зӕгъын, нӕ сайын! — уырнындзинад ӕмӕ ӕцӕгад амонӕгӕй. b

8Мӕн фӕнды, цӕмӕй алы ран дӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ къухтӕ дарой Хуыцаумӕ ӕмӕ Йӕм кувой, сӕ зӕрдӕты фыдӕх ӕмӕ гуырысхо куыд нӕ уа, афтӕмӕй. c 9Мӕн фӕнды, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн сӕ дарӕс уа бонзонгӕ, уой хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ. Фидауцджын уӕд сӕ сӕрыфаст, зӕрин фӕлындӕнтӕ, дзындзытӕ ӕмӕ зынаргъ фӕлыстӕй нӕ, d 10фӕлӕ, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы сылгоймӕгтӕн цы ӕмбӕлы, уыдӕттӕй — сӕ хорз хъуыддӕгтӕй. 11Сылгоймаг ахуыр кӕнӕд ӕдзӕмӕй, иудадзыг коммӕгӕсӕй; 12нӕлгоймагӕн зонд амоныны ӕмӕ йыл ӕлдариуӕг кӕныны бар та йын нӕ дӕттын — уӕд ӕдзӕм. e 13Уымӕн ӕмӕ раздӕр Адамы сфӕлдыстӕуыд, уый фӕстӕ та — Евӕйы. 14Сайд дӕр Адамыл не’рцыд — сылгоймагыл ӕрцыд сайд, ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын. 15Фӕлӕ сылгоймаг дӕр фервӕздзӕн, цот уадзгӕйӕ, уырнындзинад ӕмӕ уарзтимӕ куы цӕра, сыгъдӕг ӕмӕ хӕдӕфсарм куы уа, уӕд.
Copyright information for OssIBT2022